Мæргъиты Робертæй, канд йæ ныййарджытæ, йе ‘ввахс хиуæттæ, рынчынтæ, не ‘вæрдтой стыр ныфс, фæлæ æппæт йæ раттæг адæм дæр.

Фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн. Цыбыр, фæлæ йын рæсугъд æмæ ирд цардвæндаг снывонд кодта. Уый уыдис æнувыд йæ равзæрст дæсныйадыл, Гиппократы ардбахæрдыл æмæ ма уыдонимæ йæ райгуырæн бæстæйыл дæр.

Мæргъиты Робертыл ацы бонты сæххæст уыдаид 65 азы. Уый райгуырд æмæ хъомыл кодта, йæ уæлдæф æмæ йæ дæттæ æвдадзы хос кæмæн сты, йæ кæлæнгæнæг рæсугъддзинадæй та адæймаджы цæст йæхимæ чи æлвасы, уыцы поселок – Дзауы. Ахæм рæсугъд æрдзы хъæбысы чи схъомыл вæййы, уый рæсугъд вæййы йæхæдæг дæр удыхъæд æмæ зæрдæйæ дæр, фидар вæййы удыхъæд æмæ лæгдзинадæй дæр, сæрбæрзонд вæййы не ‘вæджиаг хæхтау. Уыцы фæзминаг миниуджытæй цух нæ баззад Мæргъиты Роберт дæр.

Роберт скъоладзауы кары куы бацыдис, уæд æй йæ ныййарджытæ ахуыр кæнынмæ барвыстой  Цхинвалы дыккаг астæуккаг скъоламæ. Уый разындис иттæг зæрдæргъæвд, серьезон æмæ коммæгæс, алцæмæй дæр уыдис цæвиттойнаг. Чысылæй фæстæмæ бамбæрста, куыст царды фæрæз кæй у, уый…

Сæ цæст ыл æрæвæрдтой йæ ахуыргæнджытæ, зæрдæхæлар, зæрдæргъæвд кæй уыд, уый тых-хæй. Бирæ йæ уарзтой йе ‘мгæрттæ дæр. 8-æм къласы ахуыргæнинаг куы уыдис, уæд аскъуыддзаг кодта, дохтыр кæй суыдзæнис.

Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ йæ мад арæх рынчынтæ кодта æмæ иу хатт йæ лæппумæ басидт: «Хъæбул, цард диссаг æмæ вазыгджын у. Бахъуыды кæн, цард куы фæзынд, уæд йемæ фæзынд мæлæт дæр. Уыдон кæнынц уæдæй фæстæмæ æмдзу æмæ уыцыиу рæстæджы –  карз тох… Адæймаг бахауы мæлæты дзæмбыты, удхæссæг ын фæлвары йæ уд аскъуыныныл, фæлæ мæлæты ныхмæ рацæуы дохтыр, уый тох самайы йемæ, рынчыны фервæзын кæны адзалæй, цы хъуамæ уа уымæй хæрзиуæгдæр адæймагæн. Тæхуды, мæ зæрдиаг, дохтыр мын куы рауаис æмæ дыккаг цард куы дæттис, мæлæты дзæмбыты чи бахауы, уыдонæн».

Уæд Роберт йæ зæрдæмæ арф айста йæ мады ныхæстæ æмæ фидарæй аскъуыддзаг кодта йæ мады бæллиц сæххæст кæнын. Иттæг хорз нысæнттыл бакаст астæуккаг скъола, стæй бацыд Узбекты ССР-ы горæт Самарканды медицинон институтмæ. Ми-дисджын уыдысты йæ студентон азтæ. Лæппу æгасæйдæр аныгъуылд ахуыры. Ахуырæй сæрибар рæстæджы-иу цыдис библиотекæтæм æмæ кастис медицинон литературæ суанг фыдæлтыккон медицинон къухфыстыты онг. Æртыккаг курсы куы ахуыр кодта, уæд сарæзта йæ фыццаг операци æмæ ахæм цаутæ та стæм хатт вæййы. Æдæппæт йæ ахуыры азты уый сарæзта 15 операцийы. Уыд институты студентон зонадон æхсæнады хирургион секцийы советы сæрдар. Цалдæр хатты хайад иста æппæтцæдисон студентон-зонадон конференцийы. Активон уыдис институты централон зонадон-иртасæн лабораторийы куысты дæр. Афтæмæй 1975 азы сырх дипломыл фæцис каст институт æмæ йæ кæд урæдтой уым кусынмæ, уæддæр не сразы, фæндыд æй дохтыры куыст кæнын, йæхимæ йæ æлвæста дохтыр-хирурджы практикон архайд. Уый йæ зæрдыл хорз бадардта стыр Гетейы генион рæнхъытæ: «Мæ хæлар, у теори хус. Царды бæлас та дидинæг æфтауы».

