Æрæджы Хуссар Ирыстоны делегаци Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагимы сæргълæудæй уæрæсейаг делегациимæ иумæ хайад райстой зындгонд ирон æфсæддон раздзог Плиты Иссæйы цыртдзæвæн байгом кæныны церемонийы. Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтар æмæ республикæ Монголийы хъайтары бронзæйон скульптурæ байгом кæныны цытджын церемони уагъд æрцыд Монголийы столицæ Улан-Баторы, хох Зайсаныл. Мемориалы территорийыл баконд æрцыд экспозици, цыран фыст æрцыдысты Плиты Иссæйы цард æмæ æфсæддон архайды тыххæй зонæнтæ.

Гассеты Ибрагим информацион агентад «Рес»-æн куыд фехъусын кодта, афтæмæй цытджын мадзал уагъд æрцыд бæрзонд æмвæзадыл. «Тынг æхсызгон хъуыддаг у уый, æмæ нын не ʻмзæххон, зындгонд æфсæддон раздзог Плиты Иссæйы æфсæддон лæггæдтæн афтæ тынг кæй аргъ кæнынц æмæ йæ кæй хъуыды кæнынц, уый», – загъта уый.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды ма уыдысты РХИ-йы Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды командир Плиты Игорь, РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады афицер булкъон Гасситы Æхсар æмæ Плиты мыггаджы минæвар – Плиты Артур.

Уæрæсейаг делегацийы сконды та уыдысты Уæрæсейы Федерацийы советы уæнгтæ Мамсыраты Таймураз, Михаил Козлов, Баир Жамсуев, афтæ ма Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды сæрдар Ходты Мадинæ, спорты сгуыхт мастер профессионалон сумойæ Борадзты Сослан, скульптор, проекты автор Хайты Ибрагим.

Монголийы республикæйы ʻрдыгæй та мадзалы хайад райстой сæ Хъахъхъæнынады министр Бадмаанямбуугийн Бат-Эрдэнэ æмæ Улан-Баторы дзыллæйад. Делегациты минæвæрттæ ам фыццаджыдæр дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой Плиты Иссæйы цыртдзæвæны раз.

Делегациты уæнгтæн ма уыцы бон фембæлд уыдис республикæ Монголийы Президент Халтмаагийн Баттулгаимæ. Дыууæбонон балцы программæйы фæлгæтты уагъд æрцыдысты æндæр официалон фембæлдтытæ æмæ мадзæлттæ дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.