Адæймаджы сгуыхтдзинад æмæ æнтыст æхсызгон вæййы зæрдæйæн, фæлæ уæддæр иууыл тынгдæр фæцин кæнæм æввахс адæймаджы раппæлинаг хъуыддæгтыл. Къостайыхъæу рагæй фæстæмæ дæр æвидигæ у йæ фæрнджын æмæ хорздзинæдтæм тырнæг æмбæстæгтæй, уыдон скад кодтой æмæ абоны бон дæр кад æмæ ном кæнынц сæ райгуырæн хъæу æмæ се ‘мзæххонтæн. Æмæ цас æхсызгондзинад банкъарæм, уыдон хорздзинæдтæ куы фехъусæм, уæд.

Йæ иубæстон адæмæн æппæт йæ царды дæргъы лæггад кæнынæй чи не ‘фсæст, уыдоны нымæцмæ хауд ацы хъæуæй рацæугæ Медойты Леонид дæр. Уый райгуырд 1913 азы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Астæуккаг ахуырад куы райста, уæд зонындзинæдтæм тырнæг лæппу йæ ахуыр адарддæр кодта рабфачы æмæ уый дæр каст фæци æнтысгæйæ.

Фæстæдæр æрлæууыд ахуыргæнæг-хъомылгæнæджы фæндагыл æмæ йæ зонындзинæдтæ рæдауæй амыдта кæстæртæн Знауыры районы скъолатæй иуы. Фæлæ Медойы фыртмæ уыцы зонындзинæдтæ фаг нæ фæкастысты, йæ зæрдæ йæм дзырдта, цæмæй адарддæр кодтаид йæ ахуыр æмæ йын уый æнтысгæ дæр бакодта. 1937 азы Медойты Леонид ахуыр кæнын райдыдта Днепропетровскы хæххон-металлургон институты æмæ йæ уагахаст æмæ æвзыгъддзинадæй цæвиттойнаг уыд æндæртæн. 1942 азы йæ ахуыр куы фæуд кодта, растдæр уыцы рæстæджы нæ Райгуырæн бæстæ уыд хæсты тæккæ цæхæры. Медойты æвзонг лæппу фæцыд тохы быдырмæ. Уæлдæр ахуыргæнæндоны фæстаг курсы йæ цард баиу кодта йе ‘мкурсон Беляева Ольгæимæ æмæ йын хæрзбон загъта йæ каисты хæдзары.

Медойы фырт хъæбатырæй бæргæ тох кодта знаджы ныхмæ, фæлæ иу ахæмы фæци уæззау цæф æмæ йын хос кодтой госпиталы. Æрмæстдæр 1945 азы сдзæбæх æмæ йæ нал бахъуыд тох кæныны сæр. Фæцыд Воронежмæ, агуырдта йæ каисты, йе ‘мкъайы, фæлæ сын сæ хæдзары фæд дæр нал ссардта, би-нонтæ дæр æбæрæг сæфт фæкодтой. Бирæ агурыны фæстæ æнкъардæй æрыздæхт йæ райгуырæн Къостайыхъæумæ æмæ аныгъуылд сабырадон царды. Кусын райдыдта Ленингоры районы скъолатæй иуы, уым базонгæ скъолайы директор Корбесашвили Тамарæимæ æмæ 1946 азы цæрынмæ ацыдысты Цæгат Ирыстоны Сунжæйы хъæумæ.

Райдианы Медойы фырт уыд бынæттон колхозы цæгдар, дыккаг аз та йæ колхозонтæ сæхицæн равзæрстой хæдзарады сæрдарæй. Æмæ нæ фæрæдыдысты: Буденныйы номыл фæстæзад колхоз сындæггай-сындæггай рацыд раззагдæрты рæнхъмæ. 1950 азы колхоз республикæйы хæдзарадты ‘хсæн бацахста фыццаг бынат æмæ йын лæвæрд æрцыд Цæугæ Сырх тырыса, колхозы сæрдар Медойы фырт та хорзæхджын æрцыд Фæллойадон Сырх Тырысайы орденæй. Колхоз æмæ йæ разамонджыты тыххæй ист æрцыд документалон киноныв дæр.

Леонид æмæ йе ‘мкъай амондджынæй хъомыл кодтой се ‘ртæ фырт æмæ иу чызджы. Фæлæ уæдмæ бинонтæм фæуазæг, хæсты азарæй сæфт кæй æнхъæлдта, уый – йæ раздæры бинойнаг Беляева Ольга æд фырт. Хъуыддаг уый мидæг уыд, æмæ Леониды фæллойадон æнтыстытæ æрыхъуыста сылгоймаг æмæ рацыд йæ бæрæггæнæг. Уæддæр æмæ уæддæр фыццаг æмкъаймæ фæуæлахиз уарзондзинад æмæ уыимæ цæрынмæ фæцыдысты Киевмæ.

Адæймаг куыстахуыр куы уа, уæд æм зын кæсы æнæхъуаджы бадын æмæ Медойы фырт бахатыд райкоммæ, цæмæй йæ арвыстаиккой иууыл фæстæзаддæр хæдзарадмæ. Æмæ та ам дæр фæбæрæг ирон куыстуарзаг адæймаджы организаторон курдиат – тагъд рæстæджы рацыд раззагдæрты рæнхъмæ. Иу афæдзмæ хæдзарад фестырдæр – æрбаиу æм кодтой ноджыдæр æртæ хæдзарады, фæлæ колхоз уæддæр бахъахъхъæдта Ватутины номыл колхозы ном. Хæдзарад сæйраджыдæр кодта халсæрттæ æмæ æхсыры куыст, уымæ гæсгæ Леонид йæ зонындзинæдтæ фæхуыздæр кæныныл куыста, касти хъæуæг литературæ æмæ тагъд рæстæгмæ хæдзарад Цæдисы ссис раззагон. 1962 азы Ватутины номыл совхоз Киевы областы хæдзарадты ‘хсæн бацахста фыццаг бынат. Хорзæхджын æрцыд Фæллойадон Сырх Тырысайы орденæн.

1964 азы Медойы фырт слæууыд æндæр фæстæзад хæдзарады сæргъ æмæ иу азы фæстæ районы рахызт фыццаг бынатмæ. Ацы хæдзарады та бафæллой кодта 1979 азмæ. Медойы фырт ма куыста æндæр бынæтты дæр æмæ йæ фæллойадон архайд бакодта 1982 азы онг.

Йæ фæстæ хорз фæд чи ныууагъта, уыцы куыстуарзаг æмæ йæ радтæг адæмы иузæрдион хъæбул цардæй ахицæн 2002 азы 23 ноябры.

                                                                                       ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.