Æрæджы цы стыр трагеди æрцыд, уый айхъуыст æнæхъæн Уæрæсейыл. Æрыгон чызгы цард аскъуыд йæ тугмондаг, фыдуаг цардæмбалы къухæй, кæцыимæ нал царди. Баззад сæ чысыл саби бынтон сидзæрæй.

Ахæм æнамонд хабæрттæй чи раргом вæййы, уыдон дæр бирæ сты, фæлæ адæмы цæст кæй нæ уыны, сæ хъизæмæрттæ цы сылгоймæгтæ æмбæхсынц, уыдон цас сты. Æвæццæгæн, ахæмты бахъахъхъæныны тыххæй хъæуы сæрмагонд программæ, закъон. Фæлæ уал ныр социалон хызæг “Инстаграм”-ы сайтыл фæзынд змæлд “Хотæ”. Йæ уæнгты нысан у, хæдзары тыхми æмæ æфхæрд чи æййафы, уыцы сылгоймæгтæн æххуыс кæнын. Нырма уал сайтыл мыхуыр цæудзысты, æфхæрд сылгоймæгтæн æххуысæн, алыхуызон посттæ, кæй хъæуа, уый ацы змæлды руаджы райсдзæн юридикон æмæ психологон æх-хуыс. Йæхи баауон кæнын кæй бафæнда, уыдонæн баххуыс кæндзысты рæстæгмæ цæрæн бынат ссарынмæ сæрмагонд приюты, йæ документтæ йын банывыл кæнынмæ… Змæлды организатортæ куыд зæгъынц, афтæмæй уал нырма кусдзысты æнæ официалон æгъдауæй, фæстæдæр сæ зæрды ис се змæлдæн юридикон статус скæнын.

Бафиппайын хъæуы уый æмæ фæстаг æртæ азы ахæм цаутæ республикæйы æрцыд цыппар хатты. Уыдонæй иу “хъæбатыр” уыд нæ зындгонд спортсментæй иу, фæлæ уымæн, хуыцау хорз æмæ,  йæ бинойнаг аирвæзт æрдæгмардæй. Иннæ фæмардуæвæг сылгоймæгтæн се ʻртæйæн дæр сæ удхор цардæмбæлттæ куыстой… пъæлицæйы. Дыууæйæн дзы фæйнæ чызг æмæ лæппу баззад, иннæмæн та дыууæ лæппуйы бынтон сидзæртæй. Æвæдза, диссагыл дис ничиуал кæны. Адæм сæхи барадхъахъхъæнæг органтыл фæдзæхсынц, уыдонæй та чидæртæ æхсæнадмæ уадзинаг не сты. Ахæмтæ худинаг кæнынц, намысджынæй чи кусынц, уыдоны дæр. Кæуыл ма баууæндæм!?

Мæнмæ гæсгæ, иунæг змæлд æмæ организаци дæр ницы сараздзæн, бинонты ахæм ахастыты тыххæй сæрмагонд закъон хаст куынæ ‘рцæуа, уæд. Бинонты хъаугъайæ æмбæлон органтæ дæр сæхи атигъ кæнынц – сæхæдæг бафидаудзысты, зæгъгæ. Æмæ та фыдбылыз æрцæуы. Афтæ уыд Гæджиты Регинæйы хъысмæт дæр. Ныр дзуапп дæттын бахъæудзæн, бинонты бирæ хъæстытæн мадзæлттæ чи нæ сарæзта, пъæлицæйы уыцы кусджыты. Стæй канд уыдон нæ, фæлæ хæдзары ахст уæвгæйæ, сæрибарæй кæй рацу-бацу кодта, уый чи зыдта æмæ йыл чи нæ æрхæцыд, уыдон дæр. Уыдон тынг хорз зыдтой цавæр тæссаг фыдгæнæг у, уый. Лæгмарæн ма йæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты,  уый размæ азты цы фыдракæндтæ сарæзта æмæ æнæфхæрдæй кæмæй æмæ кæй руаджы аирвæзт, уыдон дæр. Ахæмтæн æхсæнады нæй бынат.

Ныртæккæ Уæрæсейы Слестгæнæг комитет æрæвнæлдта аххосджынты сбæрæг кæнынмæ, æмæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй се ʻппæт дæр баййафдзысты карз æфхæрд. Фæлæ, хъыгагæн, ахæм мадзæлттæм рахизынц, куы байрæджы вæййы, уæд…

  Нæ  уацх. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.