Донбассæн Уæрæсейы царды цы нысаниуæг ис, æмæ дзы цы цаутæ цæуы, уыдон тыххæй мæ рагæй фæндыд историк æмæ публицист Павел Кухмировимæ аныхас кæнын, фæлæ мæ къухы не ‘фтыд. Уæдмæ та Бандерайы фæдонтæ дæр сæ сæртæ сдардтой. Сæйраг Радæйы трибунæ бацахсгæйæ, райдыдтой сæ домæнтæ æвæрын Украинæйы разамынды раз, ардауæн куыст кæнын, пырх æмæ судзын горæттæ, адæмы марын… Æмæ уæд историкимæ мæ интервьюйы темæ фæуæрæхдæр кодтон…

 

– Павел, чи сты Бандерайы фæдонтæ? Мæнмæ гæсгæ организацион сконд нæу, фæлæ идейæ, фæзынд?

– Уый бамбарынæн, æнæмæнг, историйы æрфытæ къахын хъæуы. Бафиппайын хъæуы уый, æмæ 19 æнусы 60-æм азты онг ницавæр Украинæ уыд. Ацы номæй, кæй зæгъын æй хъæуы, пайда кодтой, фæлæ йæ нысаниуæг уыд æндæр – зæхх, бæстæ, территори, облæст – æндæр ницы нысан кодта. Ома, бæлвырд паддзахады ном нæ уыд. Фæлæ, æнудæсæм æнусы 60-æм азтæй фæстæмæ фæзынд «Украинæйы проект». Фæзынд Хицауады æмвæзадыл нæ, фæлæ кæйдæрты идейæтæй. Бæрæг сты йæ автортæ дæр. Польшæйаг инæлар Людвик Мерославский, кæцы раздæр службæ кодта Уæрæсейы ‘фсады. Иу хатт поль-шæйаг змæстыты рæстæджы аивта империты сконд, фæлæ йæ фæнд куы фæсыкк, уæд алыгъд Австро-Венгримæ æмæ уырдыгæй адарддæр кодта йæ «хæрзаудæн» хъуыддæгтæ.  Ацы адæймаг йæ разы сæвæрдта бæлвырд нысан: ныппырх кæнын уырыссаг адæмы Уæрæсейæн йæхи мидæг.

 – Æмæ йæ уый цæмæн хъуыд?

– Мæнмæ гæсгæ, уый йæ райдианы нырма уыд сыдывд, лыскъзæрдæ адæймаджы мастисын. Фæлæ фæстæдæр йæ къухы бирæ бафтыд. Уырыссаг адæмы ныхмæ провокацион нысантæ æмæ хæслæвæрдтæ æххæст кодта уый. Зындгонд у йæ уарзон ныхас: «Днепр æмæ Доны тыххæй арт бафтауæм æмæ бомбæтæ æрæппарæм Уæрæсейы зæрдæйыл. Уадз æмæ ныффалгæрон уæд. Уырыссаг адæмы ‘хсæн байтауæм фыдæх æмæ æнæуынондзинад. Уыдон сæхи тондзысты сæхи ныхтæй, мах та размæ цæудзыстæм æмæ фидар кæндзыстæм». Ацы адæймаг ссис украинаг бæллицтæ царды уадзæг. Ахæм бæллицтæ царды уадзыныл архайынц ныр дæр бирæ украинæгтæ Уæрæсейы. Уыдонæн сæ нысан у, Уæрæсейы сæ коммæ чи бакæса, уыцы адæмыхæттыты чысыл хæйттыл ныппырх кæнын æмæ сæ кæрæдзийы ныхмæ скæнын.

Афтæ Людвик Мерославский ссис Украинæйы идеолог. Уыцы идейæтæн фæндаг чи байгом кодта, уый та уыд æндæр, польшæйаг националист Павлин Стахурский-Свенцицкий. Фæлæ историмæ бацыд псевдонимимæ – Павло Свий. Æцæг, адоны нæмттæ украинæйы ныртæккæйы националисттæ аууонмæ ссивынц. Уымæн æмæ, уыдоны хъуыддæгтæ куы раргом кæной, уæд ыл хъуамæ басæттой,  Украинæйæ æцæг нæ, фæлæ аразгæ (Искуственный) паддзахад кæй сарæзтой,  уый. Мерославский æмæ Свий æхсæнадæн кæй бауырнын кодтой, уымæн та йæ нысан уыд афтæ: Украинæ Уæрæсе нæу, украинæгтæ уырыссæгтæ не сты.

