«ЦХИНВАЛ» – РЦИ-АЛАНИЙЫ ЧЕМПИОН

Командæ «Цхинвал» ссис футболæй РЦИ-Аланийы чемпион. Турниры ма цы дыууæ туры баззад, уыдонæй сæ иуы цхинвайлæгты хъуыд æрмæстдæр иу очко бакусын æмæ сын уыцы хъуыддаг бантыст. Æмдыхæй 1:1 хыгъдæй ахъазыдысты командæ «Синдикат»-имæ. Хъазты фыццаг хыгъд байгом кодта «Цхинвал»-ы хъазæг Артур Урбицкий. Фæстæдæр тæрхонгæнæг 11-метрон цæф снысан кодта цхинвайлæгты кулдуармæ. Æмæ уый фæстæ хыгъд ссис 1:1. Фембæлды кæронмæ командæтæй никæмæн уал бантыст пурти бакъуырын. Афтæмæй командæ «Цхинвал» ссис РЦИ-Аланийы чемпионаты уæлахиздзау. Сезоны райдианы командæйы тренер Хъоцыты Сослан куыд дзырдта, афтæмæй сæ сæйраг хæс уыд чемпионат рамбулын æмæ йæ сæххæст кодтой. Ныр ма чемпионаты фæлгæтты командæйæн баззад иу хъазт акæнын.

Цхинвайлæгтæ РЦИ-Аланийы чемпионтæ кæй систы, уый фæстиуæгæн ныр та хайад райсдзысты Цæгат Кавказы æмæ Хуссар Федералон Зылды Чемпионаты къорды хайад райсын. Турниры хъазынц ацы федералон зылдты чемпионатты уæлахиздзаутæ. «Цхинвал» фыццаг хъазт акæндзæн Хъæрæсе-Черкесийы чемпионаты уæлахиздзауимæ. 3 ноябры уал йемæ ахъаздзæн уазæгуаты, 6-æм ноябры та – хæдзары.

***

Уыдысты футболæй Уæрæсейы чемпионаты дыккаг дивизионы «Хуссар» зонæйы радон туры хъæзтытæ. Дзæуджыхъæуы «Алани» фысымиуæг кодта Новокубанскы «Биолог»-æн. Алайнæгтæ фæуæлахиз сты 3:1 хыгъдæй. Пуртитæ бакъуырдтой хъазты дыккаг æмбисы. «Алани»-йы сконды дыууæ пурти бакъуырдта Хæдæрцаты Батраз æмæ иу та – Ислам Машуков.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 160 азы сæххæсты цытæн стадионы диктор футболистты нæмттæ кæй дзырдта ирон æвзагыл. Афтæ ма хъазтмæ цы брошюрæ арæзт æрцыд, уый дæр уыд ирон æвзагыл.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Цæцæны уагъд æрцыд Ахмат-Хаджи Кадыровы номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты хайад райстой ирон богалтæ дæр. Уыдон рамбылдтой дыууæ сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ 5 та – бронзæ майданы.

Фыццаг бынæттæ бацахстой Хуыбецты Къахабер (79 кг) æмæ Гæззаты Батраз (125 кг). Æвзист призертæ систы Рæмонты Сослан (70 кг) æмæ Рубайты Георги (92 кг). Бронзæ майдантæ та рамбылдтой Гогаты Алан (70 кг), Зассеты Алан (74 кг), Нартыхты Радик (92 кг), Хуыгаты Хох (92 кг) æмæ Хуыгаты Алан (125 кг).

   ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.