«Абоны кæстæртæм, раздæры фæлтæртæм абаргæйæ, фылдæр ис, куыд æвзыгъддзинæдтæ, афтæ тырнындзинад дæр. Уый та махыл, хистæр фæлтæрыл, æвæры ноджы стырдæр бæрндзинад æмæ хæсджын стæм, цæмæй йæ хæссæм æппæт домæнтæ дæр æххæст кæнгæйæ».

Ахæм хъуыдытимæ райдыдтæ мемæ йæ ныхас Цхинвалы дыккæгæм сывæллæтты  рæвдауæндон  «Золотой ключик»-ы хъомылгæнæг Дзудцаты Аннæ. Йæ хæстæ хорз кæй æххæст кæны, уый та, фыццаджыдæр, рахатыдтон, горæты ахуыры хайады минæвæрттимæ, хуыздæр хъомылгæнæгыл кæй нымайынц, уый тыххæй куы ныхас кодтон, уæд. Цы цалдæр раппæлинаг хъомылгæнæджы кой мын скодтой, уыдоны ‘хсæн уыд Аннæ дæр.

Аннæ райгуырд æмæ схъомыл нæ горæты. Абон æппæты райгонддæр цы рæстæджытæй у, уыдон сты йæ сабибонтæ æмæ æвзонджы бонты рæстæг. Уымæн æмæ йын уыд, хæларæй кæимæ цард, ахæм бирæ æмкарæнтæ. Кæд уæдæй дзæвгар рæстæг рацыд, уæддæр йæ уæды царды хабæрттæ ауайынц йæ цæстытыл æмæ та йæ зæрдæйы уаг фæхуыздæр вæййы.

Ноджы хуыздæр æнкъарæнтимæ та Аннæ æрымысы йæ мад Хъуылымбегты Инессæ æмæ йæ фыд Анатолийы ахастытæ. Уыдон кæд сæ куыстытæй æнæвдæлон уыдысты, уæддæр архайдтой, цæмæй  фылдæр рæстæг уыдаиккой сæ кæстæрты цур.

Ноджыдæр ма йæ зæгъон, Аннæ йæ сабибонтæ æмæ æвзонджы бонтæй у тынг райгонд. Сывæллæтты рæвдауæндоны, скъолайы, стæй та – Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты йæ алыварс чидæриддæр уыд, уыдонимæ йын алкæимæ дæр уыд адджын æмæ хъарм ахастытæ. Абон дæр нæ рох кæнынц сæ кæрæдзи. Бæрæгбонты, гуырæн-бонты æмæ стыр бонты сæ кæрæдзийæн æнæраарфæгæнгæ нæ фæвæййынц.

Кæд алчи нæ, уæддæр ахуыргæнинæгтæй бирæтæ, дарддæр кæм ахуыр кæндзысты, уый аскъуыддзаг кæнынц  скъолаты. Аннæ ахуырмæ рæвдз уыдис, алы предметмæ дæр дардта стыр хъусдард, фæлæ фылдæр уарзта гуманитарон предметтæ. Стæй ахуыргæнæджы дæсныйад кæй райсдзæнис, уый та бæрæг уыд, цалынмæ скъоламæ нæ бацыд, уæдмæ дæр. Уымæ та йæ разæнгард кодта йæ мад Инессæ, уый къорд азты фæкуыста сывæллæтты рæвдауæндоны. Аннæ йемæ арæх цыд куыстмæ. Æнæуынгæ нæ уыд йæ мады хорз ахаст куыстмæ, сывæллæттæм, æмæ Аннæ Цхинвалы дыууадæсæм астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд бацыд Цхинвалы паддзахадон педагогон институтмæ æмæ йæ, хорз зонындзинæдтæ райсгæйæ, каст фæцис 1992 азы.

Пединститут каст фæуыны фæстæ Аннæ æнæкусгæйæ бирæ рæстæг нæ фæци. Æхсæнадон уавæр уæд уæззау уыд. Гуырдзиаг фыдгæнджыты фыдракæндон архайдтытæн нал уыд кæрон. Уавæр кодта карзæй-карздæр. Ахæм уавæрты цæрын бирæты бон не ссис, сыстадысты, ныууагътой сæ кусæн бынæттæ дæр æмæ ацыдысты Ирыстонæй. Ам ма чи баззад, фæлæ æгуыст чи уыд, уыдонæн та фæзынд кусæн бынæттæ.

Аннæ кусын райдыдта нæ горæты сывæллæтты рæвдауæндæттæй сæ иуы. Æвзонг, куыст æмæ сабитæуарзаг чызгмæ бирæ хорз фæндтæ æмæ хъуыдытæ уыдис, фæлæ…

Цы рæвдауæндоны куыста, ууыл сæмбæлд гуырдзиаг фыдгæнджыты ракетæ æмæ ссыгъд. Адæм йæ ахуыссын кæнынмæ бæргæ фæфæдис сты, зынгхуыссынгæнджытæ дæр бæргæ æрбацыдысты, фæлæ арт афтæ сытынг, æмæ дзы цыдæриддæр уыд, уыдон иууылдæр басыгъдысты. Аннæ дæр ма-иу сыгъд рæвдауæндонмæ бæргæ бацыд, фæлæ-иу фæстæмæ раздæхт æнкъард æмæ æрхæндæгæй.

Уæд уавæр афтæ скарз, æмæ адæм зонгæ дæр нал кодтой, дарддæр цы уыдзæнис, уый. Аннæ дæр бирæ цæуылдæрты дызæрдыг кодта, фæлæ йæхимæ æввахс дæр никуы уагъта ахæм хъуыды, цæмæй сыста æмæ Ирыстонæй ацæуа.  Уымæн æмæ Аннæйы уырныдта, Ирыстон кæй уыдзæнис æмæ йæ адæмы цард фæстæдæр хуыздæрæй хуыздæр кæй кæндзæнис, уый. Йæ адæм, йæ бæстæ кæй нæ ныууагъта, уый тыххæй та афтæ зæгъы, зæгъгæ, кæй никæдæм ацыдтæн, уымæй абон дæн сæрыстыр. Уымæн æмæ уæд фылдæр тас æмæ маст чи бавзæрста, уыдон тынгдæр банкъардтой уæлахиздзинады ад.

Фесты уæззау бонтæ, нæ адæм царды улæнты куы аныгъуылдысты, раст уыцы рæстæджы Аннæ дæр фехъуыста, зæгъгæ, Цхинвалы дыккæгæм сывæллæтты рæвдауæндоны хъæуы хъомылгæнæг. Аннæйы æнхъæлмæкаст æмæ цин æнæхъуаджы нæ фæцис. Рæвдауæндонмæ куы бацыд бафæрсыны тыххæй, уæд ын йæ разамонæг загъта, зæгъгæ, абад æмæ ныффысс куырдиат.

Уыцы бонæй рацыд æртындæс азы, фæлæ Аннæйы тырнындзинæдтæ къаддæр нæ, кæнынц – фылдæр. Алы хатт дæр йæ куысты бынаты балæууы афонæй раздæр. Йæ разы цы хæстæ ис, уыдон æххæст кæнынмæ та зивæг никуы бакæны. Нæ фæзивæг кæны, йе ‘мкусджытæй искæй æххуыс куы бахъæуы, уæд уый фарсмæ балæууынмæ дæр. Сабиты та афтæ бауарзта, æмæ сыл æрхъæцмæ дæр нæ лæууы.

                                                                                    ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.