«Спутник Хуссар Ирыстоны»-ы пресс-центры Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан радзырдта Кавказаг инвестицион равдысты сæ хайад райсты тыххæй. «Ам мах базонгæ стæм нырыккон тенденцитæ уæрæх инфраструктурон æмæ иновацион программæтæ реализаци кæныны перспективæтимæ. Хуссар Ирыстонæн дзы уыд йæхи национ экспозици. Мах дæр бавдыстам «Южный сад»-ы фæткъуытæ, ирон цыхт, натуралон мыд æмæ æнд. Нæ нысан уыд нæ продукци равдисыны фæрцы амалиуæггæнджытæн уæрæх фæндаг радтын. «ЭКСПО»-йы фæзуаты Хуссар Ирыстоны продукци бирæ цымыдисгæнджытæ фæзынд. Стъараполы крайы делегаци нæ фæхуыдтой июны мæйы «День урожая»-йы бæрæгбонмæ. Тагъд Цæгат Ирыстоны та уагъд цæудзæн конкурс «Хуыздæр механизатор». Уым дæр хъавæм хайад райсынмæ.

Министр ма дзырдта нæ республикæйы цæрджыты хъæууонхæдзарадон продукттæй ифтонг кæныны хъуыддаджы ахсджиаг нысаниуæг кæй ис фермерон-зæхкусæгон хæдзарадты архайдæн. Амалиуæггæнджытæн æппæтварсон æххуыс цæуы. Фæлæ сæм уæддæр куысты процессы фæзыны проблемæтæ. «Зæгъæм, мæ коллегæтимæ иумæ æрæджы бабæрæг кодтам Цхинвалы районы Присы хъæуы фермерон хæдзарад. Фермер куыд зæгъы, афтæмæй йæ хæдзарад райтынг кæныны сæйраг цæлхдур у æхцайы фæрæзтæ кæй нæ фаг кæны. Фосдарды хæдзарад райтынг кæнынæн æй, хъæуы æппынкъаддæр 4 милуан сомы. Дыккаг проблемæйыл та фермер нымайы фос дарыны сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнтæ кæй нæ фаг кæнынц. Стур дарынæн фермеры къухы хъуамæ уа 10 гектары бæрц зæхх. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ бирæтæн хæдзарадтæ нæй афтæмæй сæм ис стыр зæххы фадгуытæ. Чи сæ æппындæр нæ пайда кæны, чи та сæ кæрдæг æркæрды æмæ йæ холлагæн ауæй кæны», — загъта Мæргъиты Алан.

Министр ма загъта, уыцы фарстыл æрæджы кæй уынаффæ кодтой Хицауады радон æмбырды дæр. Иу адæймагмæ ма хъуамæ уа ахæм стыр зæхх, уæлдайдæр хæдзарад куы нæ дара, уæд. Министрад фæнд кæны алы фермерон хæдзарады куыстмæ дæр лæмбынæгæй æркæсын, цæмæй сын зона сæ проблемæтæ, стæй цы продукци æркæнынц, уый куыд æмæ кæм реализаци цæуы.

Министрмæ журналистты фарстатæй иу уыд фермеры продукцийы экспорттæн цавæр гæххæттытæ бацæттæ кæнын хъæуы зæгъгæ. Хъæуы УФ-йы ветеринарон æмæ фитосанитарон хъусдарды фæдыл федералон службæйы бары гæххæтт. Кæд æмæ продукци дзуапп дæтта Евразиаг экономикон цæдисы æппæт домæнтæн, уæд æй бахæсдзысты экспортерты реестрмæ«, — бамбарын кодта Мæргъиты Алан.

Хъæууон хæдзарады министрады балансыл ныртæккæ цы техникæ ис, уыдон цы уавæры сты æмæ республикæйы районтæй кæцы бынæтты сты, ууыл дæр дзырдта министр. Ленингоры районы нын ис дыууæ иуæджы техникæ, ныртæккæ сыл кæныц уалдзыгон-быдырон куыстытæ.

Цъинагары зонæйы цы хъæутæ ис, уым, сæйраджыдæр, тауынц хъæбæр хор æмæ уалдзыгон мæнæу. Бантыст сын 100 гектары фæзуат байтауын, фæлæ нырма дæр куыстытæ сæ тæмæны сты. Знауыр æмæ Цхинвалы районты дæлбар дæр нын ис фæйнæ дыгай техникон иуæгтæ. Уыдон дæр ахæм æнгæс куыстытæ кæнынц. Хицæнæй мæ ской кæнын фæнды нæ министрады дæлбар «Ирагропромсервис»-ы тыххæй. Уыдон зæрдиагæй дæр архайынц, цæмæй сæ къухы цы зæронд техникæ ис, уый алыхатт дæр уа куыстхъом”, — зæгъы министр.

Министр ма дзырдта, зæгъгæ, амалиуæгадæн æрвылаз Хицауад цы хатырон кредиттæ радты, уыдонæн сæ фылдæр хай хъæууон хæдзарады фадыджы кæй вæййынц. Ацы аз дæр камис фæнд кæны фылдæр фермертæн æмæ арендатортæн баххуыс кæнын.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.