Хуссар Ирыстоны паддзахадон архайæг, нæ республикæйы хæдбардзинады бындурæвæрджытæй сæ иу, Цоциты Аланы йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кæныны тыххæй знон уыд  зианы æгъдау бакæныны фæдыл къамисы рабадт. Къамисы куысты фæстиуджытимæ журналистты  базонгæ кодта къамисы уæнг Гобозты Вячеслав.

Уый куыд радзырдта, афтæмæй майрæмбоны Театралон фæзуаты 12.00 сахатыл уыдзæн фыдохы митинг. Хайад дзы райсдзысты республикæйы къухдæриуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, зонад æмæ æхсæнады минæвæрттæ. Траурон церемонийы уыдзæн цытджын хъарагъул. Зиан бавæрдзысты Згъудеры уæлмæрды.

«Къамисы уæнгты фæндонæй æмæ Президент Гаглойты Аланы уынаффæйæ Цоциты Алан хорзæхджын æрцæудзæн паддзахадон  уæлдæр хорзæх орден «Уацамонгæ»-йæ йæ  мæлæты фæстæ. Уыцы церемони дæр уагъд æрцæудзæн майрæмбоны Театралон фæзуаты. Нæ горæты уынгтæй сæ иуæн ратдзысты  Цоциты Аланы ном. Кæронмæ ацы фарст нырма скъуыддзаг нæу, уымæн æмæ бæрæг нæу, кæцы уынджы ном æрцæудзæн ивд. Ацы фарст аскъуыддзаг кæныны фæдыл нымад цæудзæн æхсæнады хъуыды. Дыккаг та уый,  æмæ зынгæ паддзахадон архайæджы бюст хъуамæ æвæрд æрцæуа Парламенты бæстыхайы раз. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы хъуыддаг у иууыл растдæр, уымæн æмæ ацы Парламенты бæстыхайæ райдыдта нæ паддзахады националон революци. Фыццаг сæвзæрст Парламенты рабадт дæр уыд ацы бæстыхайы», – банысан кодта Гобозты Вячеслав.

Ис ма цалдæр фæндоны уыдоны фæдыл. Къамис дарддæр йæ куыст кæндзæн. Æппæт ацы мадзæлттæ баст уыдзысты, цæмæй нæ абоны æмæ нæ сомбоны кæстæртæ зоной сæ нырыккон истори, зоной, нæ паддзахады историйы сырæзты хайад чи иста, уыдоны нæмттæ. Алкæмæн дæр зындгонд у, Цоциты Аланæн уæззау хъысмæт кæй уыд, тынг хорз æй зонæм, æнæазымæй æфхæрд кæй баййæфта æмæ афтæ дарддæр.

«Паддзахадон траурон  къамисы сырæзт, фæстаг хæрзбон зæгъыны цытджын церемони нысан кæнынц Цоциты Аланы политикон реабилитаци», – банысан кодта къамисы уæнг.

Президент Гаглойты Аланы уынаффæмæ гæсгæ зианы æгъдауы фæдыл æппæт хæрдзтæ йæхимæ исы  хицауад.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.