Хетӕгкаты Къостайы ”Ирон фӕндыр” у Аланыстоны поэтты монон рагфыдыбӕстӕ. Цал ӕмӕ цал стихамайӕджы сырӕзт йӕ алӕмӕтон зӕлтӕм хъусгӕйӕ! Цас курдиатджын адӕм слӕууыдысты уый фӕрцы национ литературӕйы тырысайы бынмӕ! Къостайы аивзӕл фӕндыры хӕрзаудӕн ӕндӕвдад сӕ хуыдта, историон ахаст кӕмӕн уыдис, ахӕм аивадон архайдмӕ. Гъе, уымӕ гӕсгӕ ”Ирон фӕндыр” нымад цӕуы Зӕххы къорийы цытджындӕр чингуытӕй иуыл. Къостайы фӕрцы йӕ дуджы ӕвӕрд ӕрцыд XIX ӕнусы ирон классикон литературӕйы бындур. Ам цы хъуыдытӕ ӕмӕ поэзийы хуызтӕ сӕвзӕрдысты, уыдон сӕрӕвӕрӕн систы ӕнӕхъӕн ссӕдзӕм ӕнусы дзырдаивадӕн дӕр.

Хетӕджы-фырты ныхасыздӕхтон уагӕвӕрд ссис ирон литературон ӕвзаджы суадон, ӕмӕ, цы бӕркадджын ӕвзартӕ суагъта йӕ сатӕгӕй, уыдон абон дӕр сты фӕзминаг. Уыцы бӕрнон ӕмӕ ахсджиаг куыст ӕххӕстгонд цыдис тынг зын уавӕрты, ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ ӕмзӕрдӕйӕ, ӕмзондӕй, ӕмуӕхскӕй архайдтой нæ адӕмы царддӕттӕг тыхтӕ ӕгасӕй дӕр. Ӕмбисондӕн баззадысты Гӕдиаты Секъа, Коцойты Арсен, Къубалты Алыксандр, Хъайтмазты Ас-лӕмырзӕ, Гуырдзыбеты Блашка, Байаты Гаппо, Ӕмбалты Цоцко, Цӕлыккаты Ахмӕт, Брытъиаты Елбыздыхъо, Гӕдиаты Цомахъ ӕмӕ иннӕты рухс нӕмттӕ.

Уыцы фӕлварӕн дуджы сфӕлдыстадон интеллигенцийы монон фӕтӕгыл нымад цыдис Хетӕгкаты Къоста. Ӕмӕ уым диссагӕй ницы уыд. Поэт ӕмӕ йӕ аивадон фӕлтӕры тӕваг се ‘мдугонтыл уыдис ӕнӕкӕрон. Канд нӕхи адæм нӕ, фӕлӕ ӕгас Цӕгат Кавказы цæрджытӕ дӕр сӕ ныфсытӕ бастой Къостаимӕ. Автор, йӕ “Ирон фӕндыр”-ы рацыды фӕстӕ хасты уӕв-гӕйӕ, алы адӕмты минӕвӕрттӕй иста бирӕ фыстӕджытӕ. Йӕ хъуыдыты сыгъдӕгдзинад, хи нывондӕн хӕссынмӕ йӕ диссаджы цӕттӕдзинад, ӕппынфӕстаг, ӕнӕфӕцудгӕ ӕууӕнк сӕрибар, ӕмбарад ӕмӕ ӕфсымӕрады идеалтыл – фидарӕй баиу кодта ирон фысджыты ӕгасӕйдӕр, кӕд сӕ тохы мадзӕлттӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кодтой, уӕддӕр. Йе ‘мдугонтӕй иу – Хъаныхъуаты Инал – уый тыххӕй уырнинагӕй фыста: “Фыссӕг басудзы йӕхи: хъарм бахъахъ-хъӕнӕн нӕй, искӕмӕн ӕй куы дӕттай, уӕд”. Къостайы монон фӕдонты миддунейы рӕзгӕ-ивгӕ цард иу арӕны лӕууыдис уӕды историон уавӕрты ныхмӕвӕр-димӕ. Сӕрибар бӕллицты уӕл-тӕмӕнадӕй – историон цардарӕзтмӕ – ахӕм уыд, Хетӕджы-фырты алыварс чи лӕууыдис, уыдоны ӕхсӕнадон сагъӕсты идеологион ӕмӕ психологион уа-гӕвӕрд.

