Куыд мæнгард у цард… Адæймаджы фæндтæ иуæрдæм, хъысмæтæн та – иннæрдæм… 21-æм размæцыд æнусы ма чи уыдис æнхъæл, æмæ та зæххыл ногæй ссудздзæнис фашистон хæсты пиллон арт. Ссудздзæнис, æмæ йæ судзгæ æвзæгтæ рахъæвздзысты Ирыстоны хæхтæм, йæ дæрзæг армæй раныдзæвдзæнис нæ хæствæллад чысылнымæц адæмыл. Айхъуыст та Ирон Мады хъарæг, анхъæвзтис ирон цардхъуаг фæсивæды туг… Æмæ ныр райгуырæн зæххы сæраппонд нæ, фæлæ дард Украинæйы зæххыл…

Нæ рагфыдæлтæй æрххæццæ ис махмæ кæддæриддæр æххуысмæ цæттæ уæвын, уымæн æвдисæн сты нæ фæсивæд Афга-нистан, Цæцæн, Абхаз æмæ æндæр карз хæстон архайдтытæм бархионтæй кæй цыдысты æмæ сæхиуыл æнауæрдгæйæ, раззаг хаххыл кæй тох кодтой знаджы ныхмæ. Ирон патриотикон туджы цъыртт сыхсыст Джиоты Мараты æрыгон уæнгты дæр, Донецк æмæ Луганскы адæмы ирвæзынгæнæн сæрмагонд операци куы райдыдта, уыцы фыццаг бонæй. Нал ын æхсæв уыд, нал та бон, цы амал бакæна, ууыл хъуыдыгæнгæйæ. Йæ бинонты аивæй йæхи бацæттæ кодта дард балцы æмæ 28 февралы, йе ‘мгар, цхинвайлаг лæппу Лалыты Аланимæ, дыууæйæ балæууыдысты хæсты цæхæры. Ма-рат, æгæрыстæмæй, йæ иунæг мадызæнæгæн дæр не схъæр кодта хæстмæ кæй цæуы, тарст, куы нæ йын сразы уа йæ фæндыл æмæ йæ куы бакъуылымпы кæна, нæ загъта йæ балцы тыххæй йæ ныййарæг мадæн дæр, æмæ ацыд…

«Бирæ тæрхонты фæстæ бамбæрстам, ирвæзынгæнæн сæрмагонд операцийы нæ хайад æнæмæнгæй кæй хъæуы райсын. 28 февралы нæдæр æз, нæдæр Марат, нæ бинонтæн нæ фæнд нæ раргом кæнгæйæ, ацыдыстæм Дзæуджыхъæумæ, уым нæхи сифтонг кодтам æфсæддон дарæсæй æмæ абалц стæм Харьковмæ. Уым бацыдыстæм бархионты æфсадмæ, цыран уыдыстæм 200 хæстонæй. Уыдоны ‘хсæн цхинвайлæгтæ уыдис æхсæз»,- радзырдта Мараты хæстон æмбал, йе ‘мкъласон æмæ сабибонтæй фæстæмæ хæларæй кæимæ цардис, уыцы æмгар Лалыты Алан. Афтæ райдыдта Ма-ратæн йæ цыбыр хæстон фæндаг.

Фыццаг бонты нæ лæппутæ хайад истой алыгъуызон операциты. Уым сæхи равдыстой хъæбатырæй, сæ хæстон хæстæм бæрндзинад æвдисгæйæ. Тасы æнкъарæн сæ æппындæр кæй никуы никæйы зæрдæйы фæзынд, уый бæрæг уыд се’нтыстытыл. Бандерайы фашистты къухæй ссæрибар кодтой цалдæр хъæуы, æххуыс кодтой цæр-джытæй кæй уыдтой, уыдонæн, куыд æнæ-мæнгхъæугæ продукттæй, афтæ медикаменттæй дæр. Уыдæттæ хынцгæйæ, сæ командæкæнынад йæхицæн бар радта, вазыгджын хæстон операциты сын сæйраг хæстæ бакæнын. 7-æм марты Марат æмæ иннæ ирон лæппутæ цы ротæйы уыдысты, уыдонæн лæвæрд æрцыд развæдсгарæн хæслæвæрд.

«Раззаг хаххыл уыдыстæм дæсæй, æхсæз ирон лæппуйæ, не ‘ппæт дæр цхинвайлæгтæ, æмæ цыппар уырыссаг хæстоны. Немæ уыд нæ командир Денис дæр. Хъуыдис нæ, ныртæккæ дæр ма знæгты къухы цы территори ис, уым сæрмагонд бынæттæ басгарын. Снысангонд бынатмæ бафтыдыстæм æнцонтæй, фæлæ знаг цæттæ уыд нæ «фембæлдмæ». Райдыдтой нæ æхсын тыхджынкалиброн мигæнæнтæй. Махæн нæ  бон не ссис аккаг ныхмæлæуд радтын æмæ апырх стæм хъæдты. Уæд нæ ротæйæ фæ-цæф сты бирæтæ, аст хæстоны та фесты мард»,-  радзырдта Лалыты Алан.

Уыцы бон знаджы нæмыджы амæттаг бацис Джиоты Марат дæр. Уый уыдис йæ фæстаг хæстон хæс æмæ йæ царды фæстаг бон. Йе ‘мгæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Маратмæ нырма уыд бирæ фæндтæ йæ хæстон фæндæгтыл, фæлæ йын, хъыгагæн, йæ хъысмæт та æндæр фæндтæ скодта.

