Алы ирон адӕймагӕн дӕр Къоста йӕ зӕрдӕйы рæбыны арф ӕвӕрд у ӕмӕ уый та мармӕрон цыртдзӕвӕнӕй бӕрзонддӕр ӕмӕ кадджын-дӕр у.

Къостайыл бирӕ дзурæн ис ӕмӕ йын бирӕ ахуыргонд адӕм ӕрдзырдтой йе сфӕлдыстадыл. Зӕгъæм фыссӕг Фадеев афтӕ фыссы, зæгъгӕ, Къоста у ирон адӕмӕн куыд Леонардо да Винчи. Ома, уый уыдис алыварсонæй размæцыд гоймаг. Уымӕн ӕмӕ Къоста канд ирон литературæйы бындурӕвӕрӕг нӕу, фӕлӕ ма уыдис нывгӕнӕг, поэт, публицист, драматург ӕмӕ адӕмон булӕмӕргъ.

Мæн фӕнды Къостайы ном ӕмӕ сфӕлдыстад бабӕттын музыкӕимӕ. Ацы ӕрмӕгыл ныффыстон 2002 азы зонад-иртасӕн куыст: «Лирика Коста Хетагурова в музыкальных звуках» ӕмӕ 2010 азы рацыдис мыхуыры чиныг дӕр. Стӕй йӕ мӕхӕдӕг ратӕлмац кодтон ирон ӕвзагмӕ ӕмӕ дыууӕ ӕвзагыл дӕр мыхуыр ӕрцыдис нӕ газетты фӕрстыл.

Къостайы ӕмдзӕвгӕты канд фӕрсгӕ нӕ кодтой, фӕлӕ сыл ӕвӕрдтой алыхуызон мотивтӕ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кодтой ӕппӕт Ирыстоны. Куыд ӕм-дзӕвгӕтӕ, афтӕ зарджытӕ дӕр ӕв-дисынц поэтӕн йе сфӕлдыстады социалон бындур.Уымӕ гӕсгӕ уыдон  уыдысты ӕмдугон. Къостайы ӕмдзӕвгӕтыл ӕвӕрд тохмæ сидæн зарджытӕ: «Додой», «Катай», «Балцы зарӕг» зындгонд уыдысты Фӕс-кавказы дӕр ӕмӕ уыдон заргӕйӕ цыдысты революцион тохмӕ.

Ацы зарджытӕ адӕмӕн лӕвӕрдтой революцион тых ӕмӕ хъару. Къостайы ӕмдзӕвгӕтыл фыст ӕрцыд 25 зарӕджы: «Додой», «Салдат», «Балцы зарӕг», «Сидзӕргӕс», «Хъуыбады», «Æфсати», «Фесӕф», «А-ло-лай» ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ ӕвӕрд-той алы ӕмӕ алы мелодитыл. Зӕгъӕм, ис ауадзӕн параллель:

«Балцы зарӕг»-ы мелоди æнгæс у уырыссаг зарӕг «Ехал на ярмарку купец – ухарь»-имæ.

«Сидзӕргӕс» – у европæйаг мелодийыл авӕрд.

«Мӕгуыры зæрдӕ» – та у хъазахъхъаг мелодийы хуызӕн.

«А-ло-лай – та у бердзенаг аргъуаны зӕлтыл ӕвӕрд.

«Æфсати» – та ирон мелодийыл ӕвӕрд.

Кӕд ӕмӕ ӕндӕр мелодитыл ӕвӕрд уыдысты ацы зарджытӕ, уӕддӕр сӕ уыд бирӕ спецификон ирон музыкӕйы элементтӕ, куыд триольта, синкопатӕ, акцентӕ ӕмӕ квартатӕ.

Фӕстӕдӕр та Къостайы ныхӕстыл зарджытæ фыстой профессионалон композитортӕ: Алыккаты Ах-болат, Кокойты Тӕтӕрхъан, Ефим Колесников, Галаты Барис, Хаханты Дудар, Плиты Жаннӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Ацы зарджыты сырӕзты тыххӕй аивадиртасӕг, зонӕдты кандидат Хаханты Дудар йӕ хъуыды афтӕ зӕгъы: «Къостайы ныхӕстыл цы зарджытӕ сфӕлдыстой, уыдонӕн-иу радтой национ хуыз. Ацы зарджыты арӕзт ӕмӕ бындурмӕ хӕццӕ кодта, уырыссаг ӕмӕ европӕйаг музыкӕйы тӕфаг. Афтӕ ма Ирыстоны фӕзынд ноджы дӕр иу хуыз: горӕттаг адӕмы сфæлдыстад – романс.

