«Ахуыргонд адæймаг æппæты фыццагдæр йæ мадæлон æвзаг базоны, уый фæстæ  та – иннæ адæмты æвзæгтæ».  

                                                                                                                                       Нигер

Æвзаг у адæмы хъуыдыйы хотых,  культурæйы хæзнаты цыртдзæвæн. Æвзаг цас хъæздыгдæр уа, цас хуыздæр таса адæймаджы домæнтæм гæсгæ, цас тынгдæр иу кæна адæмы, уыйас хуыздæр æххæст кæны йæ социалон хæстæ.

 Фæлæ, хъыгагæн, бирæтæ ирон æвзаг сæ сæрмæ нал хæссынц. Йе ‘взагыл былысчъил, уæлæхох чи кæны, уымæй йæ адæмы аккаг адæймаг никуы рауайдзæн, кæсы, мæнæ, бæласыл бадгæйæ, къалиу йæ быны чи лыг кæны, уый хуызæн у.

Фæдзурынц, зæгъгæ, адæймаг цал æвза-джы зона, уал адæймаджы у. Фæлæ цас-фæнды æвзæгтæ ма базонæм, уæддæр сæ бындурон хъомыс вæййы мадæлон æвзаг.

Хуссар Ирыстоны нæм цæры бирæ æрцæуæггæгтæ. Уыдонæй бирæтæ æнувыд сты куыд сæ мадæлон, афтæ ирон æвзагыл дæр. Уыимæ ма сын у уарзон æвзаг дæр. Нымайынц æй тынг рæсугъдыл. Иронау афтæ хорз дзурынц, æмæ цы адæмы хаттæй сты, уый æмбаргæ дæр ничи бакæндзæн.

“Сымах иннæ адæмтæй хицæн кæнут уæ зондахастæй, уæ культурæ æмæ æгъдæут-тæй. Уе ‘взаг та у бынтон рæсугъд”, – зæгъы халсæрттæ уæйгæнæг æвзонг лæппу – Гаджиев Зиятхан.

Æхсызгон куынæ уыд,  Зиятханæн йæ зæрдæ Ирыстон æмæ ирон адæмыл, ирон æвзагыл афтæ æнгом баст кæй у. Æмæ уым уый гæнæн нæй, æмæ йæм ирон туг ма хæццæ кæна. Афтæ куы фæзæгъынц, æвзаг адæмы зæрдæ у, зæгъгæ. Разынд ма, æнхъæл куыд нæ уыдыстæм, ахæм уæздан лæппу.

“Фыццаджыдæр зæгъын хъæуы, Интернеты кæй ис бирæ æрмæджытæ ирон æвзаджы тыххæй. Уый мæнæн радта фадат æнæ-къуылымпыйæ æвзаг сахуыр кæнынæн. Цыбыр рæстæгмæ базыдтон дзурын, кæсын æмæ фыссын иронау. Йæ зæрды æвзаг са-хуыр кæнын кæмæн ис, уый йæ æнцонæй базондзæнис”, – загъта лæппу.

Куыд ис фæлæууæн ирон æвзаджы рæсугъд зæлтæм. Фæсарæйнæгтæ йын куы рахатыдысты йæ рæсугъд æмæ хъæздыгдзинад, уæд дзы иуæй-иутæ цæмæй тæрсынц, цы фыд сын ракæндзæн?

Ирон æвзаг ахуыр кæнынц æндæр бæстæты адæмты минæвæрттæ, нæхи цæсты та нæ ахады. Нæ фæсивæдæй бирæтæ нæ дзурынц иронау, нæ йæ зонынц, куыд æмбæлы, афтæ. Сæ мад, фыд кæнæ сæ нана æмæ бабатæ дæр сæм дзурынц уырыссагау. О, уырыссаг æвзаг ма зон, зæгъгæ, нæ зæгъын, фæлæ уал дæхи мадæлон æвзагыл дзур. Уырыссагау куы дзура адæймаг, уæд хатт хъуыды нæ акæны йе ‘ппæт ныхæстыл. Фæлæ иронау куы дзурай, уæд та хъæуы хъуыды кæнын нæ ирон æгъдауыл дæр: куыд растдæр сдзурон æмæ ма фæрæдион, æнæууылд ныхæстæ ма зæгъон. Ирон æвзаг хорз чи зоны, уый зондзæн ирон æгъдæуттæ дæр. Ис бирæ ирæттæ, кæцытæ фæцардысты æндæр бæстæты, фæлæ уæддæр сæ мадæлон æвзаг нæ ферох кодтой æмæ сыгъдæг дзурынц иронау. Уыдон сты, йæ райгуырæн бæстæ Ирыстон æмæ йæ мадæлон æвзаг чи уарзы, ахæмтæ.

Мах æгæр лæмæгъ тох кæнæм не ‘взаг бахъахъхъæныныл. Нæ алфæмблай цы æрцæуæггаг адæм цæрынц, уыдон стырæй, чысылæй сæхи мадæлон æвзагыл дзурынц, мах та æфсæрмы фæкæнæм нæхи æвзагыл дзурын. 

Æцæгæлон æвзагыл чи райдайы дзурын, уый, кæй æвзагыл дзуры, уыдон цæстæй кæсы алцæмæ дæр æмæ бархийæ йæхи зондæй хъуыды кæнын йæ бон нæу. Фæлæ йе уæнгты кæй туг зилы, уыдоны ‘рдæм йæ уд тындзы æмæ дызæрдыг кæны, йæ уды хъарутæ фæйнæрдæм хæцынц æмæ йæм нæ гуыры ахæм фæндон, лæджы æдæрсгæ кæцы архайын кæны, æхсар дзы кæй фæрцы æвзæры.

Æз ма зæгъын уый, æмæ бирæ кусæн бынæтты нæмттæ иронау фыст кæй не сты, фæлæ æрмæстдæр – уырыссагау.

Иу фиппаинаг ма нæ сыхаг республикæты тыххæй: сæ сæргълæуджытæ фылдæр дзурынц сæхирдыгонау, æмæ сын цыма сæ ныхасмæ адæм хуыздæр æрыхъусынц, афтæ мæм кæсы.

Хъуамæ мах нæ мадæлон æвзаг бæрзонддæр кæнæм. Науæд афтæ рауайдзæн, æмæ  дæ мадмæ цы номæй дзурай, уыцы номæй йæм адæм дæр дзурдзысты.

Ирон адæм тынг амондджын сты, уымæн æмæ нын ис æмбисонды тырыса – Къоста. Къоста скадджын кодта ирон адæмы ном, сыгъзæрин дамгъæтæй йæ ныффыста Кады тырысайыл.

Мадæлон æвзагæй кадджындæр æмæ фидардæр ницы ис царды. Æгъдау дæр, æфсарм дæр уымæй цæуы.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.