ÆМХÆЦЦÆ ÆМБУАРХÆСТ

 Ленингоры районы Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуырдзау Болататы Вадим сыгъзæрин майдан рамбылдта æмхæццæ æмбуархæстæй (ММА) æппæтуæрæсейон турниры. Ерыстæ уагъд цыдысты Анапайы. Вадим архайдта 65 кг уæзы категорийы. Уый акодта 4 тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр бæрæг тыхджындæр уыд йæ ныхмæлæуджытæй. Ацы хабарыл уæлдай æхсызгонæйдæр сæмбæлдысты  Цъинагары астæуккаг скъолайы.

«Вадим æвзыгъд у спорты бирæ хуызтæм. Алы хатт дæр вæййы хорз физикон формæйы. Уымæ гæсгæ мæ дисы нæ баппæрста, ахæм ерысты кæй фæуæлахиз, уый тыххæй», – банысан кодта Цъинагары астæуккаг скъолайы физикон хъомылады ахуыргæнæг Бестауты Эмзар.

Ацы æнтысты фæрцы Вадим бар райста æвзæнгты ‘хсæн дунейы чемпионаты хайад райсын, кæцы уагъд цæудзæн ноябры Италийы.

ДЗЮДО

 Ирон дзюдоисттæ цыппар майданы рамбылдтой Бакуйы уагъдцæуæг дунеон турниры. Ерысты хайад райстой 15 бæстæйæ 2000-2003 азы гуырд спортсментæ. Ирыстоны дзюдойы скъолайы хъомылгæнинæгтæй сыгъзæрин майдан рамбылдта Тотраты Азæмæт (100 кг). Æвзист призер ссис Темырхъанты Эрик (81 кг) æмæ æртыккаг бынæттæ та бацахстой Голоты Сæрмæт (73 кг) æмæ Къадзты Арсен (+90 кг). 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Олимпиаг хъæзтыты чемпион Рæмонты Сослан хайад райсдзæн Ахмат Кадыровы номарæн дунеон турниры. Уæгъдибар хъæбысхæстæй ерыстæ уагъд æрцæудзысты горæт Грознæйы, цыран мысдзысты Цæцæны республикæйы фыццаг президент Ахмат Кадыровы ном. Грознæмæ æрцæудзысты дунейы 25 бæстæйы богалтæ. Сæ тыхтæ дзы фæлвардзысты Азербайджан, Сомихстон, Белорусси, Болгари, Китай, Куба, Чехи, Герман, Гуырдзыстон, Венгри, Иран, Япони, Казахстан, Хъыргъызтан, Молдави, Монголи, Польшæ, Румыни, Словаки, Словени, Турк, Корея, Украинæ, Узбекистан æмæ АИШ-ы минæвæрттæ. 

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» 14-æм туры абон, 19 октябры, фембæлдзæн Новокубанскы «Биолог»-имæ. Фæлæ уыцы рæстæджы командæйы алыварс райдыдтой цæуын алыгъуызон дам-думтæ, зæгъгæ, командæйы президенты бынатæй  цæуы Гæбулты Владимир. Ацы информацийы аххосаг уыд уый, æмæ командæйы хицау Гуыриаты Данил йæ бынатæй кæй систа генералон директор Айлæрты Амзоры. Ацы дам-думты тыххæй командæ сарæзта хъусынгæнинаг. Фыццаг рады Гуыриаты Данил куыд фехъусын кодта, афтæмæй командæйы къухдариуæгады  ивындзинæдтæ кæй æрцыд, уыцы хъуыддаг нæ бандавдзæн клубæн финанстæ ра-хицæн кæныны хъуыддагыл æмæ йæ разы лæууæг хæстæ ист кæй нæ цæуынц, ууыл. 

Клубы табугæнджытæн ма хъусинаг сарæзта Гæбулты Владимир дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй цæттæ у командæйы президенты бынаты йæ куыст адарддæр кæнынмæ. Æмæ дарддæр дæр архайдзысты командæ-йы раз æвæрд хæстæ сæххæст кæныныл.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.