РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады информацимæ гæсгæ, республикæйы скъолаты фæуд кæнынц планон цалцæггæнæн куыстытæ. 2017 азы 20 августмæ горæт Цхинвалы скъолаты цалцæггæнæн куыстытæ æххæст æрцыдысты 96 процентæй.

Ахуырады министры хæдивæг Лолоты Аслан   куыд бамбарын кодта, уымæ гæсгæ планон цалцæджы фæлгæтты скъуыддзаг цæуынц ахуырадон уагдæтты иууыл фыццаградон проблемæтæ. Хъусдард цæуы хъæууон скъолаты куыстытæ куыд цæуынц, уымæ дæр. Зæгъæм, Дзауы астæуккаг скъолайы кæронмæ фесты мидæггагон цалцæггæнæн куыстытæ, хъæуы ма дзы æмбонд сæвæрын. Гуфтайы астæуккаг скъолайы куыст цæуы сывæллæтты цæхæрадон æмæ скъолайы территоиртæ ахицæн кæныныл.  Хуыцъейы астæуккаг скъолайы кусджытæ фесты кафель æвæрыны куыстытæ. Синагуры астуæккаг скъолайы фыццаг уæладзыджы æвæрд æрцыдысты пластикон рудзгуытæ.

Знауыры районы къорд скъолаты дæр фесты цалцæггæнæн куыстытæ. Уахтъанайы астæуккаг скъолайы кусджытæ кусынц доны хæтæлтæ раивыныл. Ленингоры скъолайы кæронмæ фæхæццæ кæнынц кълæсты астæрдтæ æмæ электроны телтæ раивыны, афтæ ма дуæрттæ сæвæрыны куыстытæ. Болы æмæ Ахмадзы скъолаты цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ фесты.

Лолоты Асланы ныхæстæм гæсгæ, æппæт планон куыстытæ дæр хъуа-мæ фæуой ацы къуырийы кæронмæ.

РХИ-йы Хицауады

пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.