Галаты Барис йӕ критикон – публицистикон эссейы фыссы, зӕгъгӕ, Къостайӕн йе сфӕлдыстады поэзи ӕмӕ зарӕг куыд иу – кӕнынц, ӕмӕ Къостайы поэзи адӕмон музыкалон-поэтикон сфӕлдыстадимæ куыд ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ баст у, уый. Галаты Барис ныффыста романс Къостайы ныхӕстыл: «Я смерти не боюсь», зарджытӕ: «Додой», «Марды уӕлхъус», «А-ло-лай», музыкӕ киноныв «Фатимӕ»-мӕ.

Композитортӕ бирӕ хатт аздӕх-той се ‘ргом Къостайы ӕмдзӕвгӕмӕ «Я смерти не боюсь». Романстӕ йыл ныффыстой Хъуыцъистаты Фаризӕт ӕмӕ Хъаныхъуаты Ларисӕ. Фӕлӕ Галайы фырты романс агайы зӕрдӕ лаконизм ӕмӕ быцӕуӕвæрдӕй. Романс «А-ло-лай» сарӕзта сылгоймаджы хъӕлӕсӕн ӕмӕ фортепианойӕн. Уый у камерон репертуарӕн диссаджы акварель.

Киноныв «Фатимæ»-йы музыкалон темæтæ дих кæнынц æртæ къордыл:

1. лирикон сценæйы мелоди (æххæст сæ кæны ирон адæмон оркестр); симфонион.

2. трагикон темӕ (ӕххӕст ӕй кӕны симфонион оркестр);

3. цардуаджы уавӕрты мелоди. Кульминацион темӕ у «Додой» – симфонион ӕгъдауӕй ӕххӕстгонд.

1979 азы Хаханты Дудар ныффыста «Фӕндзӕм симфони», кӕцы фыст ӕрцыди Къостайы тыххӕй. Ацы симфонийы автор равдыста поэты хъысмӕт, йӕ курдиатджын ӕнахуыр ӕвзаг, йӕ хъизӕмар адӕмы тыххӕй. Йӕ сӕйраг мидис симфонийӕн у хӕст, дыууӕ ӕхсӕнады ӕхсӕн: поэты монон культурӕ ӕмӕ зӕхкусӕджы хӕст се знӕгтимӕ.Симфонийы пайдагонд ӕрцыдысты зарджыты мелодитæ:«Додой», «Æфсати», «Ӕнӕ хай», «Балцы зарӕг». Кæронбӕттӕны та музыкалон лейтмотивы ӕвдисы авторы тырнындзинад рӕсугъд цардмӕ, кӕцымӕ бӕллыдис  Къоста  йӕхӕдӕг  дӕр.

Плиты Христофор йӕ оперӕ «Фатимӕ»-йы равдыста поэты ахаст адӕммӕ. Ацы оперӕйы фӕрцы систой киноныв «Возвращение Коста». Ӕрыгон композитор Плиты Жаннӕ сарӕзта балет «Фатимӕ», кӕцыйы ӕвдыст цӕуы ирон сылгоймаджы уавӕр.

Къоста тынг уарзта йӕхӕдӕг классикон музыкӕ, бӕлвырддӕр та Чайковскийы музыкӕ. Йӕ номыл ныффыста ӕмдзӕвгӕтӕ: «Памяти Чайковского», «Музе», «О чем жалеть». Ирон эстрадон къорд «Бонвæрнон» дӕр бирӕ нырыккон зарджытӕ ныффыста  Къостайы  æмдзӕвгæтыл.

Къоста уыдис фӕндагамонӕг стъалыйы хуызӕн нæ ирон композитортӕн. Куыд поэтты, афтӕ композиторты фидӕны бирӕ фӕлтӕртӕн Хетӕгкаты Къостайы сфӕлдыстад уыдзӕн, уӕле исгӕбынӕй ахадгӕ хӕзнадоны хуызӕн.

ЦХУЫРБАТЫ ЖАННÆ,

Культурæ æмæ музыкæйы специалист

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.