Ис ахæм паддзахадтæ, ахæм бæстæтæ, сæ горæтты нымæц нæ республикæйы цæрджыты нымæцæй фылдæр кæмæн у, сæ хъæуты кой ма чи кæны… Фæлæ цард æрмæст бæрц æмæ асæй нæу – Нар гыццыл хъæу у, фæлæ радта стыр Къостайы; Ногир дунейы стырдæр хъæутæн сæ рыджы дæр нæ зыны, фæлæ стыр дунейæн æртæ олимпион чемпионы балæвар кодта…

Ирыстоны хуссар хайы ис ахæм хъæу – Уелит. Нæ хъæутæ нæ цæ-рæн пунктты хсæн нæ дæр стыр хъæутæм хауы, нæ дæр – гыццыл хъæутæм. Цард æмæ цæры йæхи цардæй. Цæры, Ирыстоны иннæ хъæутæ куыд цæрынц, афтæ, фæлæ ууыл дæр разындысты дугивæны дæрзæг къухы фæдтæ, уый дæр æдзæрæгæй-æдзæрæгдæр кæны Ирыстоны иннæ хъæутау. Ис ма дзы хæдзæрттæ, фæздæг кæ-цæй скæлы, уазæгæн æгасцуай кæм зæгъынц, фæлæ къаддæрæй-къаддæр кæны сæ нымæц…

Афтæ цæры Уелит дæр, фæлæ йæ нæ фæнды дугивæны раз йæхи æдыхæй равдисын. Хъæу та цы, адæмы нæ фæнды хъысмæты цæвæнтæн басæттын æмæ æппæт амæлттæй дæр архайынц, кæддæр йæ хъазты фæсивæдæн кафæн бынат кæмæн нæ фаг кодта, уыцы нæргæ хъæуы цæрдгъуызæй æвди-сыныл.

Фезмæлын, фæцарæхсынæн та бирæ нæ хъæуы – сæйраг зæрдæйы фæндон у, æрмæст хъæуы, бæрн-дзинад йæхимæ чи райса, хъæппæрис чи равдиса, ахæм сæрæн гуырдтæ.

Ацы хъæуæй царды уылæнтæ æндæр æмæ æндæр рæттæм кæй ахастой, уыдонæй дæр бирæтæ сæ къух нæ систой сæ кæддæры нæргæ хъæуы фарныл. Гæнæн уæвгæйæ æрцæуынц сæ фыдæлты уæзæгмæ, цымыдис сæ кæны сæ хъæубæсты цард. Уымæн сфæнд кодтой уелиттæгтæ хъæуæмбырд сорганизаци кæнын, цæмæй искуы-иу хатт æмæ иугæйттæй нæ, фæлæ массон æгъдауæй æрцæуой, ацы хъæуæй ра-джы чи ацыд, уыцы æмхъæуггæгтæ алы æмæ алы рæттæй. Ацы ар-фæйаг хъæппæрис сæхимæ райстой Гæбæраты Роланд, Кокойты Олег æмæ Наниты Евелинæ. Æмæ сын бантыст, кæй сфæнд кодтой, уыцы хъуыддаг саразын, уымæн æмæ сæ рæсугъд æмæ хæрзиуæгон хъуыды фæцыд алкæй зæрдæмæ дæр.

Сабаты, сентябры мæйы 28 бон Знауыры районы Уелиты хъæуы уыд диссаджы рæсугъд бæрæгбон. Ардæм æрцыдысты, бæлвырддæр зæгъгæйæ, сæ фыдæлты уæзæгмæ æрæмбырд сты, Уелиты хъæуæй рацæугæ адæмæй нæ горæты чи цæры, æрмæст уыдон нæ, фæлæ Цæгат Ирыстон, Уæрæсейы Федераци æмæ нæ иумиаг Райгуырæн бæстæ – Советон Цæдисы раздæры иннæ республикæты цæрæг уелиттæгтæ дæр. Стæй бæрæгбон æрмæст сæхицæн нæ сарæзтой – фæхуыдтой республикæйы къухдариуæгады, æхсæнады минæвæртты. Фысымиуæг кæныны бæрндзинад сæхимæ райстой Джиоты Алик, Гæбæраты Альберт, Гæджиты Олег æмæ Наниты Нодар.

