2014 азы 19 февралы Киевы æрцыд паддзахадон фæфæлдæхт

«Sputnik – Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры сарæзтой видеохид Сухум-Цхинвал-Донецк. Мадзал нысанмæздæхт уыд, Украинæйы паддзахадон фæфæлдæхтæй 10 азы кæй рацыд, цæмæн афтæ рауад æмæ йын цахæм фæстиуджытæ уыд, уымæ. Хайад дзы райстой Абхазы республикæйы президенты æддагон хъуыддæгты фæдыл уынаффæгæнæг Максим Гвинджия, РХИ-йы президенты администрацийы аналитикон управленийы хистæр Уазæгты Юри æмæ интернационалон бригадæ «Пятнашка»-йы командир Ахра Авидзба.

Хиды архайджыты  стенографиимæ уæ цыбыртæй зонгæ кæнæм

Максим Гвинджия: «Цæмæн æрцыд паддзахадон фæфæлдæхт? Куыд æй уыдтам, афтæмæй Украинæйы рагæй фæстæмæ уæвынад кодта национализм æмæ йæхи кæронмæ раргом кодта Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ. Фæлæ уый æнхъæл ничи уыд æмæ хъуыддаг мидæггагон хæсты расайдзæн.

2008 азы хæстон архæйдтыты фæстæ ныгуылæн бæстæтæ бамбæрстой, Кавказы фарсæрдыгæй сын масштабон хæстон архæйдтытæ расидын кæй нæ бантысдзæн. Æмæ уæд райдыдтой архайын Украинæйы фронты. Фыццаг бакæсгæйæ дæр бæрæг у, Украинæйы проект тынг æнгæс кæй у Гуырдзыстонимæ, æрмæстдæр йæ масштабтæ   егъаудæр сты.

Украинæ хицæн паддзахад куы ссис, уæд ын Советон Цæдисæй баззад бирæ фæллæйттæ. Фæлæ сæ цы спайда кодтой? Кæцæй фæзындысты украинаг олигархтæ? Бирæ азты дæргъы Украинæйы кодтой æрмæстдæр давыны куыст æмæ фылдæр кæмæн бантыст, уыдоны абон хонынц олигархтæ. Фыццаг райдыдтой заводтæ, фабрикæтæ æмæ æндæр ахæм объекттæ уæй кæнын. Стæй райдыдтой зæххытæ уæй кæнын ныгуылæн компанитæн. Фæстæдæр сæм уæййаг ницыуал уыд æмæ райдыдтой геополитикæ уæй кæнын. Ам сын уыд æрмæстдæр иу вариант – рацæуын Уæрæсейы ныхмæ æмæ ныгуылæн бæстæты интересты тыххæй сæ туг ныккалын. Куыд уынæм, афтæмæй сæ кураторты хæслæвæрдтæ æнтыстджынæй æххæст кæнынц.

Украинæ хорз бæстæ у, йæ цæрджыты фылдæр хай дæр тынг хорз сты. Æрмæст сыл стых сты националисттæ æмæ сæ фæсайдтой. Комкоммæ зæгъгæйæ, элитæтæ сæ ныууæй кодтой. «Куыд ис гæнæн æмæ  зæгъæм, Абхазмæ нæм кæцæйдæр Нуланд кæнæ æндæр политик æрцæуа, печенитæ нын байуара æмæ стæй æмзондæй ацæуæм цыдæр «диссаджы демократи» хъахъхъæнынмæ».

Ахра Авидзба: «2014 азы Киевы змæстытæ куы райдыдтой, уæд дзы Донбассы цæрджытæ хайад нæ истой. Фæлæ хæстон архæйдтытæ куы райдыдтой, уæд Донбассы 14-15-аздзыдтæ дæр сæ къухтæм райстой æхсæнгарз æмæ слæууыдысты иннæты æмрæнхъ сæ фыдæлты зæххытæ бахъахъхъæнынмæ.

Æз 2014 азы Донецкмæ куы æрцыдтæн, уæд дзы, комкоммæ зæгъгæйæ, федтон мæгуыр цæрæг адæм æмæ фырхъæздыг олигархты. Ахæм уавæрты æхсæнад бирæ рæстæг нæ хæссы æмæ уыцы паддзахадон фæфæлдæхт куы нæ уыдаид, уæддæр æхсæнады алыгъуызон змæстытæ æрцыдаид. Хъæздыджытæ æгæр кодтой æмæ мæ­гуыр адæмæн æнæрастгæ нæ уыд сæ ныхмæ. Ацы процесстæ Киевы æрцæугæ цаутæ фæтагъддæр кодтой.

Украинæ хицæн паддзахад куы ссис, уæд националистты хъуыд ног истори æрымысын. Сæ маргдзинад уыйбæрц уыд æмæ Уæрæсеимæ баст цыдæриддæр уыд, уыдон æппарын райдыдтой сæ историйæ æмæ дзы, куыд уынæм, афтæмæй рауад фашистон бæстæ, кæцы аргъæутты хуызы æхсæнады парахат кæны мæнг факттæ. Хуымæтæг æвзагыл дзургæйæ, постсоветон тыгъдады территоритыл цæрджытæн уыд дыууæ фæндаджы – Уæрæсемæ æмæ ныгуылæнмæ. Украинæ равзæрста ныгуылæн æмæ фæрæдыд, уымæн æмæ уым никæй хъæуынц, æрмæстдæр сæ пайда кæнынц сæ геополитикон интересты.

Украинæйы цæуæг хæстон архæйдтытæ банымайæн ис дунеон хæстыл. Уæрæсейы ныхмæ украинаг хæстон полигоны хæцынц, иууылкъаддæр, 34 бæстæйæ хæцынц, ома, финансон æгъдауæй, хæстон техникæйæ æмæ ма хæстонтæй дæр».

Уазæгты Юри: «Хæдбар Украинæйы политикон процесстыл райдианæй фæстæмæ къухдариуæг кодтой фæсарæнтæй, ома ныгуылæн бæстæтæй. Уымæ гæсгæ зын зæгъæн у, паддзахадон фæфæлдæхт ма æруадзынæн дзы цавæр гæнæнтæ уыд, уый.

Ныгуылæны раджы бамбæрстой, Уæрæсе Беларусы, Украинæйы æмæ Казахстаны цæрджытимæ хъæрмудæй куы цæра, уæд суыдзæн хъомысджындæр паддзахад. Уымæ гæсгæ ацы республикæты радыгай райдыдтой змæнтын. Беларусы æмæ сын Казахстаны ницы рауад, фæлæ Украинæйы æхсæнад æгæр хæццæ кæй уыд æмæ ма дзы йæ ныгуылæн хайы бирæ националисттæ æмæ фашисттæ кæй цæры, уымæ гæсгæ сæ къухты бафтыд паддзахадон фæфæлдæхт саразын. Куыд фæдзурынц, – «æмбонд кæм ныллæгдæр у, ууылты фæгæпп кæнынц».

Украинæйы ныгуылæн хай фыдæлтæй фæстæмæ къухæй-къухмæ цыд – куы Польшæйы уыд, куы Англисы дæлбар, куы иннæ сыхаг бæстæты сконды. Уымæ гæсæ йæ цæрджытæ æнцонтæй сразы сты Уæрæсейы ныхмæ рацæуынмæ æмæ уыцы хъуыды парахат кæнын райдыдтой иннæ территоритыл дæр. Ацы процесстæ райдыдтой 2004 азы хуызджын революцийы размæ. Уыцы азты æвæрд æрцыд ныры нацистон хæстон дæлхæйттæн, куыд «Азов» æмæ иннæтæ. Украинæйы разамынад ацы процесстæ кæд уыдта, уæддæр ницы мадзæлттæ истой сæ ныхмæ, ома разы уыдысты ахæм уагъд цæуæг политикæимæ.

Украинæйы ныгуылæн среализаци кодта проект «Антиуæрæсе». Ахæм æнгæс проектæн мах æвдисæн уыдыстæм Гуырдзыстоны дæр. АИШ Гуырдзыстоны уылты æндæвта Сомихстоныл, Азербайджаныл æмæ кавказаг республикæтыл. Гуырдзыстоны уылты финансон æмæ материалон фæрæзтæ, стæй ма æхсæнгарз цыдысты террористтæм, сепаратисттæм, оппозицимæ æмæ æндæр ахæм знагиуæггæнæг элементтæм. Гуырдзиаг «фæлтæрд революционертæ» уый фæстæ сæхи равдыстой Киргизийы, Белорусы æмæ фæстæдæр та Украинæйы. Гуырдзыстон егъау паддзахад нæу, йæ цæрджытæ дæр бирæнымæц не сты æмæ масштабон æгъдауæй Уæрæсейæн егъау зиæнттæ ракæнын йæ бон нæ уыд. 2008 азы хæстон архæйдтыты фæстæ «гуырдзиаг демократи» рохуаты аззад.

Украинæйы та змæстытæ расайдтой масштабон хæстон архæйдтытæ æмæ ам Уæрæсейæн фæзын.

Гуырдзиаг фашизмыл куы дзурæм, уæд Гуырдзыстоны нырма дæр бирæ ис хæстон хъуыдыйыл хæст адæм, тыхы фæрцы территоритæ байсынвæнд чи кæны, ахæмтæ. Гуырдзыстоны æхсæнады националистон хъуыдытæ нæ фæкъаддæр сты. Ног хæстон архæйдтытæ расидынæй сæ æрмæстдæр уромы уый, æмæ йæ зонынц, æнæмæнг аккаг ныхкъуырд кæй райсдзысты, æмæ сæ Саакашвилийы хъысмæт бавзарын никæй фæнды».

 Джиоты Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.