Сæдæгай азты Уæрæсейы хæларæй, кæрæдзи æмбаргæйæ, цæры 190 адæмыхатты. Уыдонæн алкæмæн дæр нæ бæстæйы Конституци бар дæтты йе’ взаг, йæ удварны культурæ бахъахъхъæнынæн, йæ национ химбарынад ма фесафынæн.

Ирæттæ кæд дунейыл апырх сты, чи – царды уавæртæм гæсгæ, чи – куысты фæдыл, уæддæр алы ран дæр агурынц се ‘мтуг адæмы. Абон Уæрæсейы алы егъау горæты дæр ис ирæтты æхсæнæдтæ. Архайынц æмбæстæгты æрбахæстæг, æрбангом кæныныл, кусынц фыдæлты æгъдау æмæ ирон æвзаг бахъахъхъæныныл, зынгæ æвæрæн хæссынц æхсæнадон цардмæ. Ацы куыст Воронежы облæсты 17 азы дæргъы æнтыстджынæй чи кæны, уыдонæй иу у ирæтты æхсæнад «Фарн», йæ сæргъы Бестауты Уырызмæг, афтæмæй.

Воронежы облæст у бирæнацион, цæры дзы 178 адæмыхатты, цы национ-культурон æхсæнæдтæ дзы ис, уыдонæй алчидæр архайы иудзинадыл. Æхсæнадты ‘хсæн «Фарн» у тæккæ æрыгондæр, фæлæ бæрæг дары йæ зæрдиаг æмæ бирæвæрсыг куыстæй. Йæ советы уæнгтæ иуæндæсæй сты фæлтæрдджын æмæ нымад – куысты мидæг, кæимæ цæрынц, уыдоны ‘хсæн. Алкæуыл дæр дзы æвæрд ис сæрмагонд хæстæ, дзуапп дæттынц æхсæнады куысты къабæзтæн æмæ сæм бæрнон цæстæй кæсынц, арæхстджынæй пайда кæнынц, æхсæнады йæ райдайæнæй чи куыста, уыдоны амынддзинæдтæй. Архайынц, цæмæй Ирыстоны хорзы кой Воронежы хъуыса, йæ кадыл ын æфтауынц. Бестауты Уырызмæг 53 азæй фылдæр цæры Воронежы, фæлæ йæ уидæгтæ кæцæй сты, уый дзы рох никуы уыд. Йæ ирондзинад æй сразæнгард кодта ирæтты æхсæнады куыст сног кæнынмæ, цард дзы бауадзынмæ, æмæ йæ цыбыр рæстæгмæ ракодта раззагдæрты æмрæнхъ. Хъуыддаджы бастдзинæдтæ иннæ диаспорæтимæ, æхсæнадон æмæ фæсивæдон организацитимæ, æмгуыстад барадхъахъхъæнæг оргæнтимæ хорзырдæм зыны æхсæнады куыстыл. Бирæ азты Уырызмæг у Воронежы облæсты губернаторы цур Национ палатæйы уæнг. Арæх æм фæсидынц нациты ‘хсæн ахастдзинæдты фарстаты фæдыл официалон мадзæлттæм, куыд фæлтæрдджын экспертмæ.

– Адæмимæ хъæуы арæхстджынæй дзурын, «адæмон дипломати» кæй хонынц, уый бындурыл кусæм граждайнаг иудзинадыл Воронежы. Махæн нæ бон нæу карзæй цавæрдæр уынаффæтæ бадомын, фæлæ амонæм, ныхас кæнæм зæрдæйæ – зæрдæмæ, æмæ нын æнтысы», – зæгъы Уырызмæг.

Абайты Батрадз, Æлборты Зауырбег, Бестауты Уырыз-мæг, Багаты Мурат, Таматы Феликс æмæ Руслан, Кацанты Ростислав, Дзуццаты Олег, Гæздæнты Азмæт, Плиты Сергей, Дриаты Альберт – ацы адæмы фæрцы Воронежы облæсты разамынд, суанг хуымæтæг воронежæгтæ дæр зонынц ирæтты æхсæнад «Фарн». Сахары цардæй иппæрд кæй не сты, ууыл дзурынц сæ арæзт мадзæлттæ, уæдæ сæхæдæг дæр архайынц фестивалты, спортивон ерысты, парахат кæнынц æмæ æвдисынц ирон адæмы культурæ æмæ традицитæ. Воронежæгтæ зонынц æмæ сæ зæрдæмæ хæстæг айстой Беслæны теракт. Æхсæнады сæрдар Бестауты Уырызмæгæн æрвылаз мысæн бонты рæстæг вæййы фембæлдтытæ студенттимæ, æмбарын сын фæ-кæны терроризмы фæстиуджытæ. Арфæйы аккаг у, Уырызмæг æмæ йе ‘мцæдисонты хъæппæрисæй Чижовы плацдармы кæй байгом не ‘мзæххон, лейтенант Дзотты Лазыры номыл бюст. Йæ гом кæныны кадджын мадзалы архайдтой Воронежы облæсты губернатор Александр Гусев, минæвæрттæ нæ республикæйæ æмæ Дзотты мыггагæй.

