Мæскуыйы фæстаг хæрзбон загътой Сыгъдæг Мады Майрæмы Аргъуаны игумен Георгийæн.

Кулишкаты (Алайнаг подворьейы) аргъуанмæ сæдæгай цæуджытимæ игуменæн хæрзбон зæгъынмæ æрбацыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

Уый мæсæллæйы ныхæстæ загъта фыд Георгийы хиуæттæн.

«Георги тынг тыхст æмæ маст кодта  чырыстон дины тыххæй, архайдта, цæмæй  уырнынад фидардæр кодтаид Ирыстоны, æмæ йæ алы ныхас дæр баст уыд, цæмæй мах иууылдæр иумæ тырныдтаиккам Хуыцаумæ æввахсдæр уæвынмæ. Иууыл уæззаудæр цаутæ æмæ фыдбылызты рæстæджыты, кæцытимæ сæмбæлдыстæм мах, фыд Георги уыд Ирыстоны адæмимæ, алыхатт дæр куывта Ирыстоны фидæны тыххæй, абон та мах хъуамæ бакувæм йæхи æнцойады тыххæй», – загъта Бибылты Анатоли.

Фыд Георги (Бестауты Вадим) райгуырд æмæ схъомыл Хуссар Ирыстоны. Уыд Æртæиууон-Сергиевы Лавры кæстæр моладзан, Мæскуыйы областы Сергиев-Посады районы Лозайы поселочы аргъуаны уагæвæрæг, уый фæстæ та – Алайнаг подворьейы уагæвæрæг.

Кулишкаты аргъуаны уагæвæрæг Мæскуыйы йæ цардæй ахицæн 58-аздзыдæй аварийы фæстиуæгæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.