Цхинвалы районы Администрацийы Культурæйы управлени (йæ сæргълæууæг Гаглойты Ростислав) кæддæриддæр алы бæрæгбонмæ дæр йæхи бацæттæ кæны хорз æмæ йæ ауадзынц бæрзонд æмвæзадыл. Уый та кæнгæ у, алы культурæйы кусæг дæр кæй æнкъары бæрндзинад æмæ уый фæстиуæгæн барухс кæнынц хъæууон цæрджыты зæрдæтæ сæ аивадон ралæудæй. Культурæйы управленийы хорз архайдыл банымайын хъæуы уый дæр, æмæ фылдæр хатт хъæлдзæгдзинады бæрæг-боны хайад кæй райсынц аивадон коллективтæ иумæ æмæ уымæй ноджы тынгдæр барухс кæнынц сценæмæкæсджыты зæрдæтæ. Уыцы хъуыддаджы та сæ разæнгардгæнæг вæййы Управленийы сæргълæууæг Гаглойы-фырт, растæндæр уый арæхстджын разамынды фæрцы сæ къухты бафты æнтыст дæр.

Афтæ уыд, æрæджы Дменисы Культурæйы хæдзары цы Ногазон мадзал ауагъдæуыд, уым дæр, цыран хайад райстой куыд бынæттон, афтæ Тъбет æмæ Къостайыхъæуы аивадон коллективтæ дæр. Управленийы хистæр Гаглойы Ростислав бузныг зæгъы нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Вахтангæн, ахæм иттæг хорз культурæйы артдзæст сцæттæ кæнынмæ сæ хайбавæрд кæй бахастой, уый тыххæй æмæ  фыццаг бæрæгбонон мадзалмæ кæй фæуазæг сты сæхæдæг дæр.

Ногазон мадзалы адæмы зæрдæтæ фыццаг бахъæлдзæг кодтой дæсны фæндырдзæгъдæг Саппиаты Зæлинæ æмæ йæ аивадон къорды уæнгтæ. Уый фæстæ рæсугъд фæлыст Назбæласы алыварс сæ арæхстдзинад æвдыстой нæ чысыл хуртæ, уыдон дзырдтой æмдзæвгæтæ, кодтой ногазон зарджытæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, сæ арæхстдзинад æв-дыстой кафынæй. Мадзалы æппæт хайадисджытæ æмæ уазджытæн зæрдиаг арфæтæ кодтой Митын Дада æмæ Митын Чызг æмæ сабитæй алкæмæн дæр йæ арæхстдзинадмæ гæсгæ кодтой лæвæрттæ, дзырдтой сын сæ хуыздæр фæндиæгтæ ахуыр-хъомылады хъуыддаджы. Иудзырдæй, Ногазон бæрæгбоны мадзал рауад зæрдæмæдзæугæ æмæ дзы се ‘ппæт дæр баззадысты райгондæй.

                                             ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.