НОГ ÆМДЗÆВГÆТÆ, ÆНДÆР АВТОРТЫ

МОТИВТÆ, СÆРИБАР ТÆЛМАЦТÆ

* * *

Æвзонгæй зæрондмæ ныфсытæ фæхастон

мæ уды рæбыны. Ныр дæр ма хæссын.

Цыппарыссæдз азы æнхъæлмæ фæкастæн

кæмæдæр, цæмæдæр. Ныр дæр ма кæсын.

Ныр дæр ма кæсын æмæ дисæй мæлын:

цыппарыссæдз азыл куыд ахæссыд фын!

2019.13.06

 

* * *

Циу адæймаг? Уæрæх денджызы – уылæн.

Куы сысты уад, ыслæууы уæд уырдыг.

Дзыназгæ-ниугæ бахæссы йæ урс сæр

быгъдæг былмæ, йæ дзæхст фæцæуы хуыртыл.

 

Циу адæймаг? Æгæрон фурды – сау мал,

æрдæгфынæй, йæ мидæг та – хæйрæг.

Лæууы æдзæмæй, царды хъæр нæ хаты.

Йæ уæлцъар – ирд, хуыдалынг та – йæ бын.

2019.11.06

 

ФЫДÆНХЪÆЛ

Фыдæнхъæл, нæ мæ кæныс рох:

куы ссудзы рæстдзинадыл тох, –

мæн æмæ фæлитой æмгарæн

сæ астæу æрæвæрыс арæн.

2019.02.01

 

* * *

Æз амондджын дæн: ис ма мын æмгæрттæ

дыууæ – æнгæстæ, фаззæттæ, æмнæмттæ.

Кæрæдзийæ нæ цух кодтам æппындæр.

Сæ ном та – Тас: мæ риуы сæ хæссын.

Тæрсын мæлæтæй, цардæй дæр тæрсын.

Цы йæ ‘мбæхсон: цæрыны тас – тыхджындæр.

2019

 

ЗНÆГТÆ

Знæгтæ мын кæй ис, уый мын æхсызгон у.

Албин Цоллингер

Табу Хуыцауæн: ис мæнæн ызнæгтæ.

Æгайтма ис. Нæ сæм дæн æз фыдæх.

Куыд хорз кусынц сæ разагъды æвзæгтæ! –

фыдгойтæ, даутæ, каколатæ – хæрх.

 

Нæ дæн сæ хуызæн – уый у, уый сæ марæг!

Кæнынц, кæлмытау, тар къуымты сыф-сыф.

Ысхиз, мæ хур, дæ цъымарайæ, саулæг.

Цы мыл æппарыс уæлбылмæ дæ цъыф?

 

Куы йæ уыныс, нæу ницыхъом дæ «гаппар»,

дæхи сæрыл куы фæцæуы йæ тъæпп.

Дæу хуызæн æз нæ уыдзынæн, о, бамбар!

Цы дыл æрцыд – мæстæй куы хауыс тъæпп?..

 

Табу Хуыцауæн: ис мын, ис ызнæгтæ, –

рæстырдæм мын фæамонынц фæндæгтæ.

2019.25.03

 

 

ÆНАФОНЫ ФЫСТ РÆНХЪЫТÆ

 

Мæ уд ныккука. Уæнгты тых ныссаст.

Мæ бæллицтæн фæхауд сæ хал, сæ бæндæн.

Кæмдæр дзæгъæлæй баззади мæ уарзт.

Мæ фæйнæфæрсты – Рохуаты сæрсæфæн.

 

О иунæджы бон… Агурын ма ныфс, –

нæ йæ арын. Цы иблис æй фæхаста?

Адзалмæ сидын, курын дзы æххуыс.

Мæ тæссонд уд куырмæджы цыдæй бастад.

 

Нæ хъæуын ам. Цæнгæтныхты фæуæд

нæ маргхъæстæ зæхх, ацæуæд сæ хъуыры!

Адамы æмæ Евæйы цæуæт

хъæддаг сырдтæй хуыздæр зонынц ныхъуырын.

2019.09.05.

 

ОДÆ

 

(Сафойы мотив)

Дæ хæдфарсмæ æрцæр – бæллын, кæнын тæхуды,

дæ ныхæстæм дын хъус зæрдæрухсæй, æмырæй!

Æнæсыбырттæй ахс дæ сусæг цин, дæ худын,

æрвон дуне у уый, уым бафсис нæй цæрынæй…

 

Ныр сæххæст и мæ фæнд – æмбисонд у дæ уацар.

Кæдæм лидза мæ уд, куы бахауди бæллæхы? –

Æваст мыл сирвæзт арт, цæвиттон, азар, азар…

Кæм агурон бынат, цы арвыл, йе цы зæххыл?

 

Мæ алывæрсты – тар, мылазон тар, æгæрон.

Нæ хъусын ницы æз, нæ ахсын дзырдтæн се ‘взаг.

Куы не ‘мбарын мæхи дæр, цы хос и уæд, цы кæнон?

Мæ уавæры куы фæуид дæ балгъитæг, йе де знаг!

2016.13.07

 

ЛОПЕ ДЕ ВЕГАЙЫ СОНЕТ

Дæ мæнг æрттывд нæ афæливы, цард.

Ныддæвдæг вæййæм уæлдæфыл фæстаг бон:

тæхудидæгæй, иуцъус-ма дзы ратон!

Цæмæн у уагæр афтæ ‘хцон йæ ад?

