Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы ирæттæ знаджы ныхмæ хæцыдысты æрмæст фронтты нæ, фæлæ ма знаджы фæсчъылдым дæр. Иу цымыдисон цау æрцыд Сталины номыл бригадæйы Чернакы номыл партизанты къорды (Белоруси). Командæкæнынад, цæмæй ирæтты, раздæры уацайрæгты, кæцытæ æр-баиу сты партизантæм, «хъуыддаджы» сбæрæг кодтаиккой, уый тыххæй сын радтой хæслæвæрд. Ацы операцийы тыххæй фыст ис Хъарданты Тимуры чиныг «Герои без Золотых Звезд»-ы. «Партизанты хиндзинады цæвиттон у 1943 азы 25-æм майы Озятскы тыхджын сфидаргонд  полициаг фадыджы ныппырх кæнын. Чернакы номыл къордмæ æрбацыд раздæры уацайраг ирæтты къорд. Къорды командæкæнынад аскъуыддзаг кодта зæронд партизантыл немыцаг формæ скæнын æмæ раздæры уацайрæгтимæ (уыдоныл дæр скодтой немыцаг формæ) иумæ полициаг фадыджы ныппырх кæнынмæ арвитын. Цæмæй полициæгтæ ма базыдтаиккой партизанты хинвæнды тыххæй, уымæ гæсгæ къорд хъуамæ рахызтаид Озятскы цæгатварсæрдыгæй райсомы 7 сахатыл, æмæ колоннæйæ слæугæйæ полициæгты фадыгмæ бацæуын. Полициæгтæ, «сæ хицæутты»  куы ауыдтой, уæд сын холуйскагау салам загътой. Ирæттæ дзырдтой сæхи æвзагыл æмæ полициæгтæ, кæцытæ нæ зыдтой немыцаг æвзаг, афтæ фенхъæлдтой, цыма сæм немыцæгтæ æрбацыдысты. Партизантæ апырх сты, æмбæлон позицитæ бацахсгæйæ æмæ полициæгты алыварс æрлæугæйæ, цæмæй сын фадат ма радтаиккой хæцæнгæрзтæм бацæуынæн æмæ ирон æвзагыл командæмæ банхъæлмæ кæсгæйæ – «Размæ!», зæгъгæ, æрæвнæлдтой архайдмæ… Операци, цыран хайад райстой Козырты Рамазан, Хъаныхъуаты Альбин, Хъулаты Ахтемыр, Цкъаты Барис, Куыдзеты Осман, Мытъылаты Еламырзæ, Агъаты Солтан, Колыты Мухарбег, Рубайты Хъасболат, Улубиты Рамазан æмæ æндæртæ, ацыд тынг тагъд æмæ фæцис æнтыстджынæй. Операцийы фæстиуæгæн амардтой 11 полициаджы, хицауы (староста) æмæ ноджы 9 гадзрахатæй рацæуæджы. Операци æнтыстджынæй кæй ауагътой, уый тыххæй Козырты Рамазан æмæ Хъаныхъуаты Альбин нысан æрцыдысты командон бынæтты. Афтæмæй, ирон æвзаг, кæцы, стыр хъыгагæн, махæй бирæтæн ссис æцæгæлон æвзаджы хуызæн, ссис хъомысджын хæцæнгарз немыцаг тыхæйисджыты æмæ сæ хъузæтты ныхмæ тохы. Гæнæн ис æмæ ацы уац бакæсгæйæ, ирон æвзагмæ уазал ахаст чи дары, уыдон хуыздæр æмæ бæрнондæр ахаст равдисой мадæлон æвзагмæ æмæ йын аргъ кæнын райдайой.

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.