18-æм октябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли цытджын æгъдауæй йæхимæ райста Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес Мехияйы. Церемонийы рæстæджы   Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли райста æууæнчы грамотæтæ. Церемонийы хайад райстой нæ Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр æмæ Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь

Президент Бибылты Анатоли арфæйы ныхæстæ загъта госпожа Альба Асусена Торрес Мехияйæн йæ ног куысты бынаты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ныфс æй ис, куыст дарддæр кæй цæудзæн дыууæ паддзахады райрæзты фæдыл. «Фæнды мæ бузныджы ныхæстæ дын зæгъон нæ Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадимæ уæ иумиаг бакæнгæ куысты тыххæй. Бузныг дын Хуссар Ирыстонмæ дæ хъарм ахасты тыххæй.   Фæнды мæ арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ зæгъон президент,  команданте Хосе Даниэль Ортега Сааведрайæн сæрмагондæй. Нæ балцы рæстæджы уæ бæстæмæ  господин камонданте Ортега æмæ æмткæй уе ‘мбæстæгтæ равдыстой тынг хъарм æмæ æфсымæрон ахаст нæ делегацийы минæвæрттæм. Уый фæдыл мæ  фæнды команданте Ортегайæн дæ руаджы сæрмагондæй радтын Ныстуан», – банысан кодта Президент.

Уый фæстæ фембæлд ацыд æнæ журналистты хайадистæй. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Альба Асусена Торрес Мехияйы размæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны  2016 азæй фæстæмæ  уыд Хуан Эрнесто Васкесс, кæцы бакодта стыр куыст дыууæ паддзахады ахастытæ сфидардæр кæныны хъуыддаджы.

Официалон фембæлды фæстæ госпожа Альба Асусена Торрес журналисттæн цыбыртæй радзырдта йæ тæлмæнтæ æмткæй фембæлды æмæ Хуссар Ирыстоны тыххæй. «Æз фыццаг хатт нæ дæн уæ республикæйы, фæлæ мæ алы хатт дæр уæ бæстæйы рæсугъдзинад дисы баппары, уæ æмбæстæгты хъарм æмæ æфсымæрон ахаст адæймаджы зæрдæйы ныууа-дзынц æхсызгон æнкъарæнтæ. Æмæ мæхи уазæгуаты нæ фенхъæлын, фæлæ цыма мæхи Райгуырæн бæстæйы дæн, афтæ фæхатын. Господин Президент Бибылты Анатолиимæ фембæлды рæстæджы æрдзырдтам бирæ ахсджиаг фарстаты фæдыл, кæцытæ ахъаз уыдзысты дыууæ паддзахады райрæзтæн. Мах архайæм ууыл, цæмæй дарддæр дæр дыууæ паддзахады ‘хсæн æмгуыстад æмæ куыст цæуа нæ бæстæты хæрзиуæгæн. Ныртæккæ куыст цæуы сразыдзинад бацæттæ кæныныл, кæцымæ хаст æрцæудзысты бирæ ахсджиаг фарстатæ, кæцыты руаджы хъуамæ нæ бæстæты ‘хсæн ахастытæ бирæбæрц фæхуыздæр уыдзысты», – банысан кодта минæвар. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.