21-æм декабры нæ республикæйы Парламенты рабадтыты уæрæх залы уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Журналистты цæдисы цыппæрæм уанел æмæ уым æмхъæлæсæй ногæй цæдисы сæрдарæй æвзæрст æрцыд РХИ-йы сгуыхт журналист, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Харебаты Батрадз. Уый ныртæккæ у РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управленийы сæрдар æмæ бирæ азты дæргъы лæууы РХИ-йы Журналистты цæдисы сæргъ.
Съезды ма фидаргонд æрцыд РХИ-йы Журналистты цæдисы управленийы сконд дæр, кæцымæ бацыдысты нæ бæстæйы дзыллон иформацийы фæрæзты сæргълæуджытæ.

Цыппæрæм съезды куысты хайад райстой Национ политикæ, культурæ, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Тадтаты Алан, РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария, Хуссар Ирыстоны Абхазы республикæйы æххæстбарджын минæвар Елбачиты Алан, Хуссар Ирыстоны Приднестроваг-Молдаваг республикæйы официалон минæвар Плиты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады 2-аг секретарь Юрий Тимощенко, РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры фыц-цаг министр Коцты Станислав, афтæ ма нæ республикæйы журналисттæ.

Радон съезды бæрæгбоны цытæн æппæт журналисттæн дæр арфæ ракодтой Тадтаты Алан, Елбачиты Алан, Плиты Алан, афтæ ма хицæнæй бакастысты нæ республикæйы фыццаг Президент, профессор Цыбырты Людвиг, Цæгат Ирыстон-Аланийы Журналистты цæдисы сæрдар Хъуысаты Тимур æмæ газет «Рæстдзинад»-ы коллективы арфæтæ. Уыдон се ‘ппæт дæр банысан кодтой журналисты куысты нысаниуæг, йæ ахсджиагдзинад  æхсæнадон царды.

Хъотайты Мария йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, журналистты съезд у æнæмæнгхъæуæг мадзал. Фадат дæтты, цæмæйдæриддæр иумæйагæй уынаффæ кæнæм дзыллон информацион фæрæзты æвзæрæг проблемæтыл æмæ сæ иумæ скъуыддзаг кæнæм. Зæгъæм, арæх афтæ вæййы æмæ хицауады бæрнон адæймæгтæ журналисттæн информаци радтын не сразы вæййынц, кæд кæрæдзи хорз фæзонынц, уæддæр. Арæхдæр нæ хъæуы æмбæлын, цæмæй-иу нæ хорз хъуыдытæ кæрæдзийæн радзурæм. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм æмбырдтæ арæхдæр куы уадзæм, уæд нæ куыст уыдзæн бирæ фæстиуæгджындæр», – банысан кодта Хъотайты Мария.

Делегатты съезды боны фæткимæ базонгæ кодта мадзаламонæг Хуриты Батрадз æмæ уый фæстæ хыгъдон доклад сарæзта Харебаты Батрадз. Уый йæ коллегæты зæрдыл æрлæууын кодта Хуссар Ирыстоны журналистикæйы ахадындзинад æмæ йæ тых, афтæ ма кæй хъæуы бакусын, цæмæйдæриддæр не ‘мбæстæгтæ дарддæр дæр æмбæлон ахаст дарой æмæ кад кæной журналисты профессийæн. Харебаты Батрадз банысан кодта, зæгъгæ, Журналистты цæдисы уæнгтæ йæ сырæзтæй фæстæмæ фылдæр кæнынц æмæ абон йе сконды ис 151 адæймаджы. Ныр ацы съезды хайадисджытæй цæдисы сконды чи нæма ис, уыдонæй бирæты, зæгъæм, нæ газеты кусджыты, бафæндыд куырдиæттæ бахæссын, цæмæй сæ коллегæты æмрæнхъ слæууой. Уый ма æрдзырдта, Журналистты цæдисы фыццаг съезд куыд ацыд æмæ дарддæр йæ куыст куыд цыдис, уыдæттыл.

Куыд раздæр, афтæ абон дæр Журналистты  цæдисæн нæй йæхи сæрмагонд бæстыхай, нæдæр ын транспорт ис бахъуыды рæстæджы. Харебаты Батрадз ма куыд банысан кодта, афтæмæй нæ республикæйы алкæцы сфæлдыстадон цæдисæн дæр хицауад афæдзæн рахицæн кæны 400 мин сомы бæрц. Æмæ кæд раздæр бирæ æхцайыл нымад цыдысты, уæд ныр та зын зæгъæн у æмæ истæй фаг кæной. Раздæр-иу уагъд цыдысты сфæлдыстадон конкурстæ, журналисттæ-иу æрвыст æрцыдысты семинартæм æмæ конференцитæм республикæйæ дарддæр. Цæдисы бюджетæй-иу æхцайы фæрæзтæ ахынцыд æрцыдысты алыгъуызон гуманитарон æмæ хæрзаудæн фондтæм.