Бæргæ йын зын уыдис йæ уарзон институтæн хæрзбон зæгъын, фæлæ йæм царды гуылфæнтæ сидтысты сæхимæ. Кусын райдыдта Узбекистаны Мирзагульскы районон рынчындоны, ссис хирургион хайады хистæр. Роберт ацы рынчындоны бакуыста цыппар азы æмæ сарæзта иу мин операцийы бæрц. Уыдоны ‘хсæн уыдысты ахсæн, тъæнгтæ æмæ игæрыл операцитæ.

Куыд хуыздæр хайады хистæр, афтæ йын бирæ хæттыты лæвæрд æрцыдис премитæ, йæ къам та бирæ рæстæджы дæргъы ауыгъд уыдис Кады фæйнæгыл. Уый фæстæ дыууæ азы дæргъы Роберт ахуыр кодта Волгограды медицинон институты клиникон ординатурæйы.

Фæлæ æрыгон, курдиатджын дохтыры йæхимæ ‘лвæства йæ райгуырæн уæзæг, йæ зæрдæ тырныдта йæ райгуырæн Ирыстонмæ, фæндыдис æй йе ‘ппæт тыхтæ дæр йæ радтæг адæмы æнæниздзинад бахъахъхъæ-нынæн снывонд кæнын. Æрыздæхтис Ирыстонмæ æмæ уал райдианы кусын райдыдта Къуайсайы рынчындоны. Бакуыста дзы æртæ азы. Тынг райгонд дзы уыдысты Къуайсайы фæллойгæнджытæ. Уый фæстæ йæ раивтой нæ горæты соматикон рынчындонмæ. Кусын райдыдта сывæллæтты хирургион хайады æмæ йыл цыбыр æмгъуыдмæ сæ цæст æрæвæрдтой.

Адæймагæн æппæтæй хуыздæр базонæн ис тыхст рæстæджы, зæгъы ирон æмбисонд. Æрбалæууыдысты 1990-92-æм хæстон азтæ. Уæд уæлдай тынгдæр бахъуыдис Роберты æххуыс нæ адæмы. Хирурджы кард æдзух йæ къухы дардта. Æхсæвæй-бонæй лæууыдис операцион столы фарсмæ æмæ хæсты ныхмæ самадта карз тох. Хæст хаста мæлæт, мæлæты ныхмæ та тох кодта Роберт. Операцион столы уæлхъус лæугæйæ-иу райхъуыс-тысты йæ дзыхæй æрмæстдæр иугай дзырдтæ, скальпель, хæсгард, судзин, бинт, бæмбæг… лампæйы рухс ма æрбаввахсдæр кæнут, минæйы згъæлæнтæ буарæй сисын талынджы зын у… Афтæ уыд æрвылбон, æрвылæхсæв дæр… æгæрыстæмæй йын нæ уыд йæ бинонты абæрæг кæнын, йæ чысыл хъæбулы феныны фадат дæр. Операцийы фæстæ-иу ординаторон хатæны иу минуты бæрц йæхи куы æруагъта, зæгъгæ, чысыл аулæфон, уæд та-иу фæцыдис фæдисы хъæр. «Роберт тагъддæр, уæззау цæф æрбаластой!» Æмæ та-иу уайтагъд йæ операцион столы фарсмæ февзæрдис. Ахæм уавæры уый куыста æртæ азы дæргъы, комкоммæ-иу æхстой рынчындон, фæлæ бахъуыды сахат уый кæддæриддæр уыд йæ операцион столы фарсмæ.

Цал æмæ цал адæймагæн балæвар кодта ногæй цард! Цымæ сæ нымадтаид Роберт йæхæдæг? Нæ, æвæццæгæн. Хæрзиуæгон хъуыддæгтæ чи аразы, уæлдайдæр та – йæ адæмы пайдайæн, уый сæ нымайгæ нæ фæкæны. Ахæм хъуыддæгтæ аразын уый фæнымайы йæ комкоммæ хæсыл æмæ сын нысаниуæг нал фæдæтты. Чизоны исчи ахъуыды кæна, уый дохтырæн йæ хæс у, фæлæ дохтыр дæр адæймаг у, фæллайын зоны. Æнæхуыссæг æхсæвтæ æрвитгæйæ, Роберты дзыхæй æфсонæн дæр не схаудис, уæуу, бафæлладтæн, зæгъгæ. Уый нæ, фæлæ йæ зонд, йæ хъару йæ цас амыдта, уымæй уырдыг лæууыд йæ хъизæмæрттæ æвзарæг адæмæн. Æдзух архайдта, йæ уд хъардта, цæмæй къаддæр адæм мардаид æмæ цъусдæр хъарджытæ хъуыстаид йæ райгуырæн зæххæй.

