Президент Бибылты Анатоли хайад райста, 4-æм уæрæсейаг гвардион базæйы сæрдыгон ахуырты райдайыны цытæн цы цытджын митинг ауагъдæуыд, уым.

Мадзал байгом 4-æм æфсæддон базæйы командæгæнæг, гвардийы булкъон Александр Кравцовы раныхасæй. Уый сæрмагонд скондæн раарфæ кодта ног ахуырадон рæстæджы райдианы цытæн, се ‘ппæтæн дæр загъта хæстон цæттæдзинады хорз æнтыстыты æмæ сабыр арвы бын службæ кæныны фæндиæгтæ.

«Абонæй райдайдзæн ног сæрдыгон ахуырты рæстæг. Уый хуымæтæг нæ уыдзæн: уагъд цæудзысты фыццаг модулы скондимæ æхсæвæй бонæй хæстон цæттæдзинады ахуыртæ, дыккаг æмæ æртыккаг модулы сконды нормативтыл кусын, ротæйон тактикон къордты ‘хсæн  дыууæфарсон цымыдисон ахуыртæ. Уыцы ахуыртæ фæуыдзысты октябры мæйы», – загъта уый.

Александр Кравцов банысан кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны æфсæддонты уæрæсейаг æфсады скондмæ бакæныны ахсджиагдзинад.

«Ныридæгæн хуссарирыстойнаг æфсæддонтæй 9 æрбаиу сты 4-æм æфсæддон базæйы тактикон къорды фыццаг батальонимæ. 4-æм июны уыдон иннæтимæ иумæ ахуыртæм ацæудзысты полигонмæ», – фехъусын кодта 4-æм æфсæддон базæйы командæгæнæг.

Уый фæстæ æфсæддонтæн раарфæ кодта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй цыппæрæм уæрæсейаг гвардион æфсæддон базæ у Республикæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинады гарант æмæ йæ тых, йæ хъомысад баст сты æфсæддонтæй алкæцыйы индивидуалон цæттæдзинадыл.

«Абон Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгад, Уæрæсейы  Хъахъхъæнынады министрад æппæт дæр аразынц, цæмæй уæрæсейаг æфсад райса ног хæцæнгарз, ног техникæ, цæмæй сæрмагонд сконд цæра хæрзвадат уавæрты. Цæмæй хæстон цæттæдзинад бæрзонд æмвæзадыл уа, уый тыххæй арæзт цæуы æппæт уавæртæ дæр. Цытджын хæлæрттæ, Райгуырæн бæстæ  хъахъхъæнджытæ,  æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ сымах æппæт дæр сараздзыстут, цæмæй уæ Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны адæмтæ сæрыстыр уой», – загъта уый.

Президент ма банысан кодта хуссарирыстойнаг æфсады дæлхæйтты иу хайы Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты скондмæ рахизыны тыххæй  Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн Сразыдзинад дæр.

«Базæйы командагæнæг банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты хæстонтæ æрбаиу уыдзысты 4-æм æфсæддон базæйы дæлхæйттимæ. Мæн уырны,  Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны арæнты иумæ хъахъхъæнын фылдæр пайда æрхæсдзæн æмæ дзуапп дæтдзæн, цы дуджы цæрæм, уый домæнæнæн», – бахахх кодта уый.

Ног ахуырты райдианы цытæн цыппæрæм æфсæддон базæйы сæрмагонд скондæн раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

Хæстон дæсныйад  куыд сахуыр кæндзыстут, уæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ куыд цæттæ уыдзыстут, ууыл баст у дæлхæйтты хæстон цæттæдзинад, афтæ ма хуссар арæнтыл Райгуырæн бæстæйы æмæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинад. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ уый уæ  къухы ис», – загъта уый.

Мадзалы кæрон базæйы службæгæнджытæ равдыстой сæ цæттæдзинад. Сæрмагонд сконды раз концерт равдыста адæмон кафты ансамбль «Амонд». Сæххæст кодтой ирон кафт «Симд».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.