Къостайы дуджы ирон поэзимӕ ӕрбацыдис хизонынад ӕмӕ национ химбарынады вазыгджын хъуыдытӕ. Уый адыл нӕ дзырдаивады хъӕлӕс райхъуыстис æххӕст ӕмӕ бирӕвӕрсыгӕй. Ӕмӕ уыцы бирӕхуызад ӕмӕ ӕххӕстад систы адӕмы хӕрзаив зарӕг. Цытджын поэты фӕдонтӕ аивадон ӕнтысты фӕрцы райстой стыр ахадындзинад. Уыдон бахостой бирӕ фӕлтӕрты зӕрдӕтӕ ӕмӕ сӕ схор-зӕхджын кодтой зонды рухс, зӕр-дӕйы хъарм ӕмӕ уды рӕсугъддзинадӕй. Къостайы дугӕн ирон литературӕйы уыдис йӕхи ӕнӕбаивгӕ комулӕфты хӕрздӕф. Ӕмӕ уый, уыцы комулӕфт, зынгӕ сбӕлвырд кодта поэты архайды дарддӕры фӕндаг. Хъуыддаг уый мидӕг уыдис, ӕмӕ Хетӕджы-фырты размӕцыд национ дзырдаивады райхъал кодта социалон прогрессы иумӕйаг ӕууӕлтӕ. Уырдыгӕй та скӕнӕн ис ахӕм хатдзӕг: “Ирон фӕндыр” – уый хуымӕтӕджы чиныг нӕу, фӕлӕ цытджын гуманисты, фидӕны ивддзинӕдты фидиуӕджы зӕрдиаг зарджыты алдымбыд. Уыдоны мидӕг бацыд поэты цард, удыхъӕд ӕмӕ уарзт йӕ иузӕрдион адӕммӕ. Уымӕ гӕсгӕ дзы мах уынӕм “Ирон ӕхсӕндзарды энциклопеди”. Йе сфӕлдисӕг нӕ разы ӕрлӕууы ӕрмӕст поэтӕй нӕ, фӕлӕ дзыллӕйы национ химбарынады бындурӕвӕрӕгӕй.

Куыд бафтыди йӕ къухы ахӕм алӕмӕттаг хъуыддаг сфӕлдисын? Ацы фарстӕн дзуапп ссарыныл ирон ахуыр-гӕндты иу ӕмӕ дыууӕ фӕл-тӕры нӕ архайдтой. Сӕ удвӕллой куысты фӕрцы бӕрӕггонд ӕрцыдысты вазыгджын ӕууӕлтӕ ӕмӕ миниу-джытӕ. Фæлæ, Джусойты Нафи куыд загъта, афтæмӕй дзы нырма дзуаппытӕй фарстытӕ фылдӕр сты. Ӕмӕ уымӕн бамбарӕн ис, уымӕн ӕмæ ныхас цӕуы, Къостайы ном ӕрдзон хуызы кӕдӕм бацыд, уыцы ирон адӕмы монон рӕзты ирддæр сыфтӕй иуыл. Уымӕ гӕсгӕ иу кӕнӕ иннæ ӕмбарынадæй аразгӕ уы-дзӕн, поэты сфӕлдыстадимӕ баст зонадон-иртасӕн æмӕ литературон-критикон фарстытӕ алыг кӕнын чи сфӕнд кӕна, уымӕн йæ хъуыддаг. Уымӕй бацамонæн ис, ирон литературӕйы размӕцыдмӕ фӕстаг 100 азы цы цымыдисыл ӕмбӕлӕм, уый. Кӕд 1939 азы А.А.Фадеев йӕ развӕлгъау ныхасы бацамыдта, зӕгъ-гӕ, “Къоста-поэты ном бацӕудзӕн Зӕххы къорийы ӕппӕты бӕрзонд-дӕр нӕмтты рӕгъмӕ”, уӕд, 20 азы фӕстӕ та Н.С.Тихонов фидарӕй скодта ахӕм хатдзӕг: “Уый (Къоста – Х.Б.) ныридӕгӕн бацыд дунеон классикты цытджын бинонты ӕхсӕнмӕ”. Бафиппайыны аккаг у, уыцы цымыдис канд йӕ поэтикон уацмыстӕ кӕй не ‘взӕрын кӕнынц, фӕлӕ йӕ литературон-публи-цистон бынтӕ дӕр, уый.

Къоста йӕ “Ирон фӕндыр”-ы схызт аивадон ныхасӕй архайыны бӕрзонддӕр ӕфцӕгмӕ. Ӕндӕр ран афтӕ тӕхгӕ-нӕргӕ ирдӕй йӕхи нӕ равдыста генион поэты монон ӕххӕстад. Уый уымӕн афтӕ рауад, ӕмӕ Хетӕджы-фыртмӕ уыдис йӕ адӕмы судзгӕ историйы стӕм симфонион ӕнкъарынад. Гъе, ахӕм уавӕртӕ ӕркӕнынц адӕймаджы искӕцы поэты ӕмбудынад уидӕгты рухсы онг банкъарынмӕ. Къостайы “фӕндыры” симфонион ӕнкъарынад та ма уымӕй уӕлдай адӕймаджы иннӕрдӕм ахизы, йӕ буары чырӕгты афтӕ ӕрфидар вӕййы, ӕмӕ сӕ райсы уацары. Уый фӕрцы поэты хъисын фӕндырӕй цы зӕлтӕ азӕлы, уыдонӕй алчи дӕр райсы арвӕрдыны хуызтӕ ӕмӕ нӕ баппары алӕмӕтаг ӕххӕстады. Бынтон диссаг та уый вӕййы, ӕмӕ, ӕмиуадон ӕгъдауӕй куыд рӕсугъдӕй азӕлынц, афтӕ хицӕнтӕй дӕр. Къоста уыцы ӕвидигӕ фӕзындӕн цардхъомыс тыхтӕ куы лӕвӕрдта, уӕд дзы ныуулӕфыди йӕ удварны уӕлтӕ-мӕнад, ӕмӕ дзы райгуырди ӕмбисонды чиныг, ирон ӕцӕгдзинад ӕххӕстӕй кӕм бацыд, ахӕм ӕрвон фӕзынд.

Ирон поэттӕй Хетӕджы-фырты уды симфони фыццагдӕр чи бан-къардта, уыдонӕй иу уыдис Малиты Георги. Йӕ рӕстдзӕвин хъуыды “Йе ‘мдзӕвгӕ – уды цӕхӕркалды”-уырнинагӕй равдыста “кавказаг поэзийы зынгхъахъхъӕнӕджы” (Расул Гамзатов) бӕрзонд нысаниуӕг ӕмӕ йе сфӕлдыстады сӕйраг миниуӕг. Уыцы цӕхӕркалды рухс ссардта бузныгады ӕнкъарӕнтӕ йе ‘мдугонты ‘хсӕн, ирон зӕрдӕты та судзгӕ ацыд. Цас карздӕр уыди йӕ иубӕстон адӕмы ӕфхӕрд, уый бӕрц тыхджындӕр ӕмӕ ӕнӕсӕт-тондӕрӕй хъуыстис йӕ ныхас тыхбарады ныхмӕ. Гоген нын уый тыххӕй ныууагъта ӕмбисонды метафорӕ: “Хӕдхӕцæгады ныхмӕ тохӕй гуырынц генитӕ”. Йӕ программон ӕмдзӕвгӕ “Ныстуан” ӕмӕ йӕ иннӕ уацмысты поэт-патриот, поэт-гражданин, поэт-гуманист хъусын кодта, фӕстаг улӕфты онг адӕмӕн лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, уый. Дзыллӕйӕн удуӕлдайӕ лӕггад кӕнын поэтӕн уыдис йӕ царды сӕйраг мидис – йӕ уды цӕхӕркалд.

Уыцы ныхӕстӕ Къостайӕн цы нысан кодтой, уый тыххӕй ӕппӕты растдӕр загъта поэт йӕхӕдӕг: “Кувын ӕмӕ уарзын, уарзгӕйӕ хъизӕмар кӕнын алкӕй тыххӕй… О, алкӕй тыххӕй! Уый сӕвӕрдтон ӕз мӕхицӕн царды нысанӕн. Мӕ разӕнгарддзинадӕн арӕнтӕ нӕ уыдис”. Ацы ныхӕстӕ ма нын иу хатт куыд равдыстой, афтӕмӕй Хетӕджы-фырты сфӕлдыстады фӕлдзусады ӕххӕстад, фыццаджыдӕр, агурын хъӕуы йӕ “Ирон фӕндыр”-ы мидӕг. Уыцы генион ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонды автор, уыцы-иу рӕстӕг, цы поэтикон сгуыхт ӕмӕ рухсхӕссӕджы удварн равдыста, уымӕн нырма фаг аргъгонд нӕма ӕрцыд. Поэты зӕрдӕйы тӕгты ӕвидигӕ уӕлтӕмӕнад сфӕлдыста диссаджы нывӕст уацмыстӕ. Йӕ алы рӕнхъы дӕр ирон уды хъӕздыг мидис кӕмӕн бацыд, уыдон Леуаны фыртӕн ӕрхастой ӕппӕтадӕмон бузныгад ӕмӕ дун-дунеон номы кад.

Къоста йӕ дзыллӕйы дунембарынады аивта сӕ ахаст поэзимӕ, ӕнӕсбаргӕ йын фӕуӕрӕхдӕр кодта йӕ хъусдард ӕнӕцӕугӕ хӕзнатӕм. Йӕ алыварс уӕвынады ӕцӕгдзинады ӕнкъард фарстытӕ поэт ахӕм сатӕг цӕстытӕй федта, адӕмы ӕфхӕрд йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ хӕстӕг райста, раст цыма фидӕнӕй ӕрбацӕуӕг адӕймаг уыдис, ӕмӕ, ӕцӕг цард фенгӕйӕ, дисы бацыд. Йӕ аивадон уацмысты ӕнӕфӕлхатгӕнгӕ нывты уый схызт Шекспиры трагизмы, Дантейы ӕнкъарынады, Тютчевы уынынады, Гоголы худынады ӕмӕ Пушкины ирдады ӕмвӕзадмӕ. Ӕмӕ уым ис “Ирон фӕндыр”-ы ӕнусон кад ӕмӕ рад, фарн ӕмӕ ӕгъдау.

ХОЗИТЫ Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.