Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ уыдзысты 15 мартæй 17 мартмæ. Президент æвзардзысты цыппар кандидаты ‘хсæн. Уыцы кандидаттæ сты: Владимир Путин, Леонид Слуцкий, Николай Харитонов æмæ Владислав Даванков.

Абон информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры брифинг уыд Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы  æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметовæн. Мадзалы хайад райста  минæварады дыккаг нымæрдар Степан Тапанан дæр.

Кулахметов куыд радзырдта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны территорийыл бакодтой 12 æвзарæн фадыджы,  уыдонæй иу уыдзæн 4-æм æфсæддон базæйы территорийыл. Уым хъæлæс дæтдзысты уæрæсейаг æфсæддонтæ æмæ сæ бинонтæ, иннæ 11 та  – горæты æмæ республикæйы районты. Цхинвалы æвзарæн фадгуытæ ис Профцæдисты хæдзары, 1-æм, 5-æм æмæ 6-æм астæуккаг скъолаты. Иннæ фадгуытæ сты Дзауы, Знауыры, Ленингоры æмæ Цхинвалы районты.

Æвзарæн фадгуытæ кусдзысты æнæ сихоры улæфтæй, байгом уыдзысты 8.00 сахатыл æмæ сæ сæхгæндзысты 20.00 сахатыл. Æвзарæн къамисы уæнгтæ иууылдæр æвзарджытимæ  кусдзысты конструктивонæй.

Дипломат загъта, зæгъгæ, ныр дыууæ боны дæргъы  – æмгъуыдæй раздæр хъæлæс дæттынц Арцеуы, Гром, Къостайыхъæу, Балта, Цъинагар æмæ Орчъосаны хъæуты цæрджытæ. Абоны онг схъæлæс кодтой иу мин адæймагæй фылдæр.

Ацы æвзæрстыты нæ сæйраг хæс у æвзарджытæн  максималонæй комфортон уавæртæ саразын.

Минæвар куыд радзырдта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Президенты Администрациимæ, районты администрацитимæ иумæ развæлгъау исынц æппæт мадзæлттæ дæр, цæмæй Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæ максималонæй хъæлæс радтой, уый тыххæй.

«Æвзæрстыты хайад чи райса, уыдонæй алкæцы адæймаджы хъæлæс дæр бандавдзæн нæ фидæныл, нæ сывæлæтты сомбоныл, сæ цардыл. Уый ахсджиаг у», – загъта Марат Кулахметов æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон хъуыддагæй бирæ хæттыты сбæлвырд кодта, Уæрæсейы стратегион партнер æмæ  цæдисон кæй у. Уымæн ирд æвдисæн у Сæрмагонд æфсæддон операцийы Хуссар Ирыстоны хæстонты хайадист. 2023 азы социологон афарсты хатдзæгтæм гæсгæ, Уæрæсейы иууыл хæлардæр бæстæйыл Хуссар Ирыстон кæй банымадтой, уыцы факт  дæр бирæ цæуылдæрты дзурæг у, уымæн стыр нысаниуæг ис. Уый тыххæй ацы æддагполитикон уавæрты алы æвзарæджы хъæлæс дæр, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны цæрæг Уæрæсейы æмбæстаджы хъæлæс дæр тынг ахсджиаг уыдзæн.

Кулахметов банысан кодта, зæгъгæ, нырма бæрæг нæу, æхсæнадæмон  цæстдарджытæ хайад райсдзысты Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы президенты æвзæрстыты æви – нæ.

Йæ рады Степан Тапанан загъта, зæгъгæ,  Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг минæварадмæ фаг бюллетентæ ис. Цæмæй Уæрæсейы Федерацийы президенты æвзæрстыты Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæ хайад райсой, уый тыххæй иууылдæр ифтонг уыдзысты бюллетентæй.

Тапанан куыд банысан кодта, афтæмæй хъæлæс дæттыны бар уыдзæн УФ-йы фæсарæйнаг паспорттæй дæр, æгæрыстæмæй,  йе ‘мгъуыд кæмæн фæцис, ахæмтæй дæр, кæд æмæ бæрæг æрцæуа гоймаджы уæрæсейаг æмбæстагдзинад, уæд.

ОСИАТЫ Индирæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.