«Уæд нæ бон не ссис сæ мард буæрттæ сын рахæссын, массивон æхст кæй цыд, уымæ гæсгæ. Уыд тынг уазал æмæ сæ дардæй уыдтам, кæй ныссалдысты. Знæгтæ сын сæ мард буæрттæ ахастой æбæрæг бынатмæ. Фæстæдæр куыд рабæрæг ис, афтæмæй сæ уыдон бафснайдтой уазалгæнæнты, дарддæры сæ сæхи хæстонтыл баивыны охыл», – радзырдта Мараты хæстон æмбал.

Марат каст фæцис Цхинвалы 11-æм скъола, ахуыр кодта хорз, уыйхыгъд ма уыд æмгæртты æмæ йæ ахуыргæнджыты уарзондæр, йæ хæларзæрдæ ахасты тыххæй-иу кæддæриддæр йæхи бауарзын кодта адæмæн. «Кæд искуы йæ зæрдæйы æнкъарддзинад уыд, уæддæр Марат æгæрыстæмæй, йе ‘ввахс æмгæрттæн дæр никуы раргом кодта йæ маст. Никуы никæмæ дардта гуымиры ахаст, æппынæдзух уыд хъæлдзæг æмæ хæлар зæрдæйы равгыл.

«Куы базыдтам, Марат æмæ Алан Украинæмæ ахъуызыдысты, уæд сæм арæх дзырдтам видео бастдзинадæй æмæ-иу нæм уырдыгæй дæр дзырдта хъазгæмхæццæ. Марат уыд ахæм удыхъæды хицау, кæцыйæ кæдфæнды æмæ кæмфæнды дæр уыд ныфс бавæрæн. Æрыгон уæвгæйæ, уыд фæндвидар æмæ æмбаргæ лæппу», – радзырдта йе ʻввахс æмгар Уырызмæг.

Стыр ныфс æй уыдис йæ хæдзарыл сæрæгасæй кæй сæмбæлдзæнис, æмæ йæ ныййарæг мады дæр уымæн асайдта, зæгъгæ, «Краснодары дæн, тагъд дæм зындзынæн». Йе ‘фсымæр Гогайæн та загъта йæ уæвæн бынат æмæ йæ бафæдзæхста, цæмæй йæ макæмæн схъæр кæна. Йæ курдиат йын сæххæст кодта, фæлæ æфсымæры зæрдæ æхсайдта, оххай, удæгасæй йæ куы нал фенон, зæгъгæ.

«9-æм марты мæм Алан куы радзырдта, уæд мæ зæрдæ йæхи къултыл бахоста мæ тас æнæхъуаджы нæ уыд…», – æрхæндæг зæрдæйæ, йæ кæуындзæг йæ хъуыры бадгæйæ радзырдта Гога.

Цы загъдæуа ныййарæджы хъысмæтæн, йæ хъæбулы ацыд дæр чи нæ базыдта æмæ ма йын йæ амæлæт дæр цалдæр мæймæ чи нæ зыдта! Багаты Виленæ æнхъæлмæ каст йæ хъæбулмæ Краснодарæй æрцæуынмæ, фæлæ йæм куы бадзырдæуыд, райсом æм æй уазал цинкы æрласдзысты, уæд ыл баталынг ис йæ хур. Рафæлдæхт йæ цæугæ мæсыг æмæ аскъуыд йæ царды ныфсы таг. Виленæйæн уæды онг ничи баууæндыд йæ хъæбулы уæззау хабар фехъусын кæнын чи зоны, афтæ æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, къаддæр ыл бандавдзæнис. Уæддæр уæдæй нырмæ нæ рахызт рынчындонæй.

Маратæн Хуыцауæй лæвæрд уыд æдæппæт 33 азы цæрæнбон, фæлæ йын бантыст йæхицæн стыр ном скæнын. Службæ кодта РХИ-йы Фидауынгæнæг тыхты, Сæрмагонд нысаниуæджы къорды æмæ Уæрæсейы æфсæддон хайы дæр. Уыцы куыстыты дæр йæхи æмбæлонæй кæй равдыста, уый бæлвырд у йæ хорзæхтæй æмæ, сæйраджыдæр та йæ куыстуæтты командæ кæнынады ‘рдыгæй йæм цы ахаст уыд, уымæй.  Нæ республикæйы президент Гаглойты Алан дæр æй схорзæхджын кодта «Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнæг»-ы медалæй йæ амæлæты фæстæ.

Марат æмæ уый хуызæн патриот æмæ хъæбатыр лæппутæ Ирыстоны ис тынг бирæ. Тынг зын у уыдоны тыххæй ивгъуыд афоны дзурын, фæлæ сæ райгуырæн бæстæйæн сты кадгæнджытæ æмæ махæй алчи дæр у хæсджын, сæ ном сын æнусмæ кадимæ бæрзонд хæссын.

P.S. 31 июлы Джиоты бинонтæ банысан кодтой Маратæн йæ амæлæты 40 -æм боны, фæлæ уый – куы сæм æрыфтыд йæ мард буар, уый фæстæ. Æцæгæй та 7-æм мартæй 20-æм июны онг цхинвайлаг ирон лæппутæ Козаты Хитор, Кораты Георги æмæ Джиоты Марат уыдысты Бандерайы фашистон æфсæддæм, уазалгæнæнты. Уæд сæ баивтой 160 фашисты мардыл æмæ сæ сæмбæлын кодтой сæ райгуырæн зæххыл.

Рухсаг ут…

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.