Зынаргъ Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ иуварс кæныны фæдыл министрады кусджытæ!

Арфæ кæнын æппæт сæрмагонд сконд æмæ РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады ветерантæн сæ профссионалон бæрæгбон – Республикæ Хуссар Ирыстоны Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ иуварс кæныны фæдыл министрады кусæджы боны цытæн.

Уæ ведомство æнæхъуаджы нымад нæу Хуссар Ирыстоны цардифтонгады службæтæй иуыл. Сымах, бирæ хатт, уæ цардыл æнæауæрдгæйæ, æрбацæут адæммæ æххуысмæ, зын уавæрты куы бахауынц, уæд. Нæ республикæйы цæрджытæй бирæтæ удæгас кæй сты, уымæй бузныг сты сымахæй. Уæззау фæлварæнты азты та сымах æдгæрзтæ хъахъхъæдтат нæ бæстæйы æмæ нæ адæмы хæдбардзинад æмæ сæрибардзинад.

Сымах уæ æмбæстагон хæс æххæст кæнынмæ цæттæ кæй стут,  алкæцы зын уавæры дæр раст архайынмæ кæй рæхсут, уый тыххæй РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ æхсæнады сæхицæн скодтой стыр кад æмæ ном. Фидарæй мæ уырны уæ патриотизм, æнгом архайд æмæ уæ разылæууæг хæсыл æнувыддзинад дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзысты, уæ разы цы вазыгджын хæстæ лæууы, уыдон сæххæст кæнынæн.

Ацы бæрæгбоны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, хæрзиу-джытæ æмæ дарддæры æнтыстытæ уæ бæрнон архайды.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.