Хатт-иу Роберты бахъуыд ахæм вазыгджын операцитæ саразын, кæцытæн-иу нæ рынчындоны уавæрты саразæн нæ уыдис. Цæвиттон, хæстон архайдтыты рæстæджы рынчындонмæ æрбаластой Ортъеуы хъæуккаг лæппуйы уæззау цæфтæй. Нæмыг цæсгомæн рахисфарсæрдыгæй ахызт, нызгъæлæн кодта дæндæгтæ, дыууæ æфсæры дæр, скарста æвзаджы, чысыл ма хæцыдис. Роберт æм æрæвнæлдта, æмбæрста, стыр бæрндзинад кæй райста йæхимæ. Операци ахаста æртæ сахат æмæ æрдæг æмæ ацыдис æнтысгæйæ. Фæстæдæр ацы лæппуйы Мæскуыйы басгæрстой æмæ Роберты арæхстдзинадæн скодтой стыр аргъ, уымæн æмæ рынчыны уæлдай медицинон æххуыс нал бахъуыд. Уыцы æмæ ма ноджы ахæм вазыгджын операцитæ нæ рынчындоны арæзт æрцыдис фыццаг хатт. Афтæ Роберты цæстыты раз цыдысты тугкалæн цаутæ æмæ здæхта фæстæмæ, цардæй чи хъуамæ ацыдаид хæсты азарæй, уыдоны. Се ‘хсæн та уыдысты алы кары адæймæгтæ дæр, ацæргæтæ, хæстон лæппутæ, сабитæ, сылгоймæгтæ.

Хæстон бонтæ, тæссаг бонтæ, æгъуыссæг æхсæвтæ, фыдæвзарæн рæстæг! Нæ сын бакуымдта сæттын Роберты фидар удыгъæд. Йæ риуы æмбæрц цыдис размæ, сæрибармæ, цард æндæртæн дæтгæйæ. Уый уырныдта, фыдбон æмæ фыдлæгæн бирæ цæрæнбон кæй нæй. Абон уа æви сом, хæст кæй фæуыдзæн, рæстдзинад кæй фæуæлахиз уыдзæн æмæ та сабыр цард кæй æрыздæхдзæн нæ зæхмæ. Æмæ æрхæццæ, фæлæ йæ, стыр хъыгагæн, нал æрыййæфта Роберт… 1992 азы июны 17-æм бон хæст уыдис йæ карзыл. Нæ хæстон лæппутæй, стæй сабыр цæрджытæй дæр мардис бирæ. Ноджы фылдæр та цæфтæ уыдис. Уыцы бон дæр та уæззау цæфты вертолет ласта Цæгат Ирыстонмæ. Цæфтимæ ацыдис æмæ сæм йæ хъус дардта дохтыр Мæргъиты Роберт.

Бæргæ сæ сæмбæлын кодта бынатыл, фæстæмæ дæр раздæхтысты вертолетыл, фæлæ… бынатмæ нал фæхæццæ ис. Ручъы æфцæджы сæрмæ æрбадт сау мигъ æмæ вертолет мигъы бацæугæйæ йæхи скъуырдта къæдзæхыл. Экипажы фондз уæнджы æмæ æхсæз бæлццоны иу-уылдæр фæмард сты. Уыдонæй та сæ иу уыд Мæргъиты Роберт.  Афтæ ахуыссыд адæмы æнувыд патриот,  дохтыр Мæргъиты Роберты æрттивгæ цард.

Ныр æмбæрстгонд у, Ирыстон цы хъæбул фесæфта æмæ йæ раттæг адæм афтид цахæм адæймагæй аззадысты, уый. Чизоны æмæ ма цал адæймагæн баххуыс кодтаид, цал адæймаджы байстаид мæлæты дзæмбытæй. Хæст цы зындзинæдтæ хаста, уыдон нæ адæмимæ иумæ æвзæрста Роберт дæр. Æмæ стыр диссагæн йæ адзал дæр æрхаста дыууæ Ирыстоны тæккæ астæу арвы хъæбысы. Стыр хосгæнæгæн нал уыдис схосгæнæн, дзырды бон дæр æй нал фæцис. Цхинвалы та йæм æнхъæлмæ кастысты йæ рынчынтæ, йæ уарзон бинонтæ…

Цы гæнæн ис, мæлæт тæригъæд нæ зоны, алкæмæй тыхджындæр у. Фæлæ Роберты рухс ном никуы ферох уыдзæнис йæ адæмæй, бирæ цардхъуаг лæппутау йæ ном цæрдзæнис йæ адæмы зæрдæты.

Мæнгæй нæ акæнынц: “Фыды фарн, дам, мæрдтæм нæ цæуы”. Йæ мад Тъехты Нана дæр у тынг хорз дохтыр. Уый дæр йæ раттæг адæмы æнæниздзинадæн лæггад кæны æнувыдæй. Сæ фарн сын адарддæр кодта сæ хъæбул Алан дæр. Равзæрста уый дæр дохтыры дæсныйад. Сахуыр кодта Дзæуджыхъæуы Паддзахадон медицинон институты æмæ йын уыдис стыр æнтыстытæ йæ ахуыры. Ординатурæ та бакаст Мæскуыйы. Ныр та у Мæскуыйы Пироговы номыл медицинон университеты аспирант. Ныридæгæн бæрæг у, йæ фыдау кæй уыдзæнис йæ хъуыддаджы дæсны æмæ æнувыдæй кæй лæггад кæндзæнис уый дæр йæ раттæг адæмæн.

 

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.