Хуссар Ирыстоны Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан ауагъта кусæгон æмбырд районты управлениты æмæ хъæууон хæдзарадты хайадты хистæртимæ, – хъусын кæны министрады пресс-службæ.

«Æмбырды рæстæджы ныхас цыд хъæууон администрациты хæдзарадон чингуытæ уадзыны фæтк, хъæууон хæдзарады министрадмæ æххæст æмæ раст информаци бавдисыны тыххæй хъæууон хæдзарады рæзты сæйраг экономикон фæстиуджыты тыххæй бæрæггæнтæ æрæмбырд æмæ анализ кæныны фæдыл системон куыст æрбæстон кæнын», – загътой пресс-службæйы.

Уым банысан кодтой, зæгъгæ, уынаффæ кодтой республикæйы территорийыл зæхкусæгон-фермерон хæдзарадты хъæууонхæдзарадон цæрæгойтæн биркæтæ сæвæрыны тыххæй фарстыл хъæууонхæдзарадон цæрæгойты сæртæ банымайыны нысæнттæн.

«Афтæ ма æруынаффæ кодтой нæмыгон культурæты тыххæй кондады проблемæтæ æмæ скусыны перспективæтыл. Мæргъиты Алан æрæмбырдуæвджытæн фехъусын кодта ацы фарсты фæдыл хъæууонхæдзарады министрады бакæнгæ куысты тыххæй, æмæ хъус аздæхта, министрадæн ацы фарст кæй у сæйраг хæстæй сæ иу», – загътой пресс-службæйы.

ИА «Рес»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.