Уӕвгӕ, цас хъару ӕмӕ тых, ӕвзыгъддзинад, фӕразондзинад, уарзт ӕмӕ бӕллицтӕ ӕрӕмбырд вӕййы иу адӕймагмӕ зӕрдӕйы фӕндиаг хъуыддӕгтӕ сӕххӕст кӕныны тыххӕй. Уыцы ахсджиаг ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ ӕввахс ӕрбайсы ӕмӕ йын нал вӕййы ӕрӕнцой, цалынмӕ сӕ ахицӕн кӕна, уӕдмӕ. Иугӕр йӕ бакӕнгӕ куыст йӕхи зӕрдӕмӕ фӕцыд, фӕцӕудзӕн ӕндӕрты зӕрдӕмӕ дӕр, уӕд цины ӕнкъарӕнтӕй зӕрдӕ айдзаг вӕййы, хуры тынтӕ йӕ ноджы тынгдӕр цыма батавынц, йӕхи фӕхаты афтӕ. Ахӕм куыстуарзондзинадӕй хайджын уыд ӕмӕ абоны онг дӕр ахӕмӕй баззад Тадтаты Юзӕ Уасилы чызг.

Йӕ организаторон миниуджытӕ йын куы фӕхатыдысты уӕды областы разамонджытæ, уӕд кусын райдыдта Цхинвалы районы Культурӕйы хайады хистӕрӕй. Тадтон йӕ фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ аныгъуылд куысты, домдта ӕмӕ уавӕртӕ арӕзта йӕ дӕлбаруӕвӕг кусджытӕн культурон-рухсадон куыст ӕмбӕлон ӕмвӕзадмӕ схизынӕн. Раст у, уымӕй размӕ дӕр дзы куыст мӕгуырау нӕ цыд, фӕлӕ алцӕмӕн дӕр ис хуыздӕргӕнӕн, бӕрзонддӕр ӕмвӕзадмӕ исӕн, алыхуызон фӕрӕзтӕй пайда кӕнӕн. Афтӕ куы уа, уӕд адæм хайджын уыдзысты культурӕйы хӕрзиуджытӕй, сӕ зӕрдӕмӕ йӕ ӕввахсдӕр ӕрбайсдзысты. Ӕппӕт уыдӕттӕ зӕрдыл даргӕйӕ, Юзӕ дӕр хъуыды кодта ног амӕлттӕ агурыныл ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ йӕ куыст ӕххӕст кодта, афтӕ домдта йӕ дӕлбаруӕвӕг кусджытӕй дӕр.

Ацы бынаты фондз азы бакусыны фӕстӕ ахъуыды кодта, цӕмӕй куыстмӕ ногдзинад бахӕсса ӕмӕ аххӕсса суанг областы фӕлгӕттӕм. Уымӕ гӕсгӕ 1982 азы февралы мӕйы йӕ комкоммӕ разамындӕй сырӕзт ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг, поэт, нӕ адӕмы буцдзинад «Хетӕгкаты Къостайы ӕхсӕнад».  Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дзӕвгар фыдӕбон ӕмӕ хъару бахардз кодта, фӕлӕ иугӕр ӕнтыст йӕ къухты бафтыд, уӕд уыдӕттӕ мурмӕ дӕр нал ӕрдардта. Уыцы аз октябры мӕйы Цъунар-Къостайыхъӕуы фыццаг хатт уӕрӕхӕй банысан кодтой поэты райгуырды кадджын бӕрӕгбон. Ацы хъуыддаджы йын хорз ӕххуыс бакодтой хӕдзарады директор Хъоцыты Хъазбег, хъӕуӕххӕсткомы сӕрдар Кокойты Илья, агроном Дыгъуызты Таймураз, хъӕубӕстӕ, уӕлдайдӕр та фӕсивӕд. Поэты бӕрӕгбонмӕ ӕрхуыдтой ӕмӕ дзы хайад райстой уӕды областы алы районтӕй цалдӕр хъӕуы. Уыдонӕй алчи дӕр йӕ къӕсы равӕрдта дзаджджын фынг, уагътой поэты тыххӕй бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ. Фӕлӕ ууыл не  ‘рлӕууыд, сфӕнд кодта ацы бынаты хӕдзар-музей саразын, уый тыххӕй уал уыцы бынаты ӕрӕвӕрдта стыр къӕйдур сомбоны Къостайы хӕдзар-музей саразыны тыххӕй. Фӕстӕдӕр дзы ныссагътой хихджын бӕлӕстӕ ӕмӕ дзы сырӕзт аллея, иу дзы цӕуы Къостайы цыртмӕ, иннӕ та йӕ музеймӕ.Уӕдӕй фӕстӕмӕ ацы хъӕуы ӕрвылаз дӕр уӕрӕхæй нысан кæнæм Къостайы райгуырды кадджын бӕрӕгбон..

