Уыд Парламенты  иуæндæсæм сессийы цыппæрæм рабадт спикер Æлборты Аланы сæрдариуæгадæй.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Джиоты  Еленæ уынаффæмæ рахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны дыууæ проекты: «РХИ-йы æмæ УФ-йы ‘хсæн ратификацийы Суагъæ Евразиаг экономикон цæдисы тарифтæм  Республикæ Хуссар Ирыстоны рахызты фæткы æмæ Уæрæсе цы таможнæйон пошлинæтæй  пайда кæны, уыцы ставкæтæ райсыны фæткы тыххæй» æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл таможнæйон бæстонкæнынады фадыджы Евразиаг экономикон цæдисы æмæ Уæрæсейы Федерацийы закъондæттынады барты архайды тыххæй» РХИ-йы закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй». Дыууæ проекты дæр хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн райст æрцыдысты.

Дарддæр депутаттæ уынаффæ кодтой «УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советмæ æмæ УФ-йы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сидт»-ы тыххæй фарстыл. Сидт бакаст депутат Санахъоты Давид.

Сидты дзырдæуы, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн ахастытæ сырæзтысты историон бастдзинæдты бындурыл.

«Нæ паддзахаддзинад Уæрæсейы фæрцы кæй сæндидзыдта, уый ирон адæм никуы ферох кæндзысты. Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн сæдæгай æхсæнпаддзахадон бадзырдтæ æмæ сразыдзинæдтæ ис арæзт. Йæ тыхы ис Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырд дæр. Иууыл хъармдæр æмæ æнгомдæр бастдзинæдтæ ис Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты, Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды æмæ Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы ‘хсæн», – загъта Санахъоты Давид.

Афтæ кæй у, уый тыххæй  депутаттæм дызæрдыгдзинад сæвзæрд, 29 февралы РХИ-йы депутаттæ Мулдарты Гарри, Санахъоты Давид æмæ Медойты Дзамболат, ома, сæ архайдæй Уæрæсейы Федера-цийы националон æдасдзинадæн тæссаг уавæр æвзæрын кæныны тыххæй  Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Федералон Службæйæ фыстæг райсыны фæстæ.

Уымæй дæр фыстæджы дырысæй бæрæг нæу, Хуссар Ирыстоны депутаттæ цавæр архайдæй æвзæрын кæнынц тæссагдзинад Уæрæсейæн, кæд æмæ æмбæстагдзинады тыххæй закъонмæ гæсгæ, УФ-йы райсгæ æмбæстагдзинад байсыны бар ис, æрмæстдæр, Уæрæсейы æдасдзинадæн тæссаг  архайды факт сбæрæг кæнгæйæ.

Уый тыххæй депутаттæ домынц æххуыс, цæмæй Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Федералон Службæйæ информаци райсой Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ – Республикæ Хуссар Ирыстоны депутаттæ Мулдарты Гарри, Санахъоты Давид æмæ Медойты Дзамболат Уæрæсейы Федерацийы националон æдасдзинадæн цы тæссаг архайд сарæзтой, уый тыххæй æмæ уыцы факты тыххæй документалонæй фидаргонд æндæр æрмæджытæ.

Сидты æвварс рахæцыдысты депутатты фылдæр хай.

ТЕДЕТЫ И.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.