Зассеты Дмитри æмæ йæ цардæмбал Къадзты Таня нæ горæты Нæузæххонты уынджы æхсæзæм бирæуæладзыгон цæрæн хæдзары куы æрцардысты, уæд сæ фырт Виталийыл бæрцæй цыд æхсæз азы, фæлæ йыл сыхы хистæр кары цæрджытæ, æппæтмæ дæр йæ хорз ахасты тыххæй, æрæвæрдтой сæ цæст. Саби цумамæ æнæзивæг кæй уыд, алцæмæ æмæ йын алкæмæ дæр раппæлинаг ахаст кæй уыд, уый тыххæй дзы хистæр кары æмбæстæгтæ æнæраппæлгæ дæр кæм уыдысты æмæ æвзонг лæппуйы уый ноджы тынгдæр разæнгард кодта хорздзинæдтæ аразынмæ æмæ сæ аразгæ дæр кодта.

Витали фæцис скъоламæ цæуынхъом, бацыд дыууадæсæм астæуккаг скъоламæ æмæ уым дæр, куыд ахуыр кæныны хъуыддаджы, афтæ ма цæвиттойнаг уыд йе ‘гъдауæй,  хайад иста скъолайы уагъдцæуæг мадзæлтты. Йе ‘нтыстытæй рухс кодтой куыд йæхи æмæ йæ ахуыргæнджыты, афтæ йæ хорз чи зыдта, уыдон æмæ йе ʻввахс адæмы зæрдæтæ дæр.

Витали абон дæр нæ хъаст кæны йæ цардæй, фæлæ, чи зоны, гуырдзиаг фыдгæнджытæ Ирыстон æмæ ирон адæммæ ахæм ахаст куы нæ равдыстаиккой, уæд цахæм уыдаид йæ цард, аразын ма йын цы бантыстаид. Дардыл уыдысты йæ хъуыдытæ Виталийæн, фæлæ йе ‘мкарæнтæ, скъоламæ кæимæ цыд, уыдон сæ бæстæ æмæ адæм бахъахъхъæныныл тох кæнын куы райдыдтой, уæд Витали дæр балæууыд сæ фарсмæ. Уæд бирæ зындзинæдтæ бавзæрста Витали, фæлæ, æвæццæгæн, никуы ферох кæндзæн йæ æвзонг буарыл арф фæд чи ныууагъта, уыцы нæмыгы цæфы рыст æмæ тугкалд. 8 августы 2008 азы гуырдзиаг фыдгæнджытæ Ирыстоны бындзагъд скæнынмæ куы хъавыдысты, алырдыгæй сырдон архайдтытимæ нæ райгуырæн бæстæмæ куы лæбурдтой, уæд Витали æмæ йе ‘мбæлттæ хъахъхъæдтой, уавæр иууыл тæссагдæр æмæ карздæр кæм уыд, уыцы Присы къуылдымы. Ныхмæлæуд афтæ скарз æмæ нæ хæстонты бахъуыд рæстæгмæ фæстæмæ алæууыны сæр. Витали та фæцис уæззау цæф æмæ йæ æртæ мæйæ фылдæр бахъуыд рынчындоны уæвын, дохтырты домæнтæ æххæст кæнын.

Абон Витали кæм цæры, уым æртæ бирæуæладзыгон цæрæн хæдзарæн ис иу кæрт, дыууæсæдæ фатеры бæрц кæм ис, уым афæдз бахъæуы цалдæр стыр фынг сæвæрын. Арæх уыцы фынгтыл фæбады æртæсæдæйæ фылдæр адæймаджы. Цæмæй уал адæймаджы фысымтæ æмæ сыхæгты ахастæй райгондæй баззайой, уой сæ сæрыстыр, уый тыххæй цъус ба-цархайын нæ фæхъæуы. Витали алы хатт дæр балæууы фысымты фарсмæ æмæ свæййы сæйраг æххуыс æмæ лæггадгæнæг. Сыхы æвзонг фæлтæр та Виталийы фарсмæ балæууынц, уымæн æмæ тынг хорз зонынц Витали æппæт дæр раст кæй аразы æмæ йæ фарсмæ балæууын кæй хъæуы, уый. Сыхы цæрджытæй сæ иу Гасситы Дуся  Виталийы тыхæй афтæ зæгъы, зæгъгæ, Виталийы тыххæй бирæ хорз зæгъинæгтæ ис, фæлæ сæйраджыдæр банысан кæндзынæн уый æмæ Виталийы хуызæн сыхæгтæ кæм уа, уым цæрын æмæ исты аразын у æнцондæр. Сыхы хъуыддæгты фæстæ никуы фæлæууы, алы хатт дæр вæййы цæвиттойнаг.

Æндæр сыхаг Багаты Елызбар та банысан кодта, зæгъгæ, – Витали æрмæст æнæзивæг нæу, фæлæ ма у æрыгæттæ æмæ иуæй-иу хистæрты дæр раст фæндагыл чи цайдагъ кæны,  цæвиттон кæмæй фæисынц, ахæм дæр. Кæд ыл тагъд æх-хæст кæны дæс æмæ дыууисæдз азы, уæддæр абоны онг нæ дæр карз нуазинæгтæй нæ пайда кæны нæ дæр тамако дымы. Сыхы нæлгоймæгтæй ацы мæгуыраудзинæттæм йæхи чи æппары, уыдонæн та æнæбауайдзæфгæнгæ нæ фæвæййы. Æмæ æрмæст уайдзæф нæ, фæлæ ма сын бæстон бамбарын кæны, нозт æмæ тамако дымын адæймаджы æнæниздзинад æмæ куыстхъомдзинадæн цы стыр зиан хæссынц, уый дæр.

Сыхы æвзонг цæрæг Габатты Сослан та Виталийы тыххæй банысан кодта, зæгъгæ, Виталимæ цы бирæ хорз миниуджытæ ис, уыдонæй ма иу стыр  хорздзинадыл нымайын уый æмæ Витали алы каримæ дæр ссары иумæйаг æвзаг, йемæ цæуыл дзура, уыдæттæ. Сыхы цæрджытæм ын ахæм хорз ахаст кæй ис, уый махæн, æвзæнгтæн у ахъаз æмæ æвæццæгæн мах дæр, куыд хъæуæм, афтæ æххуыс уыдзыстæм, иу бинонтау кæимæ цæрæм, уыцы сыхæгтæн.

Витали ныр цалдæр азы кусы Знауыры районы Цæрæнуатон коммуналон хæдзарады, æххæст кæны фæндæгты инженеры хæстæ. Фæстаг азты уагдоны Виталийы раз кæд æвæрд æрцыдис бирæ, ахсджиаг æмæ стыр хæстæ, районы бирæ хъæутæм хъуыд фæндæгтæ аразын, уæддæр уыцы куыстытæ сæххæст кæныны хъуыддаджы Виталийы ныфс никуы асаст. Уавæр бæстон базоныны фæстæ куыст æххæст æрцæуы афоныл æмæ гъæдджынæй.

                                                                                            ГÆЗЗАТЫ Иван  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.