Адæм, уæлдайдæр та фæсивæд зонгæ кодтой кæрæдзиимæ, цин кодтой кæрæдзиуыл, се хсæн уыд ахæмтæ: иу артæй байуаргæ, хæрз дыккагхæдзæрттæ, фæлæ кæрæдзи федтой фыццаг хатт… Æмæ уый хаста циндзинад алкæмæн дæр. Кæд боныгъæд бынтон зæрдæйы фæндиаг нæ уыд уыцы бон, уæддæр нæ бандæвта уелиттæгты зæрдæты равгыл æмæ æнæхъæн бон ардыгæй хъуыстысты адæмы хъæлдзæг хъæлæба, фæндырдзагъд, ирон зæрæджы зæлтæ

Хъæуы бæрæгбонмæ чи æрцыд, уыдонмæ уæлдай рæсугъд тæл-мæнтæ сæвзæрын кодта Мæскуыйы цæрæг Медойты Андрей. Андрей Мæскуыйы цæры 60 азы, цæуы йыл 88 азы, фæлæ йæ бæрзонд хæрз-конд уæнгты аив бакаст, рог фез-мæлд æмæ йæ цæхæр цæстыты æрттывдæй дисы æппæрста йе мхъæуггæты. Уæлдай дисы та сæ æфтыдта йæ рæсугъд ирон æвзагæй, йæ ирон уæздан æмæ мидисджын ныхасæй… Стæй, æртиссæдз азы Мæскуыйы чи цæры, уыцы кæддæры уелиттаг лæг йæ райгуырæн къуымы зоны алцы дæр æмæ алкæй дæр: чи кæй фырт у, чи кæй чызг у, чи кæм куыста… Цалынмæ пенсийы нæ ацыд, уæдмæ стыр æмæ бæрнон бынæтты фæкуыста Мæскуыйы. Ахæмтæ та сæрхызт вæййынц, æндæргъуызон цæстæй фæкæсынц æндæр, хуымæтæджы адæммæ. Андрей та, хистæртимæ хистæр, кæстæртимæ кæстæр, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм лæг у. Алкæимæ дæр у хуымæтæг, зæххон адæммæ дары зæххон адæймаджы ахаст. Цал æмæ цал адæймагæй уыд фехъусæн уыцы бон арф æмæ зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ ацы хуыцауысконд лæджы тыххæй. Дзырдтой, зæгъгæ, уый йе мбæстаг адæмæн Мæскуыйы фысым фæуынæй йæхи никуы бамбæхста. Мæскуыйы ардыгон лæгæн исты проблемæ фæзынд, зæгъгæ, уæд Андрей – ныфсы лæг, цæттæ фæдисон.

Хуыцау ын бирæ цæрæнбон раттæд! Бирæ-иу фæцæрæд ахæм лæгтæ, сæ цард адæмы хæрзиуæгæн æмæ фæрныгадæн кæмæн у!

Æрмæст ахæм лæгимæ кæстæр-ты базонгæ кæнын йæхæдæг кæ-уылты стыр хъуыддаг у! Ахæм фарны лæгтæ та Ирыстоны алы хъæу, алы мыггагæй дæр ис. Æрмæст хъæуы ууыл кусын, цæмæй иу кæ-ной сæ адæмимæ, сæ хъæубæсти-мæ. Цард æгъатыр æмæ вазыгджын у, фæлæ уый нæ нысан кæны, адæм кæрæдзийæ иппæрд кæной. Кæмфæнды цæргæйæ дæр ис иудзинад агурæн, кæрæдзи цин æмæ цæрайæ цæрæн. Ис бирæ фадæттæ арфæйаг хъуыддæгтæ аразынæн, хъæуы æрмæстдæр фæндон æмæ фердæхтдзинад. Мæнæ уелиттæгтæ кæй равдыстой, ахæм фæндон æмæ фердæхтдзинад. Цæмæй алы ирон хъæуæй дæр хъуыса ирон зарæг.

Æмæ уæд, бауырнæд нæ, нæ цард бирæ рæсугъддæр æмæ мидисджындæр уыдзæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.