Сергей Лавровы раныхасы фæстæ цавддурау фесты знæгтæ

Горæт Нью-Йоркы 19-æм сентябрæй 26-æм сентябрмæ уагъд æрцыд ИНО-йы Генералон Ассамблейы 78-æм сесси. Владимир Путин уæрæсейаг делегацийы сæргъæй сфидар кодта Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы. Кæд æмæ ныгуылæйнаг бæстæтæ Уæрæсейæн рахастой бирæнымæц санкцитæ æмæ уымæ гæсгæ æнхъæлынц, ома сты изоляцийы, семæ фембæлын æмæ хъуыддæгтæ скъуыддзаг кæнын никæй фæнды, уæд та радон хатт сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты. Сергей Лавровæн пъланмæ хаст уыд 20 фембæлды бæрц, фæлæ фæстæдæр сæ нымæц ахызт 30-æй.

Радон хатт та Нью-Йоркмæ ацæуыны рæстæджы уæрæсейаг делегаци сæмбæлд къуылымпыдзинæдтыл – визæтæ сын радтой тæккæдæр балцы цæуыны бон. Ацы аз апрелы мæйы уæрæсейаг делегацийы уæнгтæй алкæмæн нæ радтой визæтæ, журналисттæй та бынтондæр никæмæн. Ныр дæр тæссаг уыд АИШ-ы хынджылæггаг митæй æмæ Уæрæсейы къухдариуæгад, уавæр хынцгæйæ, бартхъирæн кодта, ома визæтæ нæ ратдзыстут æмæ Эван Гершковичы уæ цæстæй нал фендзыстут. Гершкович та у америкæйаг журналист, ацы аз æй марты мæйы Екатеринбургы æрцахстой шпионажы тыххæй. Уæрæсе рагæй домы, цæмæй ИНО-йы штаб-квартирæ рахæссой горæт Нью-Йоркæй æндæр бæстæмæ, цæмæй АИШ-æн искæмæй хынджылæг кæныны фадат мауал уа.

Зындзинæдтæ бавзæрстой балцы рæстæджы дæр. Уæрæсейаг хæдтæхджытæн санкциты фæстиуæгæн Европæйы сæрты тæхыны бар нæй æмæ делегацийы балцы рæстæг адаргъ 9 сахатæй 13 сахатмæ, ома цыппар сахаты фылдæр.

20 сентябры Украинæйы конфликты фæдыл ИНО-йы Æдасдзинады советæн уыд рабадт æмæ йæм æрхуыдтой конфликты хайадисджыты дæр. Журналистты цымыдис кодта, ома, Лавров æмæ Зеленский иумæ æрбаддзысты æви нæ. Лавров рабадтмæ байрæджы кодта, Зеленский та уæдмæ раныхас кодта. Чизоны барæй афтæ сарæзта Лавров, цæмæй Зеленскиимæ радон хатт ма фембæлдаид.

Америкæйы дæлдзинаг Зеленский йæ раныхасы ногæй ницы загъта – домдта та, цæмæй Уæрæсе йе ‘фсад ракæна æрмæст Донбассæй нæ, фæлæ ма Хъырымæй дæр, ома арæнтæ уой, 1991 азмæ куыд уыдысты, афтæ. Уымæй уæлдай ма бахатыд, цæмæй ИНО-йы Уæрæсейæ байсой ветойы бар. Зеленскийы фæстæ чи раныхас кодта, уыдон иууылдæр æмхъæлæсæй Киеваг фашистон режимы сæрыл рахæцыдысты æмæ Уæрæсейы радон хатт рахуыдтой «агрессор». Фæлæ дзы иу докладгæнæг дæр тугкалæн хæст æрлæууын кæныны мадзæлтты кой нæ ракодта. Лавров бацыд тæккæдæр АИШ-ы минæвар Энтони Блинкены доклады рæстæджы æмæ йын йæ фæстæ ныхасы бар радтой.

Лавровмæ æрæмбыруæвджытæ иууылдæр хъуыстой лæмбынæг, æрмæстдæр украинаг минæвар барæй смартфонæй хъазыд. Лавров куыддæр дзурын райдыдта, афтæ Зеленский федтæдуар ис. Лавров цыбыртæй радзырдта Украинæйы кризисон цауты аххосæгты тыххæй, проблемæты сæйраг ратæдзæнтыл, 2004 азæй фæстæмæ Вашингтон украинæгты цагъайрæгты бынаты кæй сæ-вæрдта æмæ сæ кæй цæгъдын кæны æнæхъуаджы Уæрæ-сейы ныхмæ хæстон архæйдтыты, уыдæттыл. Ныгуылæн бæстæтæ æмæ сæ сателлиттæ ацы факттæ æмбæхсынц дунейы æхсæнадæй, ныгуылæн бæстæтæ никæй уадзынц сæ фæлитой миты кой кæнын, карзæй æфхæрынц рæстдзинад дзурджыты. Лавров комкоммæ бафарста Блинкены, ома кæд афтæ тынг тыхсут Украинæйыл, фæнды уæ фидыдады бадзырдтыл бакусын, уæд цæмæннæ «дæттут командæ» уæ дæлбар киеваг режимæн æрминæвар кæныны тыххæй?

«Мах кæддæриддæр цæттæ стæм фидыдады бадзырдтæм, фæлæ сайд хъуыддæгтыл разы нал стæм», – загъта уæрæсейаг дипломат.

Кæд æмæ ма Лавровы фæстæ дзæвгар докладгæнджытæ уыдис, уæддæр æрæмбыруæвджыты фылдæр хай рацыдысты. Æвæццæгæн сæ цымыдис кодта æрмæстдæр Лавровы раныхас.

ИНО-йы Генералон Ассамблейы рабадты, 23 сентябры Лавров раныхас кодта дунейы сæвзæргæ уавæры фæдыл, æдасдзинады проблемæтыл æмæ сæ аскъуыддзаг кæныны мадзæлттыл. Æрæмбыруæвджытæн хуымæтæг æвзагæй бамбарын кодта, ныридæгæн дунейы æхсæнадæн куыд тæссаг у, куыд цæуынц кардиналон ивындзинæдтæ, кæцытæ бындуронæй бандавдзысты дзыллæты фидæныл.

«Абоны бон æвзарæм нæ фидæн æмæ нын ис æрмæстдæр дыууæ фæндаджы. Фыццаг фæндагыл ацæугæйæ нæ хицау уыдзæнис иу гегемон æмæ цæрдзыстæм æрмæстдæр йæ фæндиæгтæм гæсгæ. Дыккаг фæндаг та у демократон, рæстдзинадыл хæст дуне, кæцыйы бынат нæй шантажæн, неонацизмæн æмæ неоколониализмæн. Уæрæсе фидарæй равзæрста дыккаг фæндаг æмæ не ‘мцæдисонтимæ, нæ парт-нертимæ, не ‘мзондыл хæст бæстæтимæ араздзыстæм нæ хъуыддæгтæ. Сæдæ азты дæргъы ныгуылæн бæстæтæ бухъ цард кодтой Азийы, Африкæйы æмæ Латинаг Америкæйы ресурсты фæрцы. Ныр уыцы рæстæджытæ фесты, ныллæууыд рæстдзинады дуг. Вашингтоны фæнды, цæмæй æгас дуне йæ дæлбар бакæна, фæлæ дзæвгар хæдбар бæстæтæ семæ разы не сты», – банысан кодта Сергей Лавров.

Лавровы ныхæстæм гæсгæ ныгуылæн бæстæты разамонджытæ дипломатийы бæсты æппынæдзух пайда кæнынц æнæзакъонон санкцитæй куыд политикæйы, афтæ ма экономикæйы, культурæйы, спорты, информацион тыгъдады. «ИНО-йы хъæуы бахъахъхъæнын. Ацы организацийæн йæ репутаци цæмæй йæ гаччы сбада, æууæнкджын дискусситæ дзы цæуа фидæны æппæт паддзахадты пайдайæн, уый тыххæй йæ асыгъдæг кæнын хъæуы конфронтацийæ. Референдум рагæй фæстæмæ нымад у иууыл демократондæр къахдзæфыл. Фæлæ абоны бон ныгуылæн бæстæтæ ацы бындурон принциптæ ницæуыл уал нымайынц, æрмæстдæр ма сæ уд радтой хуызджын революцитæ аразынмæ».

Кæронбæттæны Лавров цитатæйы хуызы æрхаста ИНО-йы дыккæгæм Генералон секретарь Даг Хаммаршельды ныхæстæ – «Дзыллæтты дзæнæтмæ бакæныны тыххæй не ‘рцыд арæзт ИНО, фæлæ йæ сарæзтой зындонмæ ма бахауыны нысанæн».

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.