Цыппæрæмы, Парламенты радон сессийы рæстæджы депутаттæ хорзыл банымадтой 2023 азæн чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады фарсхæцынады паддзахадон программæ.

Фарст раразмæ кодта Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Тъехты Алан.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй программæ арæзт æрцыд республикæйы чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуысæн, районты социалон-экономикон рæзты æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын, уæ-лæмхас кусæгон бынæттæ бакæнын, адæмы æфтиæгтæ фæфылдæр кæныны нысанæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæнд цæуы республикæйы чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады рæзтæн хæрзвадат уавæртæ саразын.

Тъехты Алан ма уынаффæмæ рахаста «2022 азы РХИ-йы чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады хатырон кредиттæн æххуысы фонды бюджет æххæст кæныны тыххæй» закъоны проект дæр.

Дыууæ закъоны проект дæр нымад æрцыдысты хорзыл.

 

ÆРÆХГÆНДЗЫСТЫ «ГАБАПЕНТИН» ПРЕПАРАТЫ СÆРИБАР ÆРЗЫЛД

Парламентаритæ уынаффæ кодтой «Прегабалины буарад цы хосты сконды ис, уыдоны  æнæзакъонон æрласт, самал кæнын, æвæрын, аразын, уæй кæнын, æнæмедицинон æгъдауæй сæ пайда кæныны тыххæй административон æмæ уголовон бæрндзинады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проектыл.

Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл парламентон комитеты сæрдар Плиты Александр банысан кодта, зæгъгæ, барасткæнинæгтæм гæсгæ æхгæд æрцæудзæн «Габапентин»-ы препараты сæрибар æрзылд.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæсивæды минæвæрттæй бирæтæ пайда кæнынц ацы препаратæй.

«Ахæм уавæр нын уыд «Лирика»-йы препаратимæ дæр æмæ йæ æрæхгæдтам. Ныр та фæзынд ног препарат «Габапентин» æмæ та уымæй дæр пайда кæнын райдыдтой æнæ медицинон æгъдауæй. Ацы препараты æнцонтæй балхæнæн ис нæ республикæйы. Йе ‘рыхгæнынæн та нæм  механизм нæй. Ацы фарста бирæ ахуыр кодтам комитеты æмæ аскъуыдзаг кодтам æнæмедицинонæй йæ парахат кæнын æмæ дзы пайда кæнын республикæйы æруромын», – загъта Плиты Александр æмæ ма уыимæ иумæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы препарат  ахсджиаг у, иуæй-иу категорийы рынчынтæн æмæ йæ уæй кæнын хъæуы æрмæстдæр рецептмæ гæсгæ.

«Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадимæ дæр ныхас кодтам, зæгъгæ, йæ бынтондæр æрæхгæнæм æмæ уый сæ бон нæу. Хорз уаид, ацы препарат, кæй хъæуы, уыцы рынчынтæн, рецептмæ гæсгæ куы дæттиккой паддахадон аптекæйы», – бахахх кодта парламентари.

Дарддæр куыд загъта, афтæмæй уæлдæрбанысангонд закъонмæ гæсгæ, фæтк чи фехала, уыдон цæудзысты административон æмæ уголовон æфхæрд. Фæткхалынад сфæлхатт кæнгæйæ та сын рахæстæуыдзæн æрдæг азæй дыууæ азмæ ахæстоны фæбадыны тæрхон.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.