Æвæццæгæн, æй  алчидæр  фехъуыстаид, æрæджы Дæргъæвсы зындгонд историон цыртдзæвæн “Мæрдты горæт”-ы цы цау æрцыд, уый. Туристтæ зæппадзтæй райстой мæрдты стджытæ æмæ семæ сæ къамтæ фæистой, уый фæстæ сæ интернетмæ баппæрстой. Уый æгæрон маст равзæрын кодта ирон адæммæ. Куыд ис хъазæн уаз бынатæй? Мæрдты æнцойдзинад халын у стыр фыдракæнд. Сарæх сты æфхæрæн ныхæстæ, æртхъирæнтæ сæйраг аххосджыны номыл. Уый хатыр ракуырдта ирон адæмæй, загъта, нæ культурæ, нæ традицитæ нын кæй нæ зоны æмæ йын сæ кæй ничи бацамыдта.

Уыцы цауы фæстæ Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Къубалты Эльбрусы бардзырдмæ гæсгæ “Мæрдты горæт” æхгæд æрцыд. Ныр, республикæйы разамынды бирæ тæрхæтты фæстæ, ногæй байгом. Æрмæст дзы раздæрау сæрибарæй бацæуæн нал ис. Уæлмæрды алыварс ис хъахъхъæнджытæ, бахизæны стыр фæйнæгыл фыст цыбырæй ацы уаз бынаты истори, хи дзы куыд дарын хъæуы æмæ афтæ дарддæр. Йæ алфæмблай йын æвæрынц видеоцæстдарды камерæтæ. Туристты мидæмæ уадздзысты алы æрдæг сахат æрмæстдæр гидимæ. Гиды хæстæ уал æххæст кæндзысты историон-этнографион музейы кусджытæ.

 Цæгат Ирыстоны Туризмы комитеты сæргълæууæг Хъодзаты      Зауырбег куыд загъта, афтæмæй Дæргъæфсы некрополь у Ирыстоны туризмы сæйраг хай æмæ йын иуæй-иу æгæнонты тыххæй æхгæнæн нæй.

 Дæргъæвсы зындгонд цыртдзæвæн “Мæрдты горæт”-æн хъæздыг истори ис. 17 æнусы чи фæзынд, уыцы 95 зæппадзы ис дæс мины бæрц адæймаджы ныгæд нæ фыдæлтæй. Иуæй – иу таурæгътæм гæсгæ, уыдон уыдысты мыггæгты зæппадзтæ. Хæхбæсты емынæ куы сыстад, уæд адæмы ныгæнæг нал уыд æмæ сæхи къахæй цыдысты, раздæр кæй сарæзтой, уыцы зæппадзтæм æмæ уым æнхъæлмæ кастысты сæ мæлæтмæ. Иннæ таурæгътæм гæсгæ, уыдон уыдысты иумæйаг зæппадзтæ. Чи мард, уыдон се ‘ппæт дæр ныгæдтой уым. Куы-иу байдзаг, уæд-иу æй сæхгæдтой.

Ацы таурæгъты варианттæй растдæр кæцы у, уый уæлдай нæу. Сæйраг у нæ истори æвдисæг цыртдзæвæн кæй у, уый. Цалдæр æнусты сæрты нæм чи æрхæццæ, туристтæ разæнгардæй кæдæм цæуынц, уый хъæуы бахъахъхъæнын цыфæнды уавæрты дæр. Туристон фирмæты хæс у туристтимæ æм-барæн куыст кæнын æмæ ахæм бынæтты сæхи куыд дарой, ууыл сæ ахуыр кæнын.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.