ВЛАДИМИР ПУТИНЫ СТЫР

ПРЕСС- КОНФЕРЕНЦИ

14-æм декабры УФ-йы Президент Владимир Путинæн уыд стыр пресс-конференци дзыллон-информацийы фæрæзты минæвæрттимæ, цыран хайад райстой куыд уæрæсейаг, афтæ фæсарæйнаг журналисттæ дæр.

Пресс-конференцимæ, кæцы цыд 4 сахаты дæргъы, аккредитацигонд æрцыдысты 1640 журналисты. Владимир Путин сдзуапп кодта 65 фарстæн. Журналисттæ йæм лæвæрдтой алыгъуызон фарстытæ.

 

Майы указтæ æмæ хъахъхъæнынады

хæрдзты тыххæй

«Майы Барамындтæ æххæст цæуынц, абоны онг уыцы нысæнттæн сæ 93-94% æххæст æрцыдысты. Уырны мæ, 2018 азы нысæнттæ дæр кæронмæ æххæст кæй æрцæудзысты. 2018 азы Уæрæсе æфсæддон хъуагдзинæдтыл бахардз кæндзæн 46 миллиард доллары, уыцы рæстæджы АИШ-ы та ист æрцыд закъон, æфсæддон хæрдзтыл 700 миллиард доллары бахардз кæныны тыххæй. Мах стыр хъусдард здахдзыстæм æфсад æмæ флоты рæзтмæ», – сдзуапп кодта уый.

 

Цæгат Кореяйы ныхмæ санкциты тыххæй

Америкæйаг журналисткæйы фарстæн, зæгъгæ, АИШ-ы фæнды, цæмæй Уæрæсе баххуыс кæна  Цæгат Кореяйы ядерон программæ æруромынæн уыд дзуапп. «Диссаджы лæппутæ стут сымах. Уæ конгрессментæ зондджын адæймæгтæ сты. Уыдон мах æрæвæрдтой иу рæнхъыл Цæгат Корея æмæ Иранимæ, куыд дунейæн тасхæсджытæ, афтæ æмæ уæ уыцы иурæстæджы та фæнды, цæмæй иумæ аскъуыддзаг кæнæм Цæгат Кореяйы æмæ ирайнаг ядерон программæйы проблемæтæ. Сымах нормалон адæймæгтæ стут æви нæ? Мах уæддæр тырнæм конструктивон куыстмæ дунеон æдасдзинады фадыджы уæлдай ахсджиагдæр фарстыты фæдыл. Цæгат Кореяйы ахасты нæ позици хорз зындгонд у, мах нæ нымайæм ацы бæстæйы ядерон статус.

2005 азы Цæгат Кореяимæ бадзырдтой, зæгъгæ, уый хъуамæ æрурома йæ ядерон программæ. Цæгат Корея йæхимæ райста бæрæг хæстæ. Иууылдæр къухтæ æрфыстой сразыдзинадыл. Фæлæ цалдæр мæйы фæстæ АИШ-мæ цъус фæкастысты уыцы бадзырдтæ. Уайтагъд ахст æрцыдысты цæгаткореяйаг бангты хыгъдтæ, загътой, зæгъгæ, Цæгат Корея ноджы цыдæр хъуамæ сараза бадзырдты æддейæ. Фæлæ сæм нæ байхъуыста æмæ рахызт æппæт бадзырдтæй æмæ райдыдта йæ ядерон программæ рæзын кæнын. АИШ спровокаци кодта Кореяйы æмæ уый фæстæ та уыдысты Ливи æмæ Ирак. Америкæйæгтæ загътой, зæгъгæ, æфсæддон ахуыртæ нал уадздзысты, фæлæ та сæ ауагътой. Дзуаппæн Цæгат Корея ауагътой ракетæтæ. Уыцы ракетæтæ, гæнæн ис, бахæццæ уой АИШ-ы территоримæ. Дыууæ фарс дæр мауал хъуамæ æндыгъд кæной уавæр».

 

Зæххы фæдыл льготæты æмæ

хъалонон амнистийы тыххæй

«Æввахс рæстæджы æнæмæнгæй бахæс кæндзынæн, цæмæй хицауад Паддзахадон Думæйы депутаттимæ бакуса æмæ райса уынаффæ, кæцымæ гæсгæ æмбæстæгты льготон категоритæ сæрибар цæудзысты фиддонтæ фидынæй. Адæмы хъæуы хъалонты фæдыл хæстæй ссæрибар кæнын, уыцы нымæцы, индивидуалон амалиуæг-гæнджыты дæр.

 

Допингы тыххæй

Зымæгон Олимипион хъæзтыты тыххæй та Президент загъта, зæгъгæ, допингы алыварс хъаугъа сытынг мидæггагон политикон  уæрæсейаг календары хæдразмæ. Æндæр бæстæты дæр сбæрæг вæййы спортсментæ допингæй спайда кæныны цаутæ, фæлæ уыцы  бæстæты алыварс нæ сæвзæры ахæм ажиотаж. Уый баст у политикæимæ.

 

Саакашвилийы тыххæй

«Саакашвили цы аразы, уый у гуырдзиаг æмæ украинæйаг адæмыл бату кæныны хуызæн. Украинæгтæ куыд быхсынц æппæт уыдæттæ абоны онг. Украинæйы фæзуæтты хъæр кæны, «æз украинаг дæн!». Ау,Украинæйы нал ис æцæг украинæйæгтæ? Мæнæн тынг зын у уыдæттæм кæсын».

 

В.ПУТИН ÆМÆ Д.ТРАМПЫ БАНЫХÆСТÆ

УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ АИШ-ы Президент Дональд Трамп ныхас кодтой телефоны, хъусын кæны Кремлы пресс-службæ. Беседæ уыд америкæйаг фарсы инициативæмæ гæсгæ. Путин æмæ Трамп æруынаффæ кодтой дыууæфарсон ахастыты актуалон фарстытыл, афтæ ма Кореяйы æрдæгсакъадахы ядерон программæ æрбæстон кæныныл.

РАХЫЗТЫСТЫ МИТИНГМÆ

Латвийы цæрæг уæрæсейæгтæ æрæмбырд сты бæстæйы ахуырады министрады бæстыхайы раз. Сæ къухты уыд плакаттæ «Руки прочь от наших школ», «Язык Пушкина не предадим». Ацы бæстæйы ахуырады министрад фæнд кæны реформæ ауадзын, кæцыйы фæстиуæгæн æртæ азы фæстæ скъолаты рахиздзысты латышаг æвзагыл ахуыр кæнынмæ. Активисттæ домынц, цæмæй уагъд æрцæуа референдум ацы фарсты фæдыл.

Информацион агентадты

 хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.