18 октябры уагъд æрцыд РХИ-йы Парламенты дыккаг сессийы æртыккаг рабадт. Уагъта йæ РХИ-йы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Гасситы Петр.

Сессийы æруынаффæ кодтой «Петербургы фыццаг ирон минæварадыл 270 азы сæххæсты сæраппонд» майдан сфидар кæныны фарстыл.

Гассийы фырт банысан кодта, зæгъгæ, уый Ирыстонæн тынг ахсджиаг, историон æгъдауæй нысаниуæгджын бон у. Ирыстонæй Санкт-Петербургмæ цы минæвæрттæ æрвыст æрцыдысты, уыдон фæстæдæр амардтой. «Уыцы адæм, комкоммæ зæгъгæйæ, сæхи снывонд кодтой Ирыстоны хæрзиуæгæн», – банысан кодта уый.

Майдан суыдзæн РХИ-йы паддзахадон хорзæх.

Майданæй хорзæхджын цæудзысты æддагон политикæ, зонад, ахуырад, культурæйы фадгуыты зынгæ архайджытæ, æхсæнады зынгæ минæвæрттæ, кæцытæ сæ хайбавæрд бахастой РХИ-йы паддзахадон политикæ реализаци кæнынмæ, афтæ ма хорзæхджы цæудзысты фæсарæйнаг æмбæстæгтæ, æхсæнадæмон æмгуыстад рæзын æмæ сабырад сифтонг кæныны, иумæйагадæймагон идеалтæ æмæ гуманитарон хæзнатæй сфидар кæныны нысанæн, афтæ ма паддзахадон æмæ дипломатон архайды се ‘нтыстыты тыххæй.

Сессийы рæстæджы депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты «Петербургы фыццаг ирон ми-нæварадыл 270 азы сæххæсты сæраппонд» майдан сфидар кæныныл.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.