Нæ фыдæлтæ уæззау цард кодтой, се стыр фыдæбон æмæ архайдæй сæ цардæн амæлттæ æмæ фæрæзтæ ардтой.  Фæлæ уæддæр нæ фæтасыдысты, уыцы зындзинæдтæ састой æмæ сæ бинонты дарынхъом уыдысты. Уыцы фыдæбоны нæлгоймæгты æмрæнхъ сылгоймæгтæ дæр фæстæ нæ лæууыдысты. Ахæм намысджын æмæ куыстуарзаг сылгоймæгтæй дзаг уыд Къостайыхъæу дæр, æмæ сын абон  сæ кады æмæ намысы хъуыддæгтæ æрæмысынц хъæубæстæ.

Гассеты Аннæ Карелы районы Хеобайы хъæуы райгуырд æмæ йæ чындздзон чызгæй йæ амонд æрхаста Цъунармæ Тегкаты бинонтæм. Йæ сæрыхицау Ясонимæ нывæзтой сæ сомбоны цард, фæзынд сын кæстæртæ – Лидæ, Хъазбег æмæ Ксеня. Уæд ноджы тынгдæр аныгъуылдысты куыд хисæрмагонд, афтæ колхозы куыстыты дæр. Бæргæ амондджын хуыдта йæхи Гассеон, фæлæ йыл хъысмæт æгъатырæй разылд – æххæст 11 азы дæр нæ фæцардысты дыууæ уарзæгой уды, афтæ цардæй ахицæн Ясон. Уæззау маст бавзæрста Аннæ, фæлæ уæддæр фидар фæлæууыд æмæ хъысмæтæн нæ бакуымдта сæттын. Хъомыл кодта йæ сидзæрты, уыимæ активон хайад иста æхсæнадон куысты дæр. Уæды колхоз хъæздыг уыд фысвос, ставдкъах фос æмæ мæргътæй. Хъæуæн ныгуылæнæрдыгæй уыд маргъдарды фермæ.  Кæркгæстæй дзы куыстой Аннæ æмæ Мамиты-Хуыгаты Нуши æмæ сæ хайбавæрд хастой иумиаг хæдзарады рæзтмæ. Зæгъон уал Аннæйы тыххæй, уымæн йæ цæгат иууылдæр дзырдтой «с»-гæнаг ныхасыздæхтыл. Аннæйæн йæ уæздан ныхас æмæ узæлд абон дæр хистæр фæлтæры хъусты зæлы. «Дæ нывонд фæуон», «Зæбæхæй мын сæрай» æмæ æндæр арфæйы ныхæстæн кæрон дæр нæ уыд. Йæ намысджын фæллойы тыххæй йын кад уыд хæдзарады разамонджыты æрдыгæй, уарзта йæ хъæубæсты æмæ йæ сæ­хæ­дæг дæр уарзтой. Аннæ йæ зæнæджы дæр ракодта адæмы рæгъмæ æмæ фæстæдæр сæхæдæг систы бинонты хицæуттæ.

Нуши та фæстæдæр куыста скъолайы мæрзæгæй. Скъоладзауты уагахастмæ каст бæрндзинады цæстæй урокæй урокты ‘хсæн улæфты рæстæджы æмæ уый та хорзæрдæм æндæвта иумиагскъолайон дисциплинæйыл. Бинонты царды Нушийы сæрыхицау раджы фæзиан, фæлæ уæддæр сæрныллæгæй схъомыл кодта йæ фырт Мураты, фæзынд сын чындз Фузæ, кæстæртæ æмæ хæдзары нана йæхи нымадта амондджыныл.

Хæларзæрдæ, сабыртæ сылгоймаг уыд Цъæхилты-Бигъуылаты Оля, уарзæгой ахаст ын уыд Бигъуылаты Харитонмæ. Харитонæн Оляйы размæ уыд æмкъай, фæзынд сын фырт Славик дæр. Хъыгагæн, дыууæ уарзæгой уды, хъысмæт кæрæдзийæ фæхицæн кодта. Фæстæдæр Бигъуылайы фырт бинойнагæн æркодта сарабукъаг чызг Цъæхилоны æмæ сын фæзынд æртæ фырты – Вадик, Валери æмæ Рудик. Оляйы адæймагдзинад æмæ уарзт хъæбулмæ уæлдай тынгдæр рабæрæг, йæ сæрыхицауы фыццаг æмкъайæ йын цы фырт баззад, уымæ йе ‘нувыд ахаст æмæ уарзтæй. Оля иумæ хъомыл кодта йæ цыппар фырты, нæ хицæн кодта Славикы йæ фырттæй. Цыдысты ахуырмæ 4 кæстæры иу хæдзарæй, сæ кæрæдзийыл  уыдысты тынг æнувыд.

Уæвджыйæдæр, цас хорз сылгоймæгтæ уыд мæ хъæубæсты, цас! Уæдæ хорзæй дарддæр цы ис зæгъæн Мамиты Аничкъæйæ, кæцы схъомыл кодта хорз кæстæртæ, уымæй уæлдай рæвдыдта æмæ йын хорз ахаст уыд йе ‘фсинмæ. Адæммæ йын уыд уæздан ахаст. Уый та уыд Елбачиты-Джиоты Настъи. Ацы уæздан æмæ зæрдæхæлар сылгоймаг уыимæ уыд тынг хæдзардзин æмæ куыстуарзаг, афтæ схъомыл кодта йæ иунæг фырт Джемалы дæр. Хъæубæстæ сылгоймæгтæй иуты та хуыдтой сæ чызгон мыггæгтæй, ома Тыбылон, Гобозон, Туайон, Пæррæстон, Мæргъион, Гуыдион, Хурион, Медион æмæ æндæртæ.

Цы зæгъын æмбæлы абоны кæстæр сылгоймæгтæй та? Зæгъдзынæн æй фидарæй – хорзæй дарддæр ницы. Сты цард дарддæргæнджытæ, хæларзæрдæ æмæ куыстуарзаг, хъæрмуд бинонты хицæуттæ. Æмæ сыл уыцы хæрзиуджытæ ноджыдæр дывæрæй æфтæд!

                                                                         ХУЫБИАТЫ Никъала 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.