Уралы федералон университеты æхсæнадæмон ахастыты департаменты скæсæнзонынады кафедрæйы бакодтой ирон æвзаджы дисциплинæ.

РЦИ-Аланийы национ ахастыты хъуыддæгты министрад куыд хъусын кæны, афтæмæй ног дисциплинæ ахуыр кæнын уралаг студенттæн сæ бон уыдзæн ацы аз сентябыры мæйæ.

Скæсæнзонынады кафедрæйы ирон æвзаджы лекцитæ кæсдзæн филологон зонæдты кандидат, Аслан-Гирей Галатийы ирон культурæйы æхсæнады сæрдар Гаглойты Лианæ.

«Символикон у, ацы хъуыды реализаци кæй æрцыд ирон æвзаджы бæрæгбон нысан кæныны размæ. Ацы дисциплинæ бакæныны хъуыды фæзынд Уралы федералон университеты япойнаг æвзаджы центры бындурæвæг Хъороты Борисы юбилей цæттæ кæныны рæстæджы. Не ‘хсæнад бахаста ахæм фæндон, цæмæй æхсæнадæмон ахастыты департаменты студентты ахуырадон процессмæ бахæссой ирон æвзаджы дисциплинæ. Ацы фæндон зæрдиагæй айстой», – загъта Гаглойты Лианæ.

Абоны бон кафедрæйы уагъд цæуы æрмæджытæ цæттæ кæныны ахуырадон-методикон куыст, цæмæй æвзаг гъæдджынæй ахуыр цæуа.

Ацы фарсты ирон культурæйы æхсæнады ныфс ис, Ирыстоны хицауады фарсæрдыгæй кæй уыдзæн æххуыс.

Хъусын кæнæм, ацы аз марты Уралы федералон университеты скæсæн æвзæгты цур япойнаг æвзæгты центрыл кæй сæвæрдтой Борис Караевы ном. Университеты ма байгом Хъороты Борисы аудитори зындгонд тæлмацгæнæг æмæ ахуыргæнæджы зæрдылдарæн фыстимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.