Цæгатирыстойнаг скульптор Соскъиты Владимирæн саккаг кодтой Мæскуыйы преми «Нывкæнынады аивады» номинацийы, – фехъусын кодта йæ телеграмм-каналы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

«Арфæ кæнын Владимир Барисы фыртæн ацы æмбæлон хорзæхы тыххæй!», – ныффыста уый. Соскъиты Владимирæн преми лæвæрд æрцыд куыстыты серийы тыххæй, кæцыты бавдыстæуыд  персоналон равдысты музей-тобæгонд хъæд «Царицыно»-йы. Горæт Мæскуыйы хорзæхтæ æмæ кадджын нæмттæ сты лæггæдтæ банымайыны уæлдæр формæ горæт Мæскуыйы социалон-экономикон æмæ культурон рæзты æнтыстыты тыххæй. Хорзæх ын радта Мæскуыйы мэр Сергей Собянин.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.