Хæдзарыл, цæрæнуатыл йæ сырæзтæй фæстæмæ æдзухдæр аудын хъæуы, уæд йæ фидардзинад æмæ аив фæлгонцæй зæрдæ рухс кæндзæн. Паддзахадон унитарон куыстуаты цæрæнуатон-эксплуатацион канторæ зæрдиагæй архайы, цæмæй цæрджыты скъуыддзаггæнинаг фарстатæ æххæст кæной æмбæлон æгъдауæй.

Ацы куыстуаты сæргъ лæууы, йæ хъуыддаг хорз зонæг æмæ коллективы уæнгтимæ æнувыдæй архайæг, Хъотайты Алан. Нæ горæты цæрæн корпустæн техникон æгъдауæй лæггад кæнын у куыстуаты хæс.

Куыстуат æдæппæт лæггад кæны 275 цæрæн корпусæн. Ацы бынæтты цалцæггæнæн куыстытæ ныртæккæ хъуамæ кæниккой уæлæнгай, фæлæ сæм 40 азы дæргъы йæ къух дæр ничи фæдаргъ кодта æмæ сæ иутæ æрцыдысты бынтон раууатмæ. Ныр сæ иууылдæр хъæуы капиталон æгъдауæй цалцæг кæнын. Хъотайы фырт куыд загъта, афтæмæй сæм цы æхцайы фæрæзтæ ис, уыдонæй уал ивынц хæдзæртты бахизæнтæ æфсæйнаг дуæрттæй, раивтой уал 100 иуæджы. Уымæй дарддæр ма цалцæг кæнынц цæрæн корпусты уæлхæдзæрттæ, донцæуæн хæтæлтæ æмæ цыхцырджытæ. Алы бон дæр цæрджытæ сидынц кусджытæм æххуысмæ, кæмæн хæдзæртты доны хæтæлтæ фехæлынц, кæмæн – атонынц канализацийы хæтæлтæ, æмæ алкæмæ дæр æвæстиатæй ацæуынц кусджытæ, сæххæст сын кæнынц сæ домæнтæ.

Куыстуаты хистæр ма куыд загъта, афтæмæй кооперативон хæдзæрттæ уыдонмæ нæ хауынц, фæлæ сæм уæддæр æххуысмæ ацæуынц. Сæ бæрны ма сты, бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæртты лифттæ æдæппæт 31 лифты. Хатт сæ кусынæй куы æрлæууынц бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, уæд сæ цыбыр æмгъуыдмæ срæвдз кæнынц.

Цæрджытæ сæхæдæг хъуамæ хъахъхъæниккой сæ исад, фæлæ фылдæр хатт афтæ нæ вæййы. Зонын хъæуы, лифт кæй фæразы æрмæстдæр 400 килограммы, уымæй фылдæр уæзæй та фехæлы æмæ йæ кусынæй æрлæууы.

Хæдзарады куыст цæуид ноджы рæвдздæр, фæлæ тынг тыхсынц техникæйы хъуагдзинады аххосæй. Цы техникæ сæм ис абоны онг, уымæн йæ фылдæр хай зæронд у. Уымæ гæсгæ арæх хæлынц æмæ сæ бахъæуы цалцæг кæнын. Æнæуый та куыстуарзаг коллектив тырны æмæ æнæзæрдæхудтæй архайы цæрджыты æрвылбонон домæнтæ æнæкъуылымпыйæ æххæст кæныныл.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.