Колыты Аксойы номыл Паддзахадон лицейы ахуыргӕнинӕгтӕм фӕуазӕг ис зынгӕ ирон режиссер-мультипликатор, Уралы паддзахадон архитектурон-аивадон университеты профессор Хъараты Алексей. Скъоладзаутæн аныхас кæнынæны фадат фæцис ахæм диссаджы лæгимæ æмæ сæ цыбыр рæстæгæй спайда кодтой æххæстæй. Лæвæрдтой йæм алыхуызон фарстатæ, цымыдис кодтой ныв кæныны сусæгдзинæдтæм, кæцытимæ нырма зонгæ не сты ‘взонг курдиатджын сывæллæттæ.

Хъараты Алексей лæмбынæг æрдзырдта скъоладзаутæн, куыд хъæуы архайын, цæмæй дæ фантазийы цы ис, уыдон рахæссай адæмы рæгъмæ. «Алкæцы нацийæн дæр ис йæхи культурæ æмæ уырдыгæй хъæуы исын кусæн æрмæг. Ӕмæ махæн та стыр культурæ, хъæздыг традицитæ ис æмæ сыма-хæн зын нæу исты темæ ссарын. Фæлæ уæ фантази хъуамæ кæдфæнды дæр куса æмæ нырмæ арæзт цы æрцыдис, уыдон хуыздæр кæныныл архайат, æмæ уын уæд уыдзæнис æнтыстытæ», – банысан кодта зынгæ режиссер. Скъоладзаутæн ма бацамыдта, зæгъгæ, фыццаджыдæр уæ куыстæй, уæ архайдæй хъуамæ исат æхцондзинад. Уый дзы куы нæ уа, уæд уæ фыдæбон æнæхъуаджы у. Банысан ма кодта уый дæр æмæ алкæцы нывгæнæг аниматорæн нæ бæззы, уымæн æмæ аниматор у Хуыцауæй ратгæ курдиат. «Сымахмæ фыццаджыдæр хъуамæ уа тырнындзинад, фæлварат уæхи алы сферæты æмæ уæд рабæрæг уыдзæнис уæ курдиат, базондзыстут, хуыздæр уын цæмæ ис арæхстдзинад, уый. Ӕрмæст тæрсгæ ма кæнут, æдзухдæр архайут, уæхиуыл кусут æмæ уын уыдзæнис рæсугъд фидæн», – загъта æрыгон дæснытæн Хъараты Алексей.

Скъоладзаутæ æрæмбырд сты уазæджы алыварс æмæ йын йæ алы сныхас, алы фезмæлдмæ дæр цымыдисæй кастысты, куырдтой дзы автографтæ.

Хъараты Алексеимæ ма уыдысты Аслан-Гирей Галатийы ирон культурæйы æхсæнады сæрдар Гаглойты Лианæ æмæ фонд «Центр-Содействие»-йы сæргълæууæг Гæбæраты Андрей.

Гаглойты Лианæ куыд загъта, афтæмæй Свердловскы областы æппынæдзух архайынц, цæмæй ирон культурæ æмæ традицитимæ базонгæ кæной бынæттон цæрджыты. «Ам уагъд æрцыдысты ахæм проекттæ, куыд «Ирыстоны бонтæ Уралы», «Лица Урала – искусство Осетии», «Осетия на холсте и на экране», «10 сказок, 10 взглядов на жизнь», ныккодтам Ирыстонæй ансамбль æмæ равдыстам концерт. Тынг бирæ адæм æрба-цыдис ацы мадзæлттæм, бацымыдис сæ кодта нæ культурæ æмæ ма нæм дарддæр дæр ис бирæ плæнттæ. Гаглойты Лианæ йæхæдæг ирон æвзагæй лекцитæ кæсы Уралы Федералон университеты скæсæнзонынады кафедрæйы æмæ æппынæдзух архайы, цæмæй ирон культурæимæ базонгæ уой иннæ адæмтæ дæр.

Ныридæгæн Хъараты Алексей кусы мультипликацион фильм саразыныл Къостайы фыст æмдзæвгæмæ гæсгæ æмæ йæ ном хуындзæнис «Ахуыр». Ныр дæр ма æмбырд кæны æрмæг. Фæуазæг ма ис Галаты Барисы музеймæ дæр. Хъуамæ ма ныффысса ирон националон инструментты зæлтæ. Систа ма цалдæр адæймаджы хуызисты, кæ-цытæ цæрынц Цхинвалы. Уыцы портреттæ йæ бахъæудзысты йæ дарддæры куысты. Азы кæронмæ хъуамæ фæуа арæзт йæ мультфильм æмæ тагъд рæстæджы премьерæимæ æрæздæхдзæнис Цхинвалмæ. Зынгæ режиссер куыд бамбарын кодта, аф-тæмæй дарддæр дæр цæттæ у йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæнынмæ, кæд æмæ йæм исчи бахата, уæд. Кæдфæнды дæр йæ бон у æрцæуа Хуссар Ирыстонмæ æмæ йæ зонындзинæдтимæ, йæ дæсныйадимæ базон-гæ кæна бынæттон курдиатджын фæлтæрты. Хъараты Алексей йæхæдæг раздæр карикатуристæй куыста газеты æмæ телеуынынады. Фæлæ стæй йæхи бафæлвæрдта анимацийы æмæ фæстæдæр та Уралы Федералон Университеты бындур æрæвæрдта анимаци æмæ графикæйы кафедрæйæн. У Уæрæсейы Федерацийы аивады сгуыхт архайæг, паддзахадон премиты лауреат.

Фонд «Центр-Содействие»-йы сæргълæууæг Гæбæраты Андрей куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм мадзæлттæн стыр нысаниуæг ис. Фыццаджыдæр, ам нæхимæ æрыгон мастертæн сæ профессионалон рæзтыл бандавы, базонгæ вæййынц бирæ ногдзинæдтимæ, профессийы сусæгдзинæдтæ сын раргом кæнынц. Дыккаджы та уый, æмæ ирон культурæ æмæ традицитимæ базонгæ вæййынц æндæр рæтты дæр æмæ цымыдис та бирæ адæм кæнынц. «Хорз уаид æмæ нæм арæхдæр куы цæуиккой ахæм номдзыд ирæттæ. Уый махæн стыр кад у. Стæй ма нæхи хъуамæ бæттæм нæ нацийы минæвæрттимæ, кæцытæ цæрынц Ирыстонæн æддейæ æмæ сты аккаг гоймæгтæ», – банысан кодта Гæбæраты Андрей.

Ӕмæ æцæгæйдæр цас аккаг æмæ размæцыд гоймæгтæ ис ирæттæй æндæр æмæ æндæр рæтты. Уыдонимæ хъæуы бастдзинæдтæ агурын, кæрæдзийыл нæхи хъуамæ бæттæм, цæмæй нын уа æнгомдзинад. Афтæмæй наци фидардæр кæны, размæ цæуы, æмæ нын знæгты ныхмæ дæр æнцондæр уыдзæнис фæлæууын.

ДЖИОТЫ Александр 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.