Владимир Путинæн
Цытджын Владимир Владимиры фырт!
Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын æрбалæугæ ног, 2023 аз æмæ Чырыстийы райгуырды ирд бæрæгбоны цытæн.
Аивгъуыйгæ аз йедзаг уыд бæстæйæн ахсджиаг цаутæ æмæ зын фæлварæнтæй, уæлдай историон æмæ хъысмæтхæссæг уынаффæтæй, æрбангом кодта уæрæсейæгты æмæ æм-бæстæгты. Афтæмæй адæмы æнгомдзинад æмæ иудзинад суыдзæн уæлахизтæ æмæ стратегион æнтыстыты бындур.
2023 æрбалæугæ аз Хуссар Ирыстоны адæмы уырны, Уæрæсейы кæй уыдзæн иттæг хорз ивындзинæдтæ. Ныфс нæ ис, Ног азы Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы ’хсæн дыууæварсон ахастытæ кæй райсдзысты динамикон рæзт æмæ фидар кæндзысты æмгуыстад æмæ интеграцийы здæхты.
Мæ зæрдæ дын зæгъы, цытджын Владимир Владимиры фырт фидар æнæниздзинад, ног æнтыстытæ, Уæрæсейы Федерацийы æппæт цæрджытæн та — сабырад, фæрныгад æмæ дидинæфтыд.