Йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ хъæууонхæдзарадон куыстытæй цух никуы у Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрæг Хъабанты Хъазбег. Рæстæджы цыдимæ  Хъабаны фырт ноджы тынгдæр æрлæууыд хъæууонхæдзарадон алы куыстытыл æмæ йæ арфæйаг фæллойæ рухс кæны канд  йæхи зæрдæ нæ, фæлæ ма йæ хæрзиуæгон архайдæй æххуыс у, чи йæм баулæфы, уыцы фæлхасгæнджытæн дæр.

Хъазбег къорд азты размæ ахъуыды кодта фермерон хæдзарад сæндидзын кæнын æмæ йын æнтысгæ дæр ис. Йæ архайд у бирæкъабазджын, кæны куыд фосдарды, афтæ зæххы куыст дæр æмæ йын дыууæ фадыджы дæр ис зæрдæрухсгæнæн фæстиуджытæ. Уый та у, куыстмæ аудгæ ахаст кæй дары, стæй йæ фырттæ дæр æппынæдзух æххуысы охыл йæ уæлхъус кæй вæййынц, уый фæрцы.

Ныртæккæ хæдзарады лыстæг фос нымадæуы 150, уыцы нымæцы сты фыстæ æмæ сæгътæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ нымæц цалдæр мæйы размæ ноджы фылдæр уыд, фæлæ дзы фæлхасгæнджытæн дæр среализаци кодта 80. Хæдзарады сæргълæууæджы ныфс ис, æввахс рæстæджы йæ фосы нымæц кæй фæфылдæр уыдзæн, фосы иу хай та цот кæнын куы райдайой, уæд. Уымæй дарддæр ма дары стуртæ дæр, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 5, ис æм родтæ дæр, зилынц сæм хорз æмæ сты хæрзхаст æмæ æнæниз. Хъабаны фырт куыд зæгъы, афтæмæй ма уыдон нымæцыл дæр бафтдзæн.

Куыд загътам, уымæ гæсгæ Хъабанты бинонтæ кæнынц зæххы куыст дæр. Уыдон алы аз дæр байтауынц хойрагон культурæтæ, базилынц сæм агротехникæйы домæнтæм гæсгæ æмæ сæ тыллæгæрзадæй барухс вæййы сæ зæрдæ. А-уалдзæджы дæр та  сын хъæбæрхор тыд æрцыд  18 гектары  æмæ мæнæу та 12 гектары фæзуатыл, æвзартæ сæвзæрдысты хорз æмæ ныр æрбалæууыд се фснайыны рæстæг. Фæлæ фермер катай кæны, æфснайæн комбайн йæ къухты кæй не ‘фты, йæ хуымтæ та кæрдиппæрд кæй кæнынц, уый тыххæй. Йæ катайдзинад тынгдæр у, йæ хуымзæххытæ йын йæхицæн кæй хъуамæ айса  «Южный сад», ууыл. Куыд бæрæг у, афтæмæй йын амæйразмæ дæр  цалдæр гектары сæхи бакодтой æмæ тыхсы хæдзарады сæргълæууæг.

 

                                                                        ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.