Харебаты Батрадз йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, РХИ-йы Журналистты цæдис активон хайад исы æппæт паддзахадон мадзæлтты æмæ уацхæсджытæ адæмы рæгъмæ хæссынц гъæдджын информаци æмæ афтæмæй æххæст кæнынц сæ профессионалон хæс. Уый ма бахахх кодта, зæгъгæ, фæстаг рæстæджыты рæзы журналистты нымæц æмæ уыимæ иумæ та хуыздæр кæны сæ профессионалон æмвæзад. Æрыгон кадртæ цæттæ кæныны хъуыддаджы стыр ахъаз у паддзахадон университет.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Журналистты цæдисы куысты архайды сæйраг хъуыддæгтæй ма сæ иуыл нымад у журналистон бастдзинад æндæр сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон организацитимæ æмæ докладгæнæг куыд банысан кодта, афтæмæй ныр хъæуы ахæм куыст райтынг кæнын. «Кæронбæттæны мæ фæнды зæгъын, дарддæр кæцырдæм хъæуы цæуын æмæ цавæр куыст кæнын хъæуы, стæй цавæр фарстатæм хъæуы фылдæр хъусдард здахын, уый тыххæй. Фыццаджыдæр нæ хъæуы бацархайын ууыл, цæмæйдæриддæр не ‘мбæстæгтæ кад кæной журналистон профессийæн. Уыцы хъуыддаджы Журналистты цæдисæн ис йæхи сæрмагонд хæстæ: уый хъахъхъæны профессионалон традицитæ.

Журналистты цæдисы раз бирæ скъуыддзагкæнинаг фарстытæ лæууы æмæ цæдисы ног  разамынадæн бирæ ахсджиаг проблемæтæ уыдзæнис аиуварс кæнинаг. Фæлæ йæ ныры онг куысты фæлтæрддзинад куыд æвдисы, афтæмæй скъуыддзаггæнæн кæмæн  нæй, ахæм фарста нæй. Ам, сæйраджыдæр, хъæуы куыстмæ тырнындзинад. Зынаргъ коллегæтæ, Ног азы бæрæгбон лæууы къæсæрыл æмæ уын арфæ кæнын. Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ уе сфæлдыстадон куысты», – загъта Харебаты Батрадз.

ХАРЕБАТЫ Батрадз: Раздахæм журналисты дæсныйады кад

Съезды ма сæ хъуыдытæ цыбыртæй загътой дзыллон информацийы фæрæзты сæргълæуджытæ. Уыдон се ‘ппæтдæр банысан кодтой ахæм æмбырдты ахсджиагдзинад. Уымæн æмæ афтæмæй рæгъмæ хаст цæуынц сæвзæргæ проблемæтæ æмæ æндæр фарстытæ.

Газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор Дамбегты Иринæ йæ раныхасы арфæ ракодта йæ коллегæтæн æмæ сын сæ зæрдыл æрлæууын кодта 1-æм январы газетыл кæй сæххæст уыдзæн 100 азы. Ацы хабарыл се ‘ппæтдæр сæмбæлдысты дæргъвæтин къухæмдзæгъдимæ. Юбилей банысан кæнынæй дарддæр ма газеты куысты æвзæрынц аскъуыддзаг кæнинаг фарстатæ, уыдон нымæцы – кусджытæй цалдæрæн кæй нæй сæхи цæрæнуæттæ æмæ бахатыд журналисттæм, цæмæй ацы хъуыддаджы сæ фарсмæ æрбалæууой.

Газет Республика»-йы сæйраг редактор Хъоцыты Андрей та йæ раныхасы, сæйраджыдæр, банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны журналистты хайбавæрд у егъау республикæйы сырæзты. Уый дæнцæгæн æрхаста йæ рæстæджы Гуырдзыстоны раздæры президент Эдуард Шеварднадзе кæй басаст, зæгъгæ, информацион хæсты рамбылдта Хуссар Ирыстон æмæ уыдæттæ рох кæнын нæ хъæуы.

Джиоты Аллæ та бахаста фæндон, цæмæй Журналистты цæдисы хъæппæрисæй организацигонд æрцæуой бынæттон журналистты ‘хсæн конкурстæ æмæ-иу уæлахиздзауты схорзæхджын кæной азы кæрон æхцайы премитæй. Ахæм хъуыдыйыл, мæнмæ гæсгæ, алчидæр сразы ис.

Журналистты цæдисы уанелæй

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

 2023 азы

цыппурсы мæйы 21 бон

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.