Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд Хицауады рабадт. Боны фæткмæ хаст æрцыд иу фарст – «2019 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект.

Ивындзинæдтæ баст сты паддзахадон бюджеты æфтиагон хай фæфылдæр кæныныл.

Финансты министр Хæбæлаты Азæйы ныхæстæм гæсгæ, ацы азы фараст мæйы бакæнгæ хатдзæгтæм гæсгæ фæнд цæуы бюджеты æфтиæгтæ фæфылдæр кæнын иумæйагæй 17 210, 89 мин сомы, сæйра-джыдæр, хъалонты фæрцы.

«Ивындзинæдтæ бахæссыны æнæмæнгхъæуындзинад баст у паддзахадон бюджеты гуырахст фæфылдæр кæныныл, афтæ ма хардзон хайы хицæн здæхтытæ фæфылдæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинадыл», – загъта Хæбæлаты Азæ.

Фæнд цæуы аздахын æфтиæгтæ Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады (9,5 милуан сомы), Хъахъхъæнынады министрады (6,6 милуан сомы), республикæйы столицæйы æмæ районты администрациты хъуагдзинæдты домæнтæн.

Рабадты рæстæджы Бибылты Анатоли уæлдай хъусдард аздæхта  Хъахъхъæнынады министрады ветеранты пенсион ифтонгады фарстмæ.

Ведомствойы сæргълæууæг Гассеты Ибрагимы ныхæстæм гæсгæ, 117 адæймагæй пенситæ арæзт æрцыд 25 пенсионерæн, иннæты сæрмагонд хъуыддæгты фæдыл куыст цæуы.

Паддзахады сæргълæууæг æрдомдта, цæмæй æввахс рæстæджы аскъуыддзаг кæной пенсион бафыстыты фарст.

«Æнæмæнгхъæуæг у æфсæддон службæгæнджыты  пенсион  хъуыддæгты  саразыны  рæстæг  фæкъаддæр  кæнын, не ‘мбæстæгтæ хъуамæ пенси райсой ноябры мæйæ», –  банысан кодта уый.

Президент бахæс кодта Хæбæлаты Азæйæн, цæмæй, йæ хæслæвæрд куыд сæххæст уыдзæн, ууыл æххæст кæныныл контроль кæна, æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, министрад хъуамæ финансон фæрæзтæ рахицæн кæна 2018 азæн æмæ 2019 азæн æфсæддон пенсионертæн сæ хæсы хай бафидыны тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.