9-æм апрелы æппæт чырыстон диныл хæст адæм банысан кодтой Зазхæссæн бон. Библийы фыст ис, зæгъгæ, ацы бон Чырысти йæ хъизæмæртты райдианæй цалдæр боны размæ бацыд Иерусалиммæ. Адæм ыл цин кодтой æмæ йын йæ къахвæндагыл калдтой пальмæйы сыфтæ.

Нæ горæты цы кувæндæттæ ис – Уаз Мады Майрæм æмæ Æртæиууоны аргъуантæ, уым бæрæгбоны цытæн ацыд бакуывдтытæ. Зазхæссæн банысан кæнынмæ дыууæ аргъуанмæ дæр бацыд президент Гаглойты Алан.

Донхæрисхæссæн хуыцаубон – Зазхæссæн

Чырыстон адæммæ йæ раныхасы Алайнаг епархийы Иерей фыд Иаков æрсидт иудзинадмæ: «Абон у стыр бæрæгбон. Тынг хорз у кувæндонмæ бирæ адæм кæй æрæмбырд. Уый дзурæг у ирон адæмы зæрдæты Хуыцаумæ уырнынад арф бынат кæй ахсы. Чырысти Иерусалиммæ куы бацыд, уæд ыл адæм æмбæлдысты пальмæйы сыфтимæ «осанна» хъæргæнгæйæ. Махмæ пальмæтæ нæ зайы, уымæ гæсгæ мах ацы уæлахизы нысанæн æрвылаз дæр нæ къухы фæдарæм донхæристæ кæнæ та зазы къалиутæ. Мах цин кæнæм, кæй нын ис фадат сабырæй, уарзгæйæ æмæ æнгомæй иумæ уæвынæн. Вербæ нысан кæны Хуыцауы хорзæх æмæ уæ алкæй хæдзары дæр уæд сабырдзинад. Сæйрагдæр та, уадз æмæ  нæ зæрдæты уæд кæрæдзимæ уарзондзинад».

Литургийы фæстæ аргъуаны кусджытæ æмæ кувæг  адæм Дзуарджын цыд сарæзтой Мады Майрæмы номыл кувæндоныл. Ивгъуыд азты иу ахæм Дзуарджын цыд акодтой горæты хуссарварс Згъудеры ссæуæны Уаз Георгийы аргъуаны бынмæ. Фæлæ ацы аз зæронд хиды арæзтадыл ахизæн кæй нæй, уый тыххæй зазбæлæстæ æмæ хæрис къалиутыл доны аргъуыд æрцыд аргъуаны раз.

Донхæрисхæссæн хуыцаубон – Зазхæссæн

Адæмæн раарфæ кодта Гаглойты Алан дæр. «Уадз алкæй хæдзары дæр уæнт фарн æмæ сабырдзинад. Зазхæссæны бæрæгбоныл нæ фыдæлтæ æууæндыдысты. Бæрæгбоны руаджы иу сæ уæззау цард мурмæ дæр нал дардтой. Нæ фыдæлтæ табу кодтой канд Хуыцауæн нæ, фæлæ зæдтæн, дзуæрттæн, дауджытæн. Кувынмæ дæр сæм цыдысты бынатмæ. Уадз, алкæй зæрдæйы дæр уæд уарзондзинад Хуыцаумæ æмæ нæ кæрæдзимæ».

Ацы аз раззаг азтимæ абаргæйæ, Мады Майрæм æмæ Æртæиууон аргъуанты  уыд дзæвгар фылдæр адæм. Фарон æмæ уымæй размæ азты коронавирусæй хибахизыны нысанæн динамонджытæ развæлгъау æрсидтысты адæммæ, цæмæй Чырыстийы куывдтытæ æххæст кæной сæ хæдзæртты. Разынд ахæмтæ, кæцытæ уæддæр хъæуæгыл банымадтой аргъуанмæ бацæуын, фæлæ сæ сывæллæтты бахызтой. Ныр дыууæ аргъуаны дæр уыд бирæ сабитæ. Уыдон дæр хистæртимæ иумæ хайад райстой ацы бæрæгбоны.

Бæрæгбоны цытæн ист æрцыдысты æдасдзинады фæдыл мадзæлттæ. Фæткмæ сæ хъус дардтой Мидхъуыддæгты милицæйы кусджытæ.

            УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.