Цытджын Алан Эдуарды фырт!

Айс иууыл зæрдиагдæр арфæтæ æрбалæугæ Ног аз æмæ Чырыстийы райгуырды ирд бæрæгбоны цытæн.

Нæ бæстæты ’хсæн ахастытæ рæзынц. Æххæст цæуынц Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæн программæтæ.

Ныфс мæ ис, 2023 азы мах активонæй кæй уæрæх кæндзыстæм дыууæварсон ахастытæ æппæт фадгуыты, не ’фсымæрон адæмты хæрзиуæгæн, Фæскавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинад сфидар кæныны интерестæн.

Мæ цæст дын уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, æнтыстытæ, Хуссар Ирыстоны æппæт æмбæстæтгæн та — сабырад æмæ фæрныгад.

***

Æрбалæугæ Ног аз æмæ Чырыстийы райгуырды ирд бæрæгбоны цытæн Президент Гаглойты Аланæн ма раарфæ кодтой: УФ-йы Хицауады сæрдар Михаил Мишустин, УФ-йы Федералон æмбырды федерацийы советы сæрдар Валентина Матвиенко.