 

…Сырх дидинæг сæнтурс митыл ныссалд,

фæхаста уад дзывылдарæн йæ ахстон.

Æрцæуы æрдзы алæцæмæн дæр афон,

уæддæр нæ ныфс нæ фæлæууы æнцад.

 

Дыууæ тыхы ма скатай вæййынц риуы:

сæ иу тырны дæлдзæхбæстæм, бынмæ,

у иннæйы ‘ргом иудадзыг хæрдмæ.

 

Нæ хатын æз, фæрнæйдзагдæр сæ чи у:

мæ къодах куры сау Зæххæн йæ тарф,

хъæуы мæ уды Хуры бæстæ – Арв.

2019.13.07

 

АЙДÆНМÆ

(Борхесмæ гæсгæ)

Хуыцауы налат, хивæндты цыфыддæр,

мæ хæрз æфсымæр, хинты хин, кæлæн,

хуызыцæуæг, цы бафтыдтæ мæ фæдыл?

Мæ алы ми, мæ цæстæнгас фæзмыс.

Куы авг вæййыс, куы цъай кæнæ та мал.

О, незамантæй абонмæ сæ хуызтæ

кæмæнфæнды, цæмæнфæнды дæр истай,

сæ халдихтæ дæ рæбыны нывæрдтай.

Дæ азарæй, дæ кæлæнтæй, дæлимон,

тъымы-тъыматæм алидзæн дæр нæй.

Кæмæй райстай æвиллон тыхтæ, хъомыс,

куы нæуал цæуынц арвы бын дæ зæйц?

Æз ацæудзынæн. Ды дæ куыст кæндзынæ,

дæ рагон куыст: æфтауц, æфтауц, æфтауц.

2019.11.05

 

ÆГАС МÆРДТÆ

(Норжы мотивыл)

 

Ис ахæмтæ: мард ысты рагæй,

æрмæст æй сæхæдæг нæ хатынц.

Сты ифтонг æфсæртæй, æвзагæй –

ызмæлынц, хæрынц æмæ зарынц.

 

Мæ хæлар, бæстондæр-ма басмуд –

дæ фæйнæфарс зилы цыдæртæ.

Æнхъæлыс: дæ цуры – æгас уд,

дæ фындзыл та уайы сымæр тæф.

 

Æмбарын æй: нал дæ дæ чемы –

æгас мардыл амбæлдтæ азæр,

ныхæстæ дæр акодтай йемæ:

æцæг мардæй ахæм – тæссагдæр.

 

Нæ хъæуы æгас мардмæ дзурын,

мæ хæлар, кæсгæ дæр æм ма кæн.

Ис иунæг хос уымæн йæ маргæн:

цыппæрвадæй лидзгæ йæ цурæй!

2019.02.01

 

УТӔХСӔН

(Пейо Яворовӕй)

Мӕ удыл та ӕртыхсти мӕт:

ӕрбайсӕфт фӕндагӕн йӕ фӕд,

нӕ зыны, раздӕрау, йӕ кӕрон.

 

Мӕ цӕст ӕрвгӕрӕттыл хӕссын

ӕмӕ тыхсын ӕмӕ тӕрсын:

Нӕ уынын разӕй дӕр хуыздӕр бон…

2019.23.07

 

 

* * *

Уыд бон æгасæй хуры бар: зынгцæстæй

фæкаст, йæ рухсæй сфидыдта нæ зæхх.

Изæрырдæм æрбахъулæттæ бæстæ,

æрбатар арв, æрбайсæфтис йæ цъæх.

 

Æртардта уад фæлдурæджджынау сонтæй

йæ мигъæрдонгтæ, байцайдагъ и тох:

нымгуытау ихтæ тахтысты бæрзондæй,

цыма æрцыд нæ дунемæ фыдох.

 

Ныр банцадысты знæт мигътæ нæрынæй.

Сæна æрзынд, йæ рындз гæзæмæ – бур.

Арв бафæллади уадимæ хæцынæй

æмæ æрхауд йæ армыдзыхъхъæй хур.

2019.13.04

 

Кристинæ Хайдеккер

 

ИУНÆГ

Куы срæдувис æд уидæгтæ дæ зæрдæ,

дæ армы йæ, тыбар-тыбур кæнгæйæ,

куы бадарис ыстонг мæргътæн хæрынмæ,

уæд дæ хъуыды дæр ничи ‘ркæнид.

Ничи!

 

Егъау дунейы иунæг дæ, хæрз иунæг…

2019.24.04

 

ГÆДЫЙЫ КЪАХ

 

Гæдыйы къах цыбыр уыди кæддæр.

Фæлæ йын лæг æвдадзы хос ыссардта,

æмæ дын къах дæр рæзынмæ фæгæрз:

æфтыдис ыл æрвылæхсæв уылынг,

æрвылбон дисны… Мингай азтæ рацыд.

Ныддаргъ и къах. О, афтæ тынг ныддаргъ:

Гренландийæ Тасманимæ йын – бонцау,

Чукоткæйæ Ла-Маншмæ дæр ын – бонцау,

Цæгат полюсæй ХАРмæ дæр ын – бонцау.

Æмæ кæны Зæххы цъарыл йæ кæнон –

æнæджелбетт, æнæчетар, æгæнон.

Лæгæрды, ссæнды дзыллæты йæ быны.

Мæнг ныхас у: «Гæдыйы къах – цыбыр», –

нæ удты нын йæ дзæрныхтæ ныссадзы

æмæ нæ арæм ирвæзынæн хос.

2019.02.03

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.