Петербургы Римский-Корсаковы номыл музыкалон скъолайы Хуссар Ирыстонæй цы сывæллæттæ ахуыр кæнынц, уыдон фонд «Иууон Алани»-йæ æрвылмæй дæр исдзысты стипенди. Фонды бындурæвæрæг у Бибылты Анатоли.

Уæрæсейы Федерацийы нæ республикæйы минæварад куыд хъусын кæны, афтæмæй Президент стипенди снысан кодта Миделаури Александр, Цыхуырбаты Анастасия æмæ Козаты Аннæйæн. Уыдон ахуыр кæнынц ацы музыкалон скъолайы.

Хуссарирыстойнаг дипломатон минæварады банысан кодтой, хуссарирыстойнаг æртæ студенты дæр кæй ахуыр кæнынц 2015 азæй фæстæмæ Уæрæсейы хуыздæр музыкалон уагдæттæй сæ иуы Гергиты Валерийы куырдиатмæ гæсгæ.

«Ахуыры райдайæнæй фæстæмæ не студенттæ, се ‘взонг кармæ, нæ кæсгæйæ, ныййарджыты узæлдæй кæй фæцух сты уымæ æмæ царды зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, æвдисынц хорз æвзыгъддзинæдтæ. Музыкалон скъолайы директор Кирилл Архиповы хъуыдымæ гæсгæ, ахуырадон программæ ахуыр кæнынц æмбæлон æмвæзадыл, тынг хорз аттестацион нысæнттæ исгæйæ», – банысан кодтой Хуссар Ирыстоны минæварады.

Агентады куыд хъусын кæныц, афтæмæй ацы сывæллæттæ сты æххуысхъуаг бинонтæй æмæ сæ хъæуы паддзахады фарсæрдыгæй æххуыс. Уыдон зындзинæдтæ æвзарынц, кæм цæрынц, уыцы бынатимæ (ахуырадон уагдонмæ фæндаг уырдæм мæ фæстæмæ  у цыппар сахаты цыды бæрц), афтæ ма сын стипенди кæй нæй, уый тыххæй.

«Бибылты Анатоли куы базыдта, ахуырдзауты зындзинæдты тыххæй, уæд аскъуыддзаг кодта уыдонæн баххуыс кæнын æрвылмæйон стипенди йæ  фонд «Иууон Алани»-йæн, йæ цæст бауарзта æвзонг курдиатджын фæсивæдæн, цæмæй Ирыстоны æвдисой дунейы зынгæ музыкалон фæзуатты», – загътой нæ республикæйы минæварады.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.