Украинæ саразыны идейæ, гæнæн ис æмæ ацы дыууæ зондхъуаг адæймаджы æрымысæггаг фантастикæйы æмвæзадыл баззадаид æмæ йæм йæ хъус ничи æрдардтаид, фæлæ ацы идейæйыл сæхи ныццавтой Австро-Венгрийы сæрмагонд службæтæ æмæ йæ сæхи бакодтой. Уæды заман уырыссаг адæм нырма дихтæй цардысты. Галичинаг Уæрæсе уыд Австро-Венгрийы дæлбар. Уыдонæн сæ фылдæр хай уыдысты, Римы католик динæн чи табу кодта, ахæмтæ, унитæгтæ, зæгъгæ, фæлæ сæм уыдис бирæ чырыстон кувæндæттæ. Зæгъæм, дунейыл зындгонд моладзандон «Почаевская Лавра». Ацы унитæгтæ кæд æндæр дин нымадтой, уæддæр удæй уы-дысты сыгъдæг уырыссæгтæ. Сæ сауджын-тæ, стæй адæм бирæгæйттæй здæхтысты чырыстон динмæ. Австро-Венгрийы импери æмбæрста, уый сыл хорзæрдæм кæй нæ сахаддзæн. Уымæ гæсгæ бацархайдта Га-личинайы цæрджыты уырыссаг дунейæ раскъуынын æмæ сæ ныгуылæйнæгтæ скæнын. Уымæ гæсгæ, «Украина – это Европа» фæзынд ныр нæ, фæлæ уæд. Национализмæй чи фæрынчын, уыдоны ныхас-иу уыд: «Мах стæм императорæн табугæнджытæ». Кæй зæгъын æй хъæуы, ныхас цыд Австро-Венгрийы императорыл, кæцы хорзыл нымадта ахæм архайд æмæ сын æнæвгъауæй æхца калдта.

Украинæйы националисттæ  райдыдтой  хуымæтæг архайдæй. Клубты цы къордтæ фæзынд, уыдоны хуыдтой æмæ быдтой на-ционалон дзаумæттæ, архайдтой украинаг æвзаджы фæзилæнтæ хуыздæр базоныныл, уынгты заргæ цыдысты. Æддейæ бакæсгæйæ зындысты æнæхъыгдард. Сæ архайд сын фыдракæндыл ничи нымадта, фæлæ сыл худгæ кодтой. Нымадтой сæ цыдæр хъуагыл. Уымæ гæсгæ сын сæ митæм жандармтæ кастысты иуварсæй æмæ йæ нæ зыдтой цы саразой æмæ йæ кæрон цæмæ цæуы. Хъыгагæн, уæды интеллигенци фæрæдыдысты æмæ ма уæд уырыссаг æвзаджы украинаг диалектæн ноджы рад-той æвзаджы статус дæр. Цæмæн афтæ бакодтой, уый бæрæг нæу. Æвæццæгæн сæм уый фæкастис культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм фæнд.

– Ахæм фæндон чи рахаста?

– Уæрæсейы Наукæты академи. Æгæрыстæмæй, ныхас «Украина» дæр уайтагъд нæ фæзынд. Проекты автортæ 40 азы хъуыды кодтой, куыд æй схоной. Уыд варианттæ «карпатские славяне» сæ схонын, ноджы худæгдæр, «карпатские русские». Æппынфæстаг, æрлæууыдысты украинæгтæ сæ схоныныл. Уæд сæм фæзынд ахæм фæнд дæр, цæмæй украинаг æвзаджы уырыссаг алфавит баивой латинагмæ.

«Украинаг проект» размæ стыр къахдзæф акодта Фыццаг дунеон хæсты рæстæджы. Галичинайы уырыссаг цæрджытæн уæд расидтысты геноцид. Уыцы территорийыл фæзындысты дыууæ концлагеры – Талергоф æмæ Терезин. Уæды заманы дыууæ тæссагдæр бынаты. Иуæй-иу бæрæггæнæтæм гæсгæ, уыцы концлагертыл рацыд милуаны бæрц адæймаджы. Фæлæ æнæ уыцы лагертæй кæй мардтой, ахæмтæ ноджы фылдæр уыдысты. Карпаты, Львовы, стæй ма кæцыдæр уырыссаг горæттæ æмæ хъæуты уыцы рæстæджы цыд тугкалæн тохтæ. Адæмы цагътой æнауæрдонæй. Дæумæ гæсгæ, чи уыдысты уыдон?

– Йæхи украинæгтæ чи хуыдта, уыдон?

– Уæдæ. Фольклор чи æмбырд кодта æмæ уынгты заргæ чи цыди, уыцы «æнæхъыгдард» украинæгтæ. Фыццаг дунеон хæсты мобилизацигонд æрцыдысты æмæ сын хæсгонд æрцыд уырыссæгты ныргæвдын, кæцытæ, уырыссæгтæ кæй сты, ууыл сæ къух нæ систой. Хæсты размæйы Львовы къамтæ куы фенай, уæд дзы иунæг украинаг фыст дæр никуы ис. Æрмæстдæр немыцаг æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Львов уыд уырыссаг горæт. Уырыссæгтæ дзы цард 60 проценты, поляктæ – 30 проценты. Æрмæстдæр дзы дæс проценты уыд украинæгтæ. Афтæмæй Фыццаг дунеон хæсты фæудмæ Львов ссис поляктæ æмæ дзуттæгты горæт. Уырыссæгтæ дзы нал баззад – иууылдæр сæ ныццагътой. Хæдæгай, Ныгуылæн-украинаг республикæ куы сырæзт, уæд Львовы нæ фæндыд йе скондмæ бацæуын. Уый тыххæй, чи дзы царди, уыцы поляктæ тох кодтой украинаг националисттимæ. Ахъуыды кæн, цыппар азы размæ уырыссаг горæт чи уыд, уый цæрджытæ.

Бынтон æвзæр уавæр уыд уæлдæр ранымад концлагерты. Йæ разамонджытæ уацайрæгты раз сæвæрдтой хæс – кæнæ дæхи ныффыс украинагыл, кæнæ фыдмардæй амæлдзынæ. Æрмæст Талергофы лагеры ныццагътой 100 мин адæймаджы. Чи-иу сразы украинаг суæвыныл, уыдонæн та марын кодтой, чи нæ разы кодта, уыдоны. Уыцы ран хъуырмæ туджы æхсыстысты Бандерайы фидæны фæдонтæ. Хæдæгай, уæд Степан Бандера уыд Ныгуылæн Украинæйы æфсады кæстæр афицер. Æмæ уæд уыцы адæм та, сæ зондахаст афтæ кæмæн аивтой, йæ фыдæлтыл йæ къух чи систа, йе ‘мбæлтты чи мардта, уыцы адæм абон раздæхтысты фæстæмæ æмæ сын сæ фыдра-кæндтæ уынæм. Уый фæстæ Галичинайы иу хай бацыд Польшæйы скондмæ æмæ уым ноджы сытынг уырыссæгты ныхмæ змæлд, кæцыйы сæргъы æрлæууыд Бандера æмæ йын организаци дæр йæ номыл схуыдтой.

Хъыгагæн, ацы националистты змæлд сфидар кæнынмæ фæстæдæр стыр бавæрд бахаста советон хицауад. Уый сарæзта Украинæйы Советон Социалистон Республикæ, кæцыйы разамонджытæй баурæдтой æгъатыр националистты куыд Винниченко, Сосюра, Грушевский. Адон бæлвырддæр æрлæууыдысты национализмы рæзтыл, адæмы тыхукраинæгтæ скæныныл.

– Павел, Украинæйы ды цы схонис, кæй зонæм, ахæм бæстæ æви идейæ. Цы у Украинæ?

– Украинæйы уæвынады иунæг нысан у Уæрæсейы ныхмæ аккаг хæцæнгарз басгуыхын. Æз æм æндæр идейæ нæ уынын. Ныртæккæ Донбассы цы хæст цæуы, уымæн мыййаг исты экономикон нысан нæй, кæнæ хуымæтæг регионалон конфликт нæу, кæцыйы баныхас кæныны руаджы банымæг кæнæн ис. Ацы хæст у мæлæтдзаг. Æмæ дзы ныхæй-ныхмæ сæмбæлдысты Уырыссаг Дуне æмæ «украинаг проект», кæцытæ сты кæрæдзийæн бынтон æцæгæлæттæ. Кæцытæн иу планетæйыл цæрæн нæй. Ацы тугкалæн хæстæн,  абон уа æви сом – æнæрцæугæ нæ уыд. Фæстаг сæдæ азы æппæтдæр цыд уымæ. Ацы хæсты хъуамæ баззайа сæ иу. Æндæрхуызон фæуæн ын нæй. Кавказы хæстау сæдæ азы куы фæхæцой, уæддæр дзы иу хъуамæ фæуæлахиз уа. Хъыгагæн, Уæрæсе рагæй фæстæмæ аккаг аргъ нæ кæны Украинæйæ цы æрдхъирæнтæ цæуы, уыдонæн.

– Цæмæй зæгъыс?

– Уæрæсейы Хицауад нымайы, «украинаг проект» нырмæ калмæн йæ лæппын кæй у, уый, кæцыйæ фæстæдæр равзæрдзæн «украинæйы наци». Фæлæ уый афтæ нал у. Проекты фыццаг къæпхæн раджы фæцис, наци цæттæ у йе «знæгты» ныхмæ. Уый, фыццагдæр, равдыстой 2014 азы Украинæйы паддзахадон фæфæлдæхты рæстæджы.  Калм лæппын кæй нæ уал у, фæлæ тæссаг хилæг, уый та уæлдай хатт рабæрæг 2-æм майы Одессæйы цæрдудæй цы адæмы басыгътой, уымæй. Ацы цæрæгойтæ цæрынц æмæ хъуыды кæнынц æндæрхуызон, æндæр сты сæ нысантæ. Фæлæ, хæларæй цæрын чи уарзы, уыцы Уæрæсейы нæ фæнды уый уынын, йæ зæрдæ дары хуыздæр фидæныл æмæ дис кæны: уыцы чысыл калмæн æхæм дзæмбытæ куыд ис, йæ марг та тугмæ куыд бахауы…

Иуныхасæй, «украинæйы проект» нацийы ныхмæ хæцæнгарз нал у, фæлæ æнæхъæн цивилизацийы ныхмæ.

– Куыд, ома?

– Уырыссаг Дунейы ныхмæ хæцæнгарзæн аивтой йæ нысан. Ныртæккæ нал тырнынц уыцы дунейæ Хуссар Уæрæсейы æмбис ратоныныл, фæлæ хъавынц  Уæрæсейы æнæхъæнæй аныхъуырынмæ. Уымæн æвдисæн Бандерайы режим Киевы, кæцы сæмбырд кодта 200 мины æфсад. Фæлæ ныхмæлæуды тасдзинад хæцæнгарзæй уыййас нæ цæуы, фæлæ идейæты æмвæзад æмæ нысæнттæй, цивилизацион кодты аивынæй.

Зоныс, ракы клеткæты ныхмæ адæймаджы организм цæуылнæ тох кæны? Уымæн æмæ сын иу ДНК ис. Ам дæр уавæр æнгæс у. Мах иу адæм стæм, иу цивилизаци. Æмæ «Украинæйы проект» саразджытæ бавдæлдысты æмæ уырыссаг цивилизацийы апп систой æмæ йæ æнахъион мутацийы сæвдылдтой. Ныр нын æппæтдæр у ныхмæ æвæрд. Махæн зынаргъ цы у, уый уыдонæн æнæуынон у. Уыдон тырнынц, цæмæй Бандерайы плацдармæй Уæрæсемæ аивыла антиУæрæсе. Уымæн та йæ нысан у, цæмæй уырыссаг адæм сæ къух сисой сæ цивилизацион хиæмбарындзинадыл, сæхи ныгуылæн цивилизацийы иу хай схоной. Иу хай дæр нæ, фæлæ йæ фæсдуар æппæрст  æрцæуой.

Афтæ чи хъуыды кæны, Уæрæсейы уымæн уæвæн нæй, уымæ кæнæ информаци фаг нæй, кæнæ йæ зонд уыййас нæ ахсы. Раст куы зæгъæм, уæд уыцы марг Уæрæсемæ æрбахæццæ. Уыцы уавæр тæссаг у алкæмæн дæр. Æгæрыстæмæй, цивилизацийы ныхмæ чи тох кæны æмæ йæ уæлахизыл чи ууæнды, уыцы националисттæн дæр. Уымæн æмæ украинаг антиУæрæсе у мæлæтхæссæг. Йæ иунæг нысан – Уырыссаг Дуне скуынæг кæнын. Уый фæстæ никæйуал хъæудзæн йæхæдæг дæр æмæ уый дæр хъуамæ амæла. Ныгуылæн бæстæтæ Украинæйы къухæй Уæрæсейы куы ныппырх кæной, уæд сæ æнæхъæугæ бызгъуыры æппæрст акæндзысты сæхи дæр. Кæнæ та фесафдзæн йæ территори æмæ ныгуылæны къуымты æгадæй батайдзæн. Украинæйы националисттæ уымæй сæхи физикон æгъдауæй скуынæг кæндзысты.

Уый тыххæй мæ ныхас æдзух фæлхатт кæнын: ныртæккæ цы хæст цæуы, уый хъуамæ фæуа кæнæ Львовы, кæнæ Мæскуыйы. Æртыккагæн уæвæн нæй…

                          Елизавета РЕЗНИКОВА

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.