Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийы сæргълæудæй æрæджы уагъд æрцыд хицауады рабадт. Йæ хайадисджытæ æмбырды райдайæны æмырæй алæугæйæ, ссардтой Ирыстоны адæмон фыссæг, зындгонд ахуыргонд Джусойты Нафийы рухс ном. Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æгас Ирыстон хъынцъым кæны Нафийы зианыл, махæй алкæмæн дæр уый уæззау у.

2017 азы фыццаг кварталы Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджет æххæст кæныны фæдыл хыгъд сарæзта Финансты министр Хæбæлаты Азæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы æмгъуыдты паддзахадон бюджеты æххæсткæнынад æфтиæгтæм гæсгæ у 1127 554,9 мин сомы, хæрдзтæ та сты 1150746,3 мин сомы. Уымæ гæсгæ паддзахадон бюджет сæххæст кæныны фæстиуджытæм гæсгæ 2017 азы фыццаг кварталы сæвзæрд дефицит 23191,4 мин сомы бæрц.

Хæбæлаты Азæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ бюджеты фиддонон æмæ æнæфиддонон æфтиæгтæ фыццаг кварталы æххæст æрцыдысты 189 973, 7 мин сомы бæрц.

«Физикон цæсгæмтты æфтиæгтæ сты 69 931,6 мин сомы. 2016 азы фыццаг кварталмæ гæсгæ уыдон фæфылдæр сты 23 196,4 мин сомы. Ацы статьямæ гæсгæ сæйраг фиддон фидджытæ сты бюджетон уагдæттæ æмæ организацитæ, афтæ «Дорэкспострой», «БТК-4», «СМТ-ЮГ» æмæ æндæртæ», – банысан кодта министр.

Æмбырды дзырд цыд Республикæйы Æнæниздзинадхъахъхъæнынад æмæ социалон рæзты Коллегийы æмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл Инвестицион проекттæ равзарыны фæдыл Инвестицион къамисы скондмæ ивындзинæдтæ бахæссыныл.

Боны фæткмæ гæсгæ   дзырд цыд ног ахуыры азмæ ахуырадон уагдæттæ бацæттæ кæныны фарстыл дæр.

Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Наталийы ныхæстæм гæсгæ, уыцы нысанæн арæзт æрцыд æхсæнведомствæйон къамис. Куыст æрцыд къорд мадзæлттыл, уыдонæй иутыл куыст цæудзæн 20 августы онг, иннæтыл –  25 сентябры онг.

Хуссар Ирыстоны организацитæ æмæ уагдæттæн ис хæс Республикæйы Пенсион фонды раз. Уый фæдыл йæ доклады банысан кодта Пенсион фонды сæрдар Тасойты Азæ. «Æрвылмæй дæр паддзахадон уагдон фæдзæхстон æфтиæгтæ исы 24-25 милуан сомы бæрц. Пенситæ фидынæн та нæ æрвылмæй бахъæуы 26 милуан сомы. Пенсион ахыгъдтæ, сæйраджыдæр, цæуынц бюджетон организацитæй. Амалиуæггæнджытæй æппындæр ницы фæрæзтæ исæм», – банысан кодта Азæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, абоны онг дæр Пенсион фондæй алыгъуызон уагдæттæ æмæ организацитæ хæс дарынц 25 милуан сомы бæрц. Банысанчындæуыд, амалиуæггæнджытæ дæр æнæмæнгдæр, кæй хъуамæ фидой фæдзæхстон æфтиæгтæ Пенсион фондмæ, уымæн æмæ уыдон дæр абонсом пенси хъуамæ исой.

«Махæн не ‘ппæтæн дæр æмбæрстгонд у, фидæны Пенсион фондæн йæ бон цæмæй фидын уа, уымæ гæсгæ йæ æфтиагджын хай фылдæр хъуамæ кæна», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Бæстæйы сæргълæууæг ма банысан кодта бæрæг структурæты æнæраппæлинаг куыст, кæцытæ сæхи нæ тыхсын кæнынц, цæмæй пенсион хыгъдтæ æмбæлон гуырахстæй цæуой Пенсион фондмæ. Уыдон нымæцы  сты фонд йæхæдæг, Контролон-нымайæн палатæ, Мидхъуыддæгты министрад, Экономикон æдас-дзинады управлени.

«Хи тыххæй кусын  фаг у, афон у бакусын паддзахад æмæ адæмæн. Кусут æмæ фæстиуæг уынын кæнут, науæд размæ нæ ацæудзыстæм», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.