Æхсæнадæн йæ куыст у хъæугæ æмæ пайдайаг, йæ ахадындзинад та – стыр. Хæстæг хионы хуызæн æрбангом кодта Воронежы облæсты цæрæг 800 ироны, ауды æмæ æххуыс кæны, царды зын уавæрты чи бахаудта, уыцы æмзæххонтæн. Се ‘ххуысы хай хæссынц Донецк æмæ Луганскы облæсттæй лигъдонтæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн.

Æрæджы æхсæнады уæнгтæ губернаторы цур Национ палатæйы минæвæрттимæ иумæ бабæрæг кодтой æфсæддон госпитæл, цæфтæн равдыстой концерт, бацæттæ сын кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уазджытыл æхсызгонæй сæмбæлд госпитæлы разамонæг, медиционон службæйы дæлбулкъон, не ‘мзæххон Æлборты Цæрайы фырт Зауырбег. Ирæттæ кæм æрцæрынц, уым алы ран дæр æвдисынц сæ хуыздæр миниуджытæ, тырнынц хæлар ахастдзинæдтæм, ууыл ахуыр кæнынц кæстæрты дæр. Уымæ гæсгæ æхсæнад йæ хъус дары, Воронежмæ ахуыр кæнынмæ чи æрцыд, уыцы фæсивæдмæ. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй 23 студенты исынц уæлдæр ахуырад Воронежы, зонынц сын сæ нæмттæ æмæ мыггæгтæ. Се ‘ппæт дæр сты æхсæнады фæсивæдон хайы активон архайджытæ.

Тынг æхсызгонæй æхсæнады уæнгтæ æнхъæлмæ кæсынц ирон адæмы XI съездмæ. Бестауы-фырт «Иры Стыр Ныхас»-ы Координацион советы уæнг кæй у, уый йыл уæлдай бæрнондзинад æфтауы. Съезды йæ ныхас уыдзæн ирон адæмы иудзинадыл. Уавæрæй спайда кæнгæйæ, съезды куыстмæ бахæсдзæн йæ фæндæттæ. Уыдонæн сæ сæйраг хъуыды у Ирыстон æмæ Воронежы ‘хсæн хæлар ахастдзинæдтæн ног тых æмæ уæлæмхасæн авналæнтæ раттын. «Нæ иумæйаг истори дæр нын дæтты уыцы бар, цæмæй æз мæ фæндон бахæссон, æмæ Воронежы байгом уа дыууæ Ирыстоны минæварад, Воронеж æмæ Дзæуджыхъæу та бафыссой æфсымæрады тыххæй бадзырд», – æмбарын кæны йæ хъуыды Бестауы-фырт. – Уымæй уæлдай, «Иры Стыр Ныхас»-ы разамындæй ракурин, цæмæй арæхдæр аразой видеоконференцитæ ирæтты æхсæнадтимæ Уæрæсейы, хæстæг æмæ дард фæсарæнты чи ис, уыдонимæ, нæ адæмы царды ахсджиагдæр фарстаты фæдыл».

Ирон æхсæнæдты нымæц Уæрæсейы у 58, уырдæм хауынц ног регионтæ Хъырым, Донецкы Адæмон Республикæ æмæ Севастополь, иуæндæс – раздæры цæдисон республикæты, æнудæс та – дард фæсарæнты. Рæстæджы гуылфæнтæ æмæ европæйаг политикæйы æппæрццæг фæзындтытæ хъуыды кæнгæйæ, национ химбарынад ма фесафын ирон адæмæн у сæйрагдæр. Сæ къухы куыд æфты ирондзинад бахъахъхъæнын, куыд кусынц диаспо-рæтæ æмæ цæуыл архайынц, – уыцы фарстатæм мах, газеткæсджыты фæндонмæ гæсгæ, раздæхдзыстæм.

Мамиты Лолитæ

Газет «Рæстдзинад»

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.