24-æм октябры, къуырисæры нæ горæты Герцены уынджы цæрæг Хуыгаты бинонтыл æрцыд уæззау трагеди. Зынгсирвæзты рæстæджы фæмард сты дыууæ сывæллоны – 8-мæйдзыд Гаглойты Алан æмæ 9-аздзыд чысыл чызг Хуыгаты Иннæ. Зынгсирвæзты рæстæджы хæдзары уыдысты хæдзары хицау Хуыгайы фырты 70-аздзыд мад, йæ цардæмбал, йæ чызг æмæ, чи фæмард, уыцы дыууæ сывæллоны.

Хæдзары хицау 44-аздзыд нæлгоймаг уыцы рæстæджы уыд уынджы. Зынгсирвæзты тыххæй РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады зынгхуыссынгæнæн радгæсон хайадмæ фæдзырдтой райсомы 8 сахатмæ æввахс.  Уайтагъддæр бынатмæ ацыдысты æхсæз зынгхуыссынгæнæн машинæйы, фæлæ зынг афтæ апарахат æнæхъæн дыууæуæладзыгон хæдзарыл æмæ сæ бон нал ссис йæ ахуыссын кæнын æмæ хæдзар иууылдæр басыгъд. Трагедийы аххосаг фæдагурæн мадзæлттæ хъуамæ рабæрæг кæной цыбыр рæстæгмæ.

Паддзахады сæргълæууæджы пресс-секретарь Босыкты Наталья фехъусын кодта: «Ацы трагеди нынкъуысын кодта адæмы зæрдæтæ. Президент Гаглойты Аланæн хъусын кæнынц бинонты æнæниздзинады уавæры тыххæй. Зынгсирвæзты рæстæджы хæдзары басыгъдысты сæ документтæ. Паддзахады сæргълæууæджы бахæсмæ гæсгæ, цыбыр рæстæгмæ ногæй арæзт æрцыдысты сæ документтæ, цæмæй сæ арвыстаиккой хос кæнынмæ республикæйæ æддæмæ. Бинонтæн бакодтой материалон æххуыс дæр. Нæ зæрдæ сын зæгъы, тагъд цы сæнæниз уой, уый», – банысан кодта пресс-секретарь.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министры хæстæ æххæстгæнæг Цоциты Аллæ нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй хъыгдардбаййафджытæй дыууæйы – мад æмæ чызджы арвыстой хос кæнынмæ сыхаг республикæмæ, хæдзары хицауы мад 70-аздзыд сылгоймагæн йæ уавæр у тынг уæззау æмæ ис реанимацион хайады.  Хуыгайы фырт йæхæдæг та ныртæккæ ис республикон бирæпрофилон медицинон центры  травматологийы хайады, йæ цардæн тæссаг ницæмæй у.

Курæг стæм не ‘мбæстæгтæй, цæмæй хъахъхъæной зынгсирвæзты ныхмæ æдасдзинады мадзæлттæ, уæлдайдæр та хъармгæнæн сезоны рæстæджы.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.