Фӕлӕ та ӕхсӕнад ноджыдӕр ахъуыды кодта Тадтаты чызджы фӕндонӕй ӕцӕг ирон чындзӕхсӕв скӕнын ӕмӕ та йын уый дӕр бантыст. Хуссар Ирыстоны Республикӕйыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн уый уыд Хицауады хӕдзармӕ ӕввахс, бӕрӕгбоны адӕм тынг фӕцин кодтой ӕвзонг цардбӕллон ӕмкъӕйттӕ Мамытаты Геннади ӕмӕ Хъотайты Агуындӕйы амондыл, уый фӕстӕ сӕ афӕндараст кодтой, цы ног фатер сын балӕвар кодта нӕ Хицауад, уырдӕм. «Къостайы ӕхсӕнад»-ӕн ма бантыст кинофильм «Фатимӕ»-йы Фатимӕйы роль ӕххӕстгӕнӕг Тамарӕ Кокова, Джамбулаты ролы хъазӕг Отар Мегъуынæ-Хуцусета, кинофильмы режиссер Владимир Валишвили ӕмӕ ӕндӕрты нӕ горӕтмӕ ӕрхонын. Уазджыты ‘хсӕн ма уыдысты ӕмӕ сӕ бахъӕлдзӕг кодтой Билаонты Долорес, Гӕздӕнты Булат, Бӕцӕзаты Юри, Хуыгаты Анатоли ӕмӕ ӕндӕртӕ. Зӕрдылдарынӕн Тамарæ Коковайӕн Тадтаты Юзæ ӕмӕ йӕ чызг сӕхи номӕй бакодтой зынаргъ лӕвӕрттӕ. Ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕстӕджыты ауагътой изӕртӕ «Къоста ӕмӕ театр», «Къоста ӕмӕ сывӕллӕттӕ», «Сидзӕргӕсы мад». Уымӕй уӕлдай ма рауагътой дыууӕ поэтикон ӕмбырдгонды. Фыццаг мыхуыры рацыд 2000 азы ӕмӕ йӕм бахастой Габуты Хазби, Плиты Серги, Хаситы Вильгельм, Кокойты Пора, Хуыгаты Ритӕ, Кокойты Жаннӕ, Къуезерты Фатимӕ, Ӕлборты Шоренӕ, Чехойты Оля, Гаглойты Изольдӕ ӕмӕ ӕндӕрты ӕмдзӕвгӕтӕ. Дыккаг чиныг та мыхуыры фӕзынд 2003 азы ӕмӕ хуыйны «Хӕдзаргӕ дуг» ӕмӕ дзы сты 19 авторы уацмыстӕ. Ныр дӕр, Къостайы райгуырды 160 азы цытæн цӕттӕ кӕнынц райдайгӕ авторты æмбырдгонд ахӕм номимӕ «Аивад – сӕ табуйаг», фыццаджы уыдзӕн ӕмдзӕвгӕтӕ, дыккаджы та уыдзысты радзырдтӕ ӕмӕ пьесӕтӕ. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй «Ирон фӕндыр»-ы рацыдыл та сӕххӕст 120 азы ӕмӕ киноныв «Фатимӕ»-йы рацыдыл 60 азы ӕмӕ уыцы ахсджиаг бӕрӕгбонтӕ дӕр банысан кӕндзысты кадджын ӕгъдауӕй. Къостайы райгуырды 80 азы юбилей куы уыд, уӕдӕй йын цы нывтӕ, къамтӕ ӕрхӕццӕ, уыдон дӕр сӕм сты ӕмӕ сӕ хъуамӕ сног кӕной. Бацӕттӕ кӕндзысты уыдонӕй равдыст кинотеатр «Чермен»-ы. «Фатимӕ»-йӕ бацӕттӕ кӕндысты ӕмӕ ауадздзысты чиныгкӕсджыты конференци, цӕттӕ йӕ кӕнынц ахуыргӕнджытӕ Къӕбулты Зоя ӕмӕ Дыгъуызты Лианӕ. «Къостайы ӕхсӕнад»-ы сӕрдар Тадтаты Юзӕ, ӕхсӕнады уӕнгтӕ Наниты Асиат, Джиоты Валери, Таугазты Дзерассӕ ӕмӕ Къӕбулты Зоямӕ ноджыдӕр ис бирӕ фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сӕ царды ауадзыныл кусынц хъаруджынӕй.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.