Дзауы районы Кировы æмæ йæ алыварс хъæуты бирæ адæм цардысты. Уыдонæн сæ сывæллæттæ ахуыр кæнынмæ цыдысты Кировы астæуккаг скъоламæ. Уый уыд дыууæуæладзыгон егъау бæстыхай æмæ-иу йедзаг уыд ахуыргæнинæгтæй. Ахуыры æмрæнхъ уыдон цыдысты Культурæйы хæдзары æндæр æмæ æндæр хæдархайгæ къордтæм æмæ  сын  фадат уыдис аивады се ‘взыгъддзинæдтæ æргом кæнынæн. Ныр бирæбæрцæй афтæ нал у – уæззау дуг æмæ стыр зæххæнкъуыст амы цæрджытыл дæр йæ дæрзæг арм æруагъта æмæ бирæты бахъуыд æндæр æмæ æндæр рæттæм хуыздæр цардагур фæлидзын. Зынгæ фæкъаддæр сты ахуырдзау фæсивæд дæр. Скъолайы бæстыхай дæр раууатмæ æрцыд æмæ хъæуы арæзт æрцыд ног скъола.

Дуджы фыдæвзарæнтæм нæ кæсгæйæ, йæ архайд никуы æрлæууыд Культурæйы хæдзарæн дæр, кæд дзы нормалон куыст кæнынæн фадæттæ нæй, уæддæр. Йæ директорæй æз кусын ныр 45 азы. Архайынц нæм зарды, кафты, драмон æмæ æрыгон нывгæнджыты къордтæ. Уыдис ма нæм адæмон инструментты оркестр дæр, фæлæ нын инструменттæ кæй нал уыдис, уымæ гæсгæ йæ архайд ныкъуылымпы.

Цы кружоктæ нæм ис, уыдонимæ иууылдæр архайын мæхæдæг æмæ нын цы бантысы, уый адæмы рæгъмæ рахæссæм рæстæгæй-рæстæгмæ. Цæвиттон,  ивгъуыд азы Бородинойы тохыл 200 азы сæххæсты цытæн Цхинвалы аивæдты лицейы уагъд æрцыд æрыгон нывгæнджыты равдыст æмæ дзы хайад райста Кировы астæуккаг скъолайы  5-æм къласы ахуыргæнинаг Джиоты Къоста. Йæ нывтæй 2 та æрвыст æрцыд Мæскуымæ. Цхинвалы Сывæллæтты сфæлдыстады  галуаны уагъдцæуæг конкурс «Цвети, моя Осетия»-йы та йын лæвæрд æрцыд I-аг къæпхæны диплом.

Æвдыстам концерттæ ам бынаты, хайад истам бæрæгбонон мадзæлтты, организаци кодтам фембæлдтытæ.

Аивгъуыйгæ азы равдыстам концерттæ Чырыстийы райгуырды цытæн, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны, Сылгоймæгты дунеон боны, Уалдзæг æмæ фæллойы боны, Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны, Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны цытæн. Джиоты Къоста хайад иста Уæрæсейы хуссар хайы нывгæнджыты симпозиумы, кæцы уагъд цыдис Цхинвалы. Афтæ ма хайад райста Цхинвалы уагъдцæуæг конкурс «Весь мир – театр»-ы æмæ йын хуыздæр нæлгоймаджы сæххæст кæныны тыххæй роль лæвæрд æрцыд сæрмагонд приз.

Фембæлдтытæ сорганизаци кодтам Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Хуыгаты Суренимæ, Кировы астæуккаг скъолайы раздæры ахуыргæнæг Биазырты Любæ æмæ Къуайсайы рынчындоны сæйраг дохтыр Хуыгаты Ульянæимæ.

Хайад ма дзы райстой Наниты Фатимæ, Наниты Алинæ æмæ Наниты Азæмæт. Азы кæрон та равдыстам бæрæгбонон концерт Кировы хъæуы.

Культурæйы хæдзар конд у дыууæ чысыл хатæнæй. Сæ иуы сты рагон ирон дзаумæттæ æмæ мигæнæнтæ, хæрд-гæбыдтæ æмæ æрыгон нывгæнджыты куыстытæ. Иннæ хатæн дæр у къуындæг. Мæ куысты фылдæр хай кæнын скъолайы бæстыхайы.

Музыкалон инструменттæй нæм ис бæрцæй иу фæндыр æмæ гуымсæг. Ис ма нæм, чи не скуыста, ахæм музыкалон центр – районы культурæйы хайадæй йæ æрбаластой. Афтæ ма 1  стол æмæ 1  бандон. Уыдон сты нæ «исад». Нæй мын пец рагæй фæстæмæ, нæй дзы, æгæрыстæмæй, рухс дæр. Зымæг хæххон клубы куыд ис бадæн уазалы?

Нæй нын националон дарæс дæр, рагæй фæстæмæ  пайда кæнæм, Цхинвалы аивæдты лицейы чи нал хъуыдис, уыцы зæронд дарæсæй.

Конкурстæм, фестивалтæм, кæнæ исты ахæм бæрæгбонтæм цæуынæн нæ куы бахъæуы, уæд ацæуæм æххуырсгæ транспортыл.

Культурæйы хæдзармæ æмбæлон хъусдард здæхт куы ‘рцæуид, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, куыст бирæ фæрæвдздæр уаид.

Ныфс нæ ис, нæ районы ног разамынад нын нæ уавæрмæ йæ хъус кæй æрдардзæн æмæ нын кæй баххуыс кæндзæн.

Танделаты Луизæ,

 Кировы хъæуы  Культурæйы